РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста иумæйагреспубликон зиуы.

Фыццаг уалдзыгон зиу Хуссар Ирыстоны санитарон æгъдауæй сыгъдæг кæныны фæдыл расидт æрцыд æппæт уагдæттæ æмæ организацитæн, афтæ цæрджытæн дæр. Зиумæ баконд æрцыд хæрзарæзтады службæйы æппæт техникæ.

Президенты Администрацийы кусджытæ паддзахады сæргълæууæгимæ иумæ бафснайдтой, хицауадон бæстыхæйтты комплексы алыварс территоритæ.

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли æрсидт Хуссар Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй сыгъдæг дарой æрмæст горæт Цхинвалы нæ, фæлæ республикæйы районты дæр хæдзæртты алыварс территоритæ.

«Фæтк хъуамæ уа æрвылбон дæр. Сыгъдæгдзинад æрмæст Цхинвалы ма хъуамæ уа, фæлæ Хуссар Ирыстоны алфæмблайы дæр. Цæмæй æппæт республикæйы территорийыл ахæссæм, уый тыххæй нæ хъæуы ауадзын ноджы иу зиу ацы аз майы мæйы. Брæтты пырх пакеттæ мауал хъуамæ уа кувæндæтты, суадæтты алыварс.

Сыгъдæгдзинад у хæрзæгъ-дауыл дзурæг, кæцы рабæрæг вæййы хъомылдзинады, культу-рæйы  руаджы. Сыгъдæг уым нæу, кæм æфснайынц, фæлæ кæм нæ брон кæнынц», – загъта Президент.

Иумæйагреспубликон зиуы хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр

Уый экологон акцимæ йæ хайбавæрд бахаста Хицауады Ап-параты æмæ Экономикон рæзты министрады кусджытимæ, кæцытæ ныссыгъдæг кодтой Хицауады бæстыхайы алыварс æмæ Пионерты парчы территори, ныхсадтой æмбонды гранитон элементтæ, бæлæсты чъырæй байсæрстой.

«Зиумæ рацæугæйæ, цхинвайлæгтæ фенын кодтой сæ республикæмæ æнувыд ахаст. Бузныг алкæмæн дæр, Республикæ Хуссар Ирыстонæн сыгъдæг æмæ рæсугъд кæныны хъуыддаджы чи æххуыс кæны, уыдонæн», – загъта Пухаты Эрик.

Республикон зиуы хатдзæгтæ нырма бæлвырд не ‘рцыдысты, фæлæ, зæгъæн ис, æрмæст столицæйы бæрæг кæй æрцыд 40 фадыджы онг, кæцытæм рахызтысты сæдæгай адæймæгтæ.

Сыгъдæг чи æрцыдысты, уыцы территориты нымæцы сты Тулдзы къохы, Спортскъолайы, Республикон рынчындоны, Хъæдгуысты комбинаты, Республикон парчы районтæ, афтæ ма паддзахадон æмæ ахуырадон организациты алыварс территоритæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.