Цæмæй цæрат, уæхи куыд фæнды, афтæ, уæхи æнкъарат уæ царды мидæг сæрибарæй, цæмæй ма фæиппæрд уат уæ царды фæндагæй, уый тыххæй уæ хъæуы сахуыр кæнын уе ’нкъарæнтæ æмæ эмоцитимæ æмдзу кæнын æмæ сыл æууæндын. Уый та афтæ нысан кæны æмæ уæ цин кæнын кæм хъæуа, уым кæй цин кæндзыстут, хъыг кæнын уæ кæм хъæуа, уым та хъыг кæндзыстут, ома, уæ эмоцитæ æмæ æнкъарæнтæн афтæмæй гом кæндзыстут уæхимæ фæндаг. Уæхимæ исдзыстут æмæ æнкъардзыстут, куыд уæхи æвæрццаг, афтæ æппæрццаг эмоцитæ дæр.

Уе ’нкъарæнтæ æмæ уæ эмоцитæ комкоммæдæр æмиу кæнынц уæхиимæ, ис сын уемæ контакт æмæ цахæм сты (æвзæр сты æви хорз), уымæ нæ кæсгæйæ сæ æнкъарут æмæ фæцæрут алы уысм дæр семæ. Сахуыр кæнут уæхи кæуын дæр, цин кæнын дæр, уд цырын кæнын дæр, сабырдзинад æмбарын æмæ æнкъарын дæр.

Цæмæй уæхи цардæй цæрат, уæ удимæ уын уа сабырдзинад, уый тыххæй уæ баиу уæвын хъæуы уæ эмоционалон сферæимæ. Уымæн та гæнæн уæвæн ис, кæд æмæ:

уе ’нкъарæнтæ æвдисат;

Хъуамæ ссарат фæндаг уæ цардуагон æргъадтæм æмæ уын семæ уа бастдзинад, уымæн æмæ уыдон арфдæр сты, æнкъарæнтимæ абаргæйæ. Уæхимæ радтут ахæм фарст: цы уын у æппæты ахсджиагдæр царды мидæг? Уымæн æмæ алы адæймагæн дæр ис ахæм вазыгджын æргъадтæ царды мидæг, кæцытæн æппæты ахсджиагдæр нысаниуæг дæтты. Зæгъæм, иуæй-иутæн ахсджиаг у царды мидæг искæмæн хорздзинад аразын. Уыдон ахæм архайдæй стыр циндзинад фæисынц, сæ зæрдæйæн хæссынц стыр æхцондзинад ахæм архайдæй.

Иннæтæ та сæ царды ахсджиаг хъуыддагыл нымайынц сæ профессийы уæлдæр къæпхæнтæм схизын, сæ сомбоны цард фæхуыздæр кæнынмæ фæтырнынц æмæ алкæмæн нæ, фæлæ бирæтæн сæ къухты æфтгæ дæр бакæнынц ахæм æнтыстытæ (уый дæр бирæ аххосæгтыл баст у, хъыгагæн, алы хатт бæллиццаг нæ вæййынц).

Аннæтæ та сæ царды æппæты сæйрагдæр æмæ вазыгджындæр хæсыл нымайынц, æппæты æввахсдæр сæ зæрдæйæн цы адæм вæййынц, уыдоныл тыхсын æмæ сæм алы хъуыддаджы дæр æххуысы къух фæдаргъ кæнын. Уыдон та вæййынц, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг бынаты: ныййарджытæ, бинонтæ, сывæллæттæ æмæ æндæр æввахс адæймæгты.

Ссарут уæ цардвæндаджы сымах дæр ахæм æввахс адæмæгты, кæцытыл æнувыд уат, æххуыс сын кæнат, æххуысы къух-иу сын фæдаргъ кæнат, куы тыхсой, уæд. Алкæмæн дæр, алы гоймагæн дæр йæхи сæрмагонд æргъадтæ алы æмæ алыгъуызон сты, нæ удтæ куы алыгъуызон сты, афтæ. Алы адæймаг дæр, хицæнæй сисгæйæ, у уникалон æмæ индивидуалон. Уæ уд уын цы цырын кæны? Æппæты тынгдæр цæмæн аргъ кæнут царды мидæг? Ацы фарстытæн дзуапп кæнгæйæ, дзуапп ратдзыстут уæхицæн дæр. Цы æргъадтæн аргъ кæнут, уыдонæн ссарут ахæм фæрæзтæ, цæмæй сæ царды сæххæст кæнат;

Цардимæ уын бастдзинад уæд. Цард, куыд æппæты зондджын ахуыргæнæг, афтæ уæ æрвитдзæн æмæ уын фæндаг амондзæн. Уæ хъус ын æрдарут йæ къухдариуæгадмæ, йæ амындтытæм æмæ уынаффæтæм, æрцæугæ цаутæм æмæ адæммæ.

Æнгом дарут уæ æмахастытæ æндæр адæмæгтимæ. Ахуыр кæнут уