РХИ-йы хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр æмбырд ауагъта ахæм ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, куыд Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат, Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæрдар Къацты Владимир, Хъæды хæдзарады управленийы хистæр Чилæхсаты Таймураз, Лицензи кæныны управленийы хистæр Ефименко Александр æмæ æндæртимæ, кæцытæ хыгъдтæ æрбавдыстой 2016 азæн. Æмбырды куысты ма хайад райстой Прокуратурæйы, Нымайæн палатæйы минæвæрттæ, РХИ-йы УФ-йы Федералон таможнæйон службæйы минæвар Олег Рева æмæ РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Валерий Зозуля.

Æмбырды бæстонæй дзырд цыд æрмæст къухтыбафтгæ æнтыстыты тыххæй нæ, фæлæ ма проблемæты тыххæй дæр. Козаты Димитр бацымыдис кодта ацы организациты коллективты æрвылбонон цард, дисциплинæ æмæ психологон климатмæ дæр.

Хицауады Сæрдары хæдивæг райгондæй баззад Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитет æмæ Паддзахадон таможнæйон комитеты бæрæггæнæнтæй, кæцытæ 2015 азимæ абаргæйæ фæбæрзонддæр сты дыууæ хаттæй фылдæр.

Комитетты къухдариуæггæнджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, æнтыстытæ сæ къухты бафтыдысты, административон мадзæлттæ æмæ æнгæс структурæтимæ æмархайды механизмтæ кæй фæхуыздæр сты, афтæ ма республикæйы иумиаг экономикон «тонус» кæй фæбæрзонддæр, уый руаджы.

«Сымахæн уæ къухты бафтыдысты æрмæст планон бæрæггæнæтæ нæ, фæлæ ма сæ фæбæрзонддæр кодтат. Уымæ нæ кæсгæйæ уæддæр ноджы хъуамæ тырнат æнтыстытæм. Æнæмæнгхъæуæг у дарддæр дæр административон мадзæлтты гъæд фæбæрзонддæр кæнын, таможнæйон службæйы куыст æххæст кæнын хъæуы оперативонæй, æнæмæнгхъæуæг документтæ аразыны æмгъуыдтæ фæкъаддæр кæнын, амалиуæггæнджыты хæслæвæрдтæ фæрогдæр кæнын…

Таможнæйон формалондзинæдтыл рацæуын зындзинæдтæ ма хъуамæ æвзарын кæной бизнес-æхсæнадæн. Таможнæйон службæ куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр хъуамæ рахиза электронон документтæ аразынмæ», – загъта уый.

Козаты Димитр банысан кодта таможнæйон æмæ хъалонты органты æнæаипп куысты ахсджиагдзинад паддзахадон бюджетмæ хисæрмагонд æфтиæгты хай фæфылдæр æмæ инвестицион климат фæхуыздæр кæныны. Хуссар Ирыстоны экономикон перспективæты тыххæй дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, уæлæмхас арæнгæрон «кулдуæрттæ» саразын, сæрмагон-дæй, таможнæйон пост «Раздæхæн»-ы, гæнæн ис фæстæдæр республикæйы сараза хæдхуыз «хид» Æввахс Хурскæсæны бæстæты æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, æмæ фæахъаз уа республикæйы экономикон рæзтæн.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, таможнæйон пост «Раздæхæн»-ы проект у цæттæ.

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.