Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фӕдыл къамис хъусын кӕны, 2019 азы 1 июнӕй кӕй райдыдта преми радтыны тыххӕй кандидатты раразмӕ кӕныны рӕстӕг

ЛИТЕРАТУРÆ, АИВАД, ПУБЛИЦИСТИКÆ, ИРОН ФИЛОЛОГИ ÆМÆ ИСТОРИОН ЗОНÆДТЫ КЪАБÆЗТЫ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ  НОМЫЛ ПАДДЗАХАДОН ПРЕМИЙЫ ТЫХХÆЙ  УАГӔВӔРД

Фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты Барамындæй 2018 азы 9 июлы

1. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми (дарддæр – преми) лӕвӕрд цӕуы литературӕ, аивад, публицистикӕ, ирон филологи ӕмӕ историон зонӕдты къабӕзты стыр сфӕлдыстадон ӕнтыстыты ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны культурӕмӕ зынгӕ бавӕрды тыххӕй.

2. Преми лӕвӕрд цӕуы фондз азы иу хатт алы здӕхты дӕр, алкӕцы дӕр 350 000 сомы.

3. Преми лӕвӕрд цӕуы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындæй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хетӕг-каты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фӕдыл къамисы (дарддӕр – къамис) бавдыстмӕ гӕсгӕ.

4. Преми лӕвӕрд ӕрцӕуы Хетæгкаты Къостайы гуырӕн боны (15 октябрь).

5. Преми райсынмӕ раразмӕ ӕрцӕуынц ахæм оригиналон авторон уацмыстӕ, кӕцытӕ сты фӕуд ӕмӕ хаст ӕрцыдысты ӕхсӕнады  размӕ (мыхуыр, ӕвдыст, арӕзт ӕрцыдысты, ӕвдыстой сӕ равдыстыты ӕмӕ а.д.) фӕстаг преми лæвæрд кæд æрцыд, уыцы азы, июнæй, преми лæвæрд кæд цæуы, уыцы азы 1 июнмӕ.

6. Преми райсынмӕ кандидатты раразмӕ кӕнынц сфӕлдыстадон цӕдистӕ, ахуырад ӕмӕ зонады уагдӕттӕ, культурӕйы уагдӕттӕ, РХИ-йы Культурӕйы министрад, РХИ-йы Ахуырад ӕмӕ зонады министрад.

7. Преми райсынмӕ цы коллектив бавдыст ӕрцӕуа, уымӕн йе сконды хъуамӕ уой сӕйрагдӕр автортӕ ӕмӕ ӕххӕстгӕнджытӕ. Нӕй ӕруадзӕн премимӕ бавдисгӕ коллективы скондмӕ административон, консультативон кӕнӕ организацион куысты миниуӕгмӕ гӕсгӕ бахӕссын.

8. Преми райсыны фӕдыл документтӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ Къамисмӕ хъуамӕ бавдыст ӕрцӕуой, преми лӕвӕрд кӕд цӕуы, уыцы азы 1 августмæ. Къамис хӕсджын у, ӕхсӕнадӕн фехъусын кӕна преми райсынмӕ кандидатты тыххӕй, документтӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ къамисмӕ куы бацӕуой, уымӕн йӕ хӕдфӕстӕ.

9. Бавдисгӕ документтӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕм ӕркӕсыны фӕстиуджытӕм гӕсгӕ сусӕг хъӕлӕсӕппӕрстӕй Къамисы куысты хайадисджыты фылдӕр хъӕлӕстӕй бӕлвырд ӕрцӕ-уынц премийы лауреатты кандидатурӕтӕ ӕмӕ сӕ Къамис бавдисы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президентмӕ, премитӕ сын радтыны тыххӕй.

10. Премийы аккаг чи свӕййы, уымӕн лӕвӕрд цӕуы «… азӕн Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат»-ы ном ӕмӕ йын Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент цытджын ӕгъдауӕй радты лауреаты ном ӕмӕ риуылдарӕн нысан.

