Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады хыгъдон æмбырд уагъд æрцыд бæстæйы сæргълæууæг Республикæйы Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Тыбылты Леониды хайадистæй. Хайад дзы райстой Æдасдзинады Советы нымæрдар Плиты Анатоли, Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр, Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты минæвæрттæ: хистæр афицер, сæрмагонд нысаниуæджы дæлхæйтты æфсæддон службæгæнæг, хъæбатырдзинады цыппар ордены кавалер Александр Кузнецов æмæ Витали Яковец. Яковец дæр у хистæр афицер, службæ кодта сæрмагонд нысаниуæджы дæлхæйтты æмæ æдасдзинады службæты, æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын у цалдæр орденæй.

Мадзал байгом бæстæйы Паддзахадон гимны зæлтæй. Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим йæ раныхасы банысан кодта, ацы уагдонæн 2016 аз хуымæтæг аз кæй нæ уыд. Азы дæргъы æнгом æхсæнведомствæйон æмгуыстад цыд уæрæсейаг коллегæтимæ Хъахъхъæнынады министрадæй, Уæрæсейы Гарзджын тыхты Генералон штабæй æмæ УФ-йы фистæг æфсады сæйраг штабæй.

Банысан ма кодта Республикæйы Уæлдæр къухдариуæгады аккаг бахаст дæр Гарзджын тыхты æмæ æмткæй æхсæнады рæзтмæ, стабилондзинадмæ æмæ æддагон æфсæддон тæссагдзинæдтæ уагъд кæй нæ æрцыд. Уымæ нæ кæс-гæйæ, националон æфсад йæ рохтæ ма хъуамæ æруадза, фæлæ гъæдджынæй æххæст кæна йæ разылæууæг хæстæ. Гарзджын тыхтæ цыфæнды æфсæддон-политикон уавæрты дæр цæттæ хъуамæ уой нысанмæздæхтæй сæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

Дарддæр бæстæйы къухдариуæгад æмæ æрæмбырдуæвджытæ байхъуыстой министрады алы дæлхæйтты къухдариуæггæнджыты бацæттæгонд докладтæм.

Хъахъхъæнынады министрады развæдсгарæн хайады сæргълæууæг, булкъон Андрей Захаров æрдзырдта дуне æмæ регионы æфсæддон-политикон уавæрыл. РХИ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг, булкъон Виктор Федоров анализ скодта æфсады хæстон æмæ мобилизацион цæттæдзинадæн. Сæрмагондæй æрдзырдта, министрады алы хайад æмæ дæлхæйтты æфсæддон хæстæ куыд æххæст цæуынц æмæ аиуварскæнинаг цухдзинæдтыл. Хъахъхъæнынады министры барадон куысты фæдыл æххуысгæнæг, майор Бестауты Аллæ йæ доклады æрдзырдта 2016 азы райсгæ нормативон-барадон документтыл, сæйраджыдæр, æфсæддон службæгæнджыты æмæ сæ бинонты пенсийæ иф-тонг кæныны фæдыл райсгæ закъоныл.

Министрады æфсæддон цæттæдзинады хайады сæргълæууæг Багаты Альберт та доклад сарæзта 2016 азы Гарзджын тыхты æфсæддон дисциплинæ æмæ барвæткы уавæрты тыххæй.

Материалон-техникон ифтонгады фæдыл Хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-майор Тасойты Леонид дæр йæ хыгъдон доклады æр-дзырдта министрады дæлхæйтты техникон ифтонгадыл, хæлцадон, æфсæддон уæлæдарæсæй ифтонгады службæйыл.

Хъахъхъæнынады министрады Кадетон скъолайы директор, булкъон Æлборты Эдуард банысан кодта сæйраг ахуырадон æмæ хъомыладон хæстæ, ахуыры процессы организаци кæныны формæтæ.

Раныхасгæнджытæ бакæнгæ куыстæн анализ аразгæйæ банысан кодтой, æрлæугæ 2017 азы сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон дæр.

Докладтæм байхъусыны фæстæ Гассеты Ибрагим бузныг загъта се ‘ппæтæн дæр лæмбынæг æмæ объективон информацийы тыххæй. 2016 азы, зæгъгæ, Гарзджын тыхты раз цы хæстæ лæууыд, уыдон скъуыддзаг цыдысты сабырадон рæстæджы уавæрты. Республикæйы æндæр тыхон структурæтæ æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон контингентимæ иумæ æххæст æрцыд сæйраг хæс  сабырад æмæ æдасдзинадæй ифтонг уыд нæ зæхх.

Гассеты Ибрагим ма 2016 азы сæйраг фарстытæй иуыл банымадта националон æфсады нымæц бахъахъхъæнын.

