Зынгæ ирон æфсæддон раздзог, армийы инæлар Плиты Иссæйы райгуырдыл 115 азы сæххæсты бон стыр цытимæ банысан кодтой Ростовы æфсæддон-историон музейы кусджытæ.

Бæрæгбоны хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъотайты Григолы номыл культурон фонды уæнгтæ.

Юбилейон изæр куыд ацыд æмæ сæм цахæм тæлмæнтæ сæвзæрыдис, уыдоны тыххæй культурон фонды уæнгтæ журналисттæн радзырдтой Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры сын цы фембæлд уыдис, уым.

Фонды сæрдар Хъотайты Еленæ йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй афтид армæй нæ ацыдысты мадзалмæ – Ростовы æфсæддон-историон музейæн балæвар кодтой Плиты Иссæйы бюст. Уый сарæзта зындгонд ирон скульптор Плиты Владимир. Бюст йæ аив арæзтæй йæхимæ æркæсын кодта юбилейон изæрмæ æрбацæуджыты æмæ музейы æрцахста аккаг бынат. Раздæр уыцы бынаты æвæрд уыдис, 3 метры бæрзæндæн чи уыд, ахæм портрет  Плиты Иссæйæн.

Бюстимæ ма Хъотайты Григолы фонды уæнгтæ аластой архивон видео-æрмæджытæ, фотонывтæ, цыран легендарон æфсæддон раздзоджы фенæн уыд ирон интеллигенцийы минæвæрттимæ.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Хуссар Ирыстоны Хъотайты Григолы фонд саразыны хъуыды кæй фæзынд йæ цардæмбал Чилæхсаты Екатеринæ æмæ сæ чызджытæ Аллæ æмæ Еленæмæ.

Фонды сæрдар Хъотайты Еленæ куыд банысан кодта, афтæмæй сæ фыццаг æмбырды фонды уæнгтæй алкæмæн дæр бæлвырд æрцыдысты йæ бартæ. Фонды уæнгтæ æххуыс кæнынц культурон, аивадон, зонадон æмæ ахуырадон проекттæ æххæст кæнынæн. Хъотайты Григол йæхæдæг дæр рæгъмæ хаста национ культурæйы ахсджиагдæр фарстытæ.

Æхсидгæ хъаруйы хицау уыд Григол æмæ ныфсджынæй хъахъхъæдта йæ позицитæ сфæлдыстады дæр æмæ æхсæнадон царды дæр. Уый уыдис горæты Советы депутат, Культурæйы фонды сæрдар, культурæйы университеты ректор, Хуссар Ирыстоны æндидзынады фонд аразджытæй иу.

1963 азы Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон сæхгæныны тыххæй фарст æвæрд куы цыд, уæд Григол бирæ бацархайдта, цæмæй бахъахъхъæд æрцыдаид.

Хъотайты Григолы стыр адæймагон миниуджыты тыххæй йæ хъуыдытæ дзырдта фонды уæнгтæй сæ иу – философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста дæр. «Уый адæймагæн аргъ кодта йæ намыс æмæ йæ æвæлхатдзинадæн. Уый йæхæдæг дæр æвæлхат уыд йе сфæлдыстад æмæ йæ интелегентондзинадæй, адæммæ йæ уарзондзинадæй æмæ йæ цардбæллондзинадæй дæр. Уымæ гæсгæ ацы фонд дæр арæзт æрцыд, цæмæй дарддæр кæной Григолы фæндтæ æмæ хорз хъуыддæгтæ», – загъта Дзугайы фырт.

Дзугаты Къоста мæ журналисттæн радзырдта Плиты Иссæйы хæстон        сгуыхтдзинæдты тыххæй.

«Уый уыдис ССР Цæдисы арæнтæй æдтейæ размæбырсæн операциты хайадисæг æмæ знаджы дæрæн кодта. Иссæ уыд Карибы кризисы сæйраг архайæг, адæймагад дунейы ядерон хæсты къæсæрыл куы балæууыд. Плиты Иссæ уыд иунæг ахæм инæлар, кæцыйыл баууæндыдысты, цæмæй йæхæдæг уынаффæ истаид ядерон хæцæнгарзæй спайда кæныны тыххæй», – загъта Къоста.

Пресс-конференцийы журналисттæн Хъотайты Еленæ фехъусын кодта, 2018 аз Хъотайты Григолы номыл культурон фондæн кæй уыд æнтыстджын аз. 2019 азы фонды уæнгтæ сæ разы цы хæстæ æвæрынц, уыдоны тыххæй дæр сæ нывæзт у цæттæ.

Хъотайты Еленæ бузныг загъта Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Национ бангы сæрдар Зассеты Феликс æмæ æндæртæн, Ростовмæ Плиты Иссæйы юбилейон изæрмæ ацæуын æмæ дзы хайад райсыны сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.