11. Снысангонд ӕхца лауреаттӕн лӕвӕрд цӕуы сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ. Преми коллективӕн дӕтгӕйӕ, лауреатты дипломтӕ ӕмӕ майдантӕ лӕвӕрд цӕуынц авторон коллективы уӕнгтӕй алкӕмӕн дӕр; ӕхца та ӕмхуызон дих цӕуы авторты ‘хсӕн.

12. Кӕд ӕмӕ преми ӕмӕ ӕхца райсыны агъоммӕ лауреат амард, уӕд лауреаты диплом ӕмӕ майдан (риуылдарӕн нысан) лӕвӕрд цӕуынц йӕ бинонтӕн, ӕхца та лӕвӕрд цӕуы лауреаты бындартӕн Республикæ Хуссар Ирыстоны архайӕг закъондӕттынады сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ.

ЛИТЕРАТУРÆ, АИВАД, ПУБЛИЦИСТИКÆ, ИРОН ФИЛОЛОГИ ÆМÆ ИСТОРИОН ЗОНÆДТЫ КЪАБÆЗТЫ  ХЕТӔГКАТЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ ПАДДЗАХАДОН ПРЕМИ РАДТЫНЫ ТЫХХӔЙ АВТОРОН УАЦМЫСТЫ БАВДИСЫНЫ ФӔТК

Фидар æрцыд Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президенты Барамындæй

2018 азы 9 июлы

1. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фæдыл Къамис (дарддæр – Къамис, преми) ӕркӕсынмӕ исы, ӕрмӕстдӕр, ахæм авторон уацмыстӕ, кӕцытӕ, сты фӕуд ӕмӕ хаст ӕрцыдысты ӕхсӕнады размӕ (мыхуыр, ӕв-дыст, арӕзт ӕрцыдысты, ӕвдыстой сӕ равдыстыты ӕмӕ а.д.) преми лæвæрд кæд æрцыд уыцы азы 1 июнæй, преми лӕвӕрд кӕд цӕуы, уыцы азы 1 июнмӕ.

2. Преми радтыны тыххӕй авторон уацмыстӕ ӕмӕ документтӕ Къамисмӕ бавдыст цӕуынц, преми лӕвӕрд кӕд цӕуы, уыцы азы 1 августмæ.

3. Текстон уацмыстӕ Къамисмӕ бавдыст цӕуынц ӕртӕ экземплярӕй (литературӕйы уацмыстӕ оригиналы ӕвзагыл), музыкалон уацмыстӕ клавиры (кӕнӕ партитурӕйы) хуызы аудиомагнитофонон ныффыстимӕ иумӕ, хуызфыссынады аивады уацмыстӕ оригиналы, Хе-тӕгкаты Къостайы уацмысты мотивтӕм гӕсгӕ кино ӕмӕ театралон сӕвӕрдтыты сӕххӕстгонд кино ӕмӕ театралон ролтӕ профессионалон хуызфысты хуызы.

4. Преми райсынмӕ куыстытӕ раразмӕгӕнӕг организацитӕ Къамисмӕ бавдисынц фыстӕй куырдиат, кӕцыйы амынд сты:

а) преми райсынмӕ кӕй бавдыстӕуыд, уыцы адӕймагӕн йӕ мыггаг, ном ӕмӕ фыды ном (паспортмӕ гӕсгӕ);

б) цы куыст бавдыст ӕрцыд, уымӕн йӕ ном, мыхуыр кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыд (публикӕйы раз сӕххӕст кӕнын, равдисын, эксплуатацимӕ йӕ радтын ӕмӕ а.д), кӕд хъӕуа, уӕд нысан цӕуы, уацмыс кӕм ис, уый дӕр;

в) уацмысӕн аргъ кӕнын, преми райсынмӕ йӕ раразмӕ кӕныны цӕстӕнгӕстӕ ӕмӕ мативировкӕтӕ.

Къамисы домӕнмӕ гӕсгӕ бавдыст цӕуынц ахӕм зонӕнтӕ, кӕцытӕ бӕлвырд кӕнынц, уацмысы уӕрӕх ӕхсӕнад кӕй банымадта.

