Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, йæ хæдивæг — Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ Уæрæсейы Федерацийы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знаур хайад райстой горæт Мæскуыйы Кулишкаты Мады Майрæмы аргъуаны саргъуыды æмæ Хуыцаумæ бакуывды литургийы. Ауагъта йæ Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирилл 27-æм ноябры.

Литургийы райдианы аргъуыд æрцыдысты аргъуаны æртæ престолы реставрацийы фæстæ; централон — Мады Майрæмы аргъуан, рахиз — апостол æмæ евангелист Иоанн Богословы цытæн, галиу — хъизæмаргæнæг Дмитри Солунскийы цытæн.

Апостолон бакаст æмæ бакуывд «Отче наш» айхъуыстысты ирон æвзагыл.

Патриарх Кирилл раарфæ кодта Хуыцаумæ бакуывды хайадисджытæн.

Литургийы фæстæ Кулишкаты Мады Майрæмы аргъуаны сауджын Джейранты Вячеслав раарфæ кодта Патриарх Кириллæн æмæ йын балæвар кодта хъизæмаргæнæг Уæлахизхæссæг Георгийы иконæ ирон æвзагыл фыстытимæ.

Мадзалы ма хайад райстой Уæрæсейы Либералон-демократон партийы минæвар, УФ-йы Паддзахадон думæйы ЛДПР-ы фракцийы къухдариуæггæнæг, Паддзахадон думæйы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Эдуард Слуцкий, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг — УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Игорь Барсков æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.