«Æхсæнады алыгъуызон хъуыдытæ ис ацы фарсты фæдыл. Бирæтæ нымайынц афтæ, зæгъгæ, нæ бæстæйы æдасдзинад ифтонг у Уæрæсейы æфсæддон контингенты руаджы, уый та у Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фидар гарант. Фæлæ æппæт командон сконд æмæ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджыты хъуыды у иу хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад ифтонг хъуамæ цæуой уæхски-уæхск иумиаг архайдæй æфсæддон æфсымæрдзинад хынцгæйæ. Уый тыххæй республикæйæн хъуамæ уа йæхи чысылнымæц, фæлæ мобилон æмæ ифтонг Гарзджын тыхты», – дзырдта Гассеты Ибрагим.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ Гассеты Ибрагим Хъахъхъæнынады министрады æппæт æфсæд-дон службæгæнджыты номæй бузныг загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг Президент Тыбылты Леонидæн йæ ахасты тыххæй. Уый æмбæлон ахаст æмæ архайды руаджы махæн нæ къухты бафтыд нæ Гарзджын тыхты нымæц бахъахъхъæнын. Уый ма дарддæр æрдзырдта УФ-имæ æмгуыстадыл, сæрмагондæй, радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ нæ Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты баконды фæдыл бафыссынмæ цы Сразыдзинад цæттæ цæуы, уый тыххæй.

«Ацы Сразыдзинад бафыссыны фæстæ уæрæсейаг фарс нымайдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддон службæ, нæ æфсæддон билеттæ, æмæ нæ Гарзджын тыхты нымæц бахъахъхъæнын.

Бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид Хъахъхъæнынады министр, Генералон штабы сæргълæууæг, хайадтæ æмæ службæты сæргълæуджыты докладтæм байхъусгæйæ бæрзонд аргъ скодта министрады куыстæн. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ суанг 90-æм азтæй фæстæмæ Хуссар Ирыстон – нæ райгуырæн бæстæ – йæхи хъахъхъæны йæ «сыхæгтæй». Уыдон сæхи равдыстой «знагæй», уæд арæзт æрцыд хицæн хихъахъ-хъæнынады къордтæ. Фæлæ нын ныр, зæгъгæ, ис нæхи æххæст хъомысджын Гарзджын тыхтæ, кæцытæн сæ бон у нæ республикæ бахъахъхъæнын.

Тыбылыты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, Гарзджын тыхты нымæц къаддæр кæй цыд 250 адæймаджы скондмæ. Фæлæ Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинимæ фыццаг официалон фембæлды рæстæджы 2012 азы 24 октябры Тыбылты Леонид раразмæ кодта нæ Гарзджын тыхты нымæц бахъахъхъæныны фарст.

Уыцы фембæлды рæстæджы Тыбылты Леониды къухты бафтыд хуссарирыстойнаг æфсады нымæц бахъахъхъæнын.

Бæстæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ докладгæнджыты информацийæн анализ аразгæйæ зæгъæн ис, æмæ нæ республикæйы Гарзджын тыхтæ кæй фидар кæнынц æмæ сæ къахыл кæй лæууынц.

«Алы доклады дæр бæрæг у æцæг æфсæддоны, хъахъхъæнæджы, патриоты удварн. Æмæ уыцы бындурыл æнцой кæнынц Хъахъхъæнынады министрад æмæ Гарзджын тыхтæ», – банысан кодта уый.

Тыбылыты Леонид дзырдта нæ бæстæйы стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ нæ бæрзонд ахастытыл, кæцытæ фидар сты бирæнымæц сразыдзинæдтæй. Уыдон нымæцы ахсджиаг Бадзырд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл, кæцы бафыст æрцыд 2015 азы 18 марты мæйы дыууæ бæстæйы сæргълæуджыты ‘хсæн. Уыцы Бадзырды фыст ис Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмархайд æфсæддон агресси иу бæстæйы ныхмæ куы уа, уæд.

Тыбылыты Леониды ныхæстæм гæсгæ Бадзырд дарддæр кæндзæн уæлæмхас сразы-дзинæдтæ бафыссынæй, уыцы нымæцы хъахъхъæнынады фадыджы дæр. Банысан кодта, уыцы хъуыддагмæ егъау хайбавæрд кæй бахастой Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Æдасдзинады советы нымæрдар Плиты Анатоли æмæ Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан. Уыдон, зæгъгæ, бакуыстой æмæ уæрæсейаг фарсимæ æмразы скодтой ацы ахсджиаг документ. Бузныг сын загъта сæ фæразондзинад æмæ фарст лæмбынæг кæй æмбæрстой, уый фæдыл.

Дарддæр Тыбылты Леонид хъусдард аздæхта докладты иуæй-иу негативон факттæм. Мах, зæгъгæ, ноджы бæстондæр хъуамæ бакусæм æфсæддон дисциплинæ фæтыхджындæр кæныныл. Махæн алы æвзонг æмбæстаг дæр ахсджиаг у, æнамонд цаутæн дæр æгъгъæд у, уымæн æмæ хæстон архайдтыты бирæ цæрдхъом лæппуты фесæфтам.

Бæстæйы сæргълæууæг бахатыд, цæмæй къахыл лæугæйæ ссарой æппæт фæмардуæвæг æмбæстæгты рухс нæмттæ.

Тыбылыты Леонид баныфс æвæрдта, финансон фарсæрдыгæй фарстытæ дæр цадæггай бæстон кæй цæудзысты.

Фембæлды рæстæджы Президент Тыбылты Леонид æмæ Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим схорзæхджын кодтой министрады хуыздæр дæлхæйтты æхцайы премитæ, Кады грамотæтæ æмæ æфсæддон Вымпелтæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.