Знауыры районы Дзагъинайы хъæуы цы зонадон-аграрон хъармуат сырæзт, уымæн бындур æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты химийы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, хъæууон хæдзарадон зонæдты кандидат, Уæрæсейы æрдззонæн академийы профессор Хъæцмæзты Джони æмæ фæлтæрд халсаргуыстгæнæг Гæджиты Геннади. Хъæрмуат у 350 квадратон метры бæрц. Ныссагътой дзы цалдæр хуыз хъæдур, картоф, баклажантæ, джитри, цæхæра, помидортæ æмæ авд хуыз та цъæхыгтæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Знауыры район йæ æрдзон-климатон уавæртæм гæсгæ  иттæг ахъаз у халсаргуыстæн. Фæлæ, ахуыргонд куыд зæгъы, афтæмæй уый архайы халсæртты ног хуызтæ ракæныныл. Ацы хъæрмуаты дыууæ мæйы размæ æрмæст помидортæ сагъд æрцыд 42 сорты. Уыдонæй алкæцы дæр домы хицæн хъармдзинады режим. Джони дары сæрмагонд чиныг, кæцыйы фæнысан кæны зæххы уæлцъары умæлад, кæцы сортмæ цафон хаст æрцыд хъацæн æмæ афтæ дарддæр.

Афтæ кæны, хъæрмуаты цы æндæр халсæрттæ тыд ис, уыдонæн дæр. «Зонадон æгъдауæй фæлварын, помидорты хуызтæй хъæрмуаты кæцытæ хуыздæр зайынц, уый. Афæдзы фæстæ уыцы иртасæнты фæстиуджытæ мæ къухы куы уой, уæд халсаргуыст чи кæна, уыдонæн мæ сусæгдзинæдтæ раргом кæндзынæн. Мæ бон ма уыдзæн хæрзгъæд садзæнтæй сæ сифтонг кæнын», – зæгъы Хъæцмæзты Джони.

Уый ма зæгъы, зæгъгæ, ныридæгæн ракодта помидорты æхсæз ног хуызы. Уый размæ та ахуыргонд бакуыста хъæдуры ног хуызтæ ракæныныл. Зæгъы, зæгъгæ, ныртæккæ йæ хъæрмуаты цы хъæдуры хуызтæ зайы, уыдонæй иууыл хуыздæр сорт у африкæйаг «Вигны», кæцы хæрзгъæддæр æмæ хъæздыгдæр у микроэлементтæй, иннæ хуызтæй. Хъæцмæзты лæппу ма куыд зæгъы, афтæмæй, уый ныртæккæ архайы, цæмæй ацы хуыз адаптаци æрцæуа нæ æрдзон-климатон уавæрты, уый фæстæ йæ тауинаг апарахат кæндзæн нæ республикæйы.

Хъæрмуаты цы халсæрттæ зайы, уыдонæй бæрæгдæр дарынц картофы хуызтæ.  Ахуыргонд зæгъы, зæгъгæ, уыдон сты Волгоградаг картофы сорттæ. Уыдонæй, дам, иу бынæй сисæн ис 4-5 килограмм картоф. Хъæромуат æхгæд кæй у, уый тыххæй картофы дидинæг хъахъхъæд цæуы алыгъуызон низтæй, колорадаг хъæндилæй æмæ фитофторозтæй. Дæтты иттæг хорз тыллæг.

Дыууæ мæйы фæстæ, хъæрмуаты иннæ хицау – Гæджиты Геннади куыд зæгъы, афтæмæй, æртондзысты дыууæ тоннæйы памидортæ, 500 килограммы бæрц баклажантæ, иу тоннæйы джитъритæ æмæ фæйнæ 100 килограммы бæрц та цывзы æмæ баскæрдæджытæ. «Фидæнмæ бæрæг фæфылдæр уыдзæн нæ продукци. Сараздзыстæм ноджыдæр иу ахæм хъæрмуат. Сараздзыстæм æй нæхи фæрæзтæй», – зæгъы Гæджиты Геннади.

Хъæрмуат хъармдзинад исы, зæххы мæ-ры цы сæрмагонд хъармгæнæн системæ арæзт æрцыд, уырдыгæй. Сæрмагонд электронон системæ арæзт у афтæ, цæмæй æмбæлон режимы дæтта уыцы-иу рæстæг хъармдзинад æмæ умæлад.

Хъæцмæзты Джонийы ныхæстæм гæсгæ хъармуаты цы халсæрттæ зайы, уыдонмæ хаст цæуы натуралон хъацæнтæ. «Зæгъæм, цеолитон туф нæ республикæйы бирæ бынæтты ис. Йæ мидæг ис 40 макро æмæ микроэлементы. Уыцы биохъацæн хъæздыг кæны зæхх, зайæгойтæ зайынæн та у иттæг хорз фæрæз. Пайда ма кæнæм сидерацийæ дæр, уый та зæхх хъæздыг кæны азот æмæ органикон элементтæй. Уыдон арæзт цæуынц кæрдæджытæй. Ныккалынц сæ уæрмы, уым бамбийынц æмæ сæ стæй цадæггай хæссынц мæрмæ. Органикон хъацæнтæ дæр дзæбæх фæрæз сты, фæлæ нæ республикæйы уыйбæрц фосдарды хæдзарадтæ кæй нал ис, уымæ гæсгæ уæййаг нал сты.

Ивгъуыд аз та Хъæцмæзты Джони куыста кипраг нурыйы сорт «Рокамболь» нæ æрдзы уавæртæм садаптаци кæныныл. Уыцы фæстиуджытæй дæр иттæг райгонд у. Уыцы нурыйы бынтæй ахаста иртасынмæ цалдæр Цæгат Ирыстон-Аланийы хъæууон хæдзарады лабораторимæ. «Ацы нурыйы хуыз иттæг хорз адаптаци кæны Хуссар Ирыстоны климаты. «Рокомболь» хуыздæр тыллæг дæтты бынæттон нурыйæ, махмæ цы нурыйы хуызтæ зайы, уыдонæй ма хицæн кæны, къаддæр кæй судзы, уымæй дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.