5. Фыст куырдиатимӕ  хъуамӕ уой:

а) организацийы къухдариуӕггӕнӕг органы рабадты суагъӕ, кӕцыйы скъуыддзаг ӕрцыд преми райсынмӕ бӕрӕг кандидатурӕйы раразмӕ кӕныны тыххӕй фарст;

б) кандидаты тыххӕй зонӕнтӕ: мыггаг, ном, фыды ном, псевдоним, райгуырды аз, нацийы хатт, ахуырдзинад, дӕсныйады фæдыл куысты стаж, кадджын ӕмӕ ахуыргонды нӕмттӕ, хорзӕхтӕ, куысты бынат ӕмӕ цахӕм куыст кӕны, контактон зонӕнтӕ, ӕртӕ фотокарточкӕйы; зонӕнтыл сӕ къухтӕ фыссынц кандидат ӕмӕ йӕ бавдисӕг, йе сфӕлхасадон истори ӕмӕ сӕйрагдӕр зонӕнтӕ равдисгӕйӕ (ра-уагъдты нымӕц ӕмӕ тираж, цал хатты ӕххӕст, ӕвӕрд, равдыст ӕрцыд ӕмӕ а. д);

в) уацмысы æхсæнадæн базонгæ кæныны тыххæй бæлвырдгæнæн (чиныджы базонгæ кæныны боны тыххæй бæлвырдгæнæн (чины-джы, афишæйы, музыкалон уацмысты фыццаг сæххæсты мыхуырон программæ æмæ а.д.);

г) къамисы домæнмæ гæсгæ бавдыст цæуы кандидаты тыххæй сфæлдыстадон характеристикæ.

6. фыстæй куырдиат æмæ йемæ æрмæджытæ бавдыст цæуынц дыууæ экземплярæй æмæ сæ фидар кæны раразмæгæнæг организаци.

Раразмæгæнæг организацийæн йæ бон у Къамисмæ барвита æрмæджытæ уацмысæн æхсæнадон аргъы тыххæй, цалынмæ кандидаты фæдыл Къамис уынаффæ нæ райста, уæдмæ.

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ ЦУР ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ НОМЫЛ ПАДДЗАХАДОН ПРЕМИЙЫ ФÆДЫЛ КЪАМИСЫ ТЫХХÆЙ УАГÆВÆРД

Фидар æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты Барамындæй 2014 азы 14 июлы

1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы (дарддæр  преми) фæдыл къамис (дарддæр  Къамис) арæзт цæуы преми радтынмæ бавдыст авторон уацмыстæм æркæ-сыны тыххæй. Къамисы сконд фидар цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты барамындæй.

2. Къамис йæ архайды разамынд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадæй æмæ ацы Уагæвæрдæй.

3. Къамис арæзт цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæ æмæ зонады архайджытæй, паддзахадон органты минæвæрттæй.

4. Къамисы рабадты куыстæн тых ис, йе сконды уæвæг уæнгтæн дзы се ‘мбисæй фыл-дæр хайад куы исой, уæд.

5. Къамис:

а) дзыллон информацийы фæрæзты хъусын кæны преми райсыны фæдыл документтæ исын райдайыны тыххæй;

б) хъусын кæны  преми райсыны фæдыл конкурсмæ уагъд авторон уацмысты номхыгъд, мыхуыр кæны информаци Къамисы архайды тыххæй;

в) рабадты уæвæг Къамисы уæнгты сусæг хъæлæсæппæрстæй фылдæр хъæлæстæ райсгæйæ, сбæрæг кæны премийы лауреатты кандидатты æмæ сæ бавдисы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентмæ;

г) фидар кæны премийы лауреаты кады диплом æмæ майданы (риуылдарæн нысан) афыст  æмæ хуызæг.

6. Къамисы уынаффæйæн арæзт цæуы суагъæ. Къамисы рабадты суагъæйыл сæ къухтæ фыссынц Къамисы сæрдар æмæ бæрнон нымæрдар.

7. Къамисы архайды документалон, барадон æмæ информацион ифтонгад æххæст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы æмбæлон дæлхæйттæ.

8. Кæд æмæ Къамисы уæнг преми райсынмæ раразмæ æрцæуа, уæд уый хайад нæ исы Къамисы хъæлæсæппæрсты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.