Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады арæзт æрцыд ведомствойы бындурæвæрджытæй сæ иу – Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хъайтар Хуыбылты Валерийы майдан. 

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы æмæ министры æххуысгæнæг булкъон Сиукъаты Вадимы фæндонмæ гæсгæ фыццаг майдан лæвæрд хъуамæ æрцыдаид Хуыбылты Валерийы бинонтæм 23-æм ноябры – Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон, цытджын æгъдауæй йæ нывæрыны нысанæн.

Æмæ афтæ дæр бакодтой. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим Хуыбылты Валерийы номыл фыццаг майдан радта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хъайтар Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрджытæй сæ иу, ведомствойы фыццаг министр Хуыбылты Валерийы бинонтæм, цытджын æгъдауæй йæ нывæрыны нысанæн. Фыццаг майдан цытджын æгъдауæй лæвæрд æрцыд Валерийы идæдз Бахъаты Дзерассæ Нугзары чызгмæ.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Паддзахадон Æдасдзинады Советы нымæрдар Плиты Анатоли, Хъахъхъæнынады министры хæдивæджы фыццаг æххуысгæнæг, РХИ-йы Гарзджын Тыхты Генералон штабы хистæр булкъон Виктор Федоров, хъахъхъæнынады министры хæдивæг булкъон Æлборты Игорь.

Гассеты Ибрагим Хуыбылты Валерийы идæдзæн, йæ бинонтæн, хиуæттæ æмæ хæстæджытæн загъта æнæниздзинады, дидинæфтыды, сабыр арвы бын цæрыны æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.

Фембæлды рæстæджы бакастæуыд Хъахъхъæнынады министры барамынд «Хуыбылты Валери Никъалайы фырты номыл фыццаг майдан йæ бинонтæм радтыны тыххæй цытджын æгъдауæй йæ нывæрыны нысанæн».

Барамынды тексты дзырдæуы, зæгъгæ, йæ райгуырæн бæстæйы æцæг хъайтары комкоммæ къухдариуæгады бын, нæ паддзахады зынгæ хæстон æмæ политикон архайæг, хæдхъахъхъæнынады хицæн къордтæ æмæ адæмон бархионтæй арæзт æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ æмæ регулярон æфсад».

«Йæ архайды рæстæджы Хуыбылты Валери равдыста хиуыл нæ ауæрдгæйæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын, диссаджы организаторон æмæ командон миниуджытæ», – дзырдæуы барамынды.

Гассеты Ибрагим банысан кодта, зæгъгæ, майданæй хорзæхджын цæудзысты Гарзджын тыхты æфсæддонтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, æфсæддон цæттæдзинады отличниктæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады боны, афтæ ма майдан саразыны цытæн Бахъаты Дзерассæйæн раарфæ кодта РХИ-йы Æдасдзинады Советы нымæрдар Плиты Анатоли.

«Арæзт æрцыд зæрдылдарæн майдан ирон адæмы фырты, дæ цардæмбал Хуыбылты Валерийы, нæ Райгуырæн бæстæйы ссæрибар кæнынмæ стыр бавæрд чи бахаста, уыцы адæймаджы номыл.  Валерийы номæй æмæ уый цытæн ацы майданæй хорзæхджын цæудзысты Ирыстоны аккаг фырттæ», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæджы номæй Хуыбылты Валерийы идæдзæн Плиты Анатоли загъта æнæниздзинад æмæ сабыр царды фæндиæгтæ.

Гассеты Ибрагим дæр Хуыбылты Валерийы цардæмбалæн бакодта зæрдылдарæн лæ-вæрттæ.

Хуыбылты Валерийы номыл майдан саразыныл кусын райдыдтой ацы азы августы. Хорзæхыл кусыны æппæт этаптæ дæр реализаци цыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды хъусдард æмæ æххуысæй.

Ведомствойон хорзæх арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды, Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагимы æмæ йе ‘ххуысгæнæг Сиукъаты Вадимы инициативæйæ. Хорзæхыл кусгæйæ æфсæддон геральдикæйы фæдыл консультативон æххуыс бакодта РХИ-йы Президенты паддзахадон æххуысгæнæг Коцты Къоста. Майданы макет æмæ йын йæ документтæ сарæзта Сиукъаты Вадим. Майдан аразынæн стыр æххуыс бакодтой хъахъхъæнынады министры хæдивæг, булкъон Æлборты Игорь, министры хæдивæджы æххуысгæнæг булкъон Хъуылымбегты Лев, капитан Хуыгаты Андрей.

Хуыбылты Валерийы майданæй хорзæхджын цæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты æфсæддонтæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ фæсарæнты æмбæстæгтæ, хæстон архайдтыты рæстæджы æхсардзинады, хиуыл æнæ-ауæрдондзинады, хисæрмагонд хъæбатырдзинады æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны рæстæджы арæхстджын, инициативон æмæ ныфсхаст архайдтыты тыххæй, кæцытæ фæахъаз уыдзысты хæстон хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй сæххæст кæнынæн.

Хорзæх ма лæвæрд цæудзæн интернационалон æфсæддон æххуысы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынхъомдзинад сфидар кæнынмæ сæрмагонд бавæрд бахæссыны бындурыл дæр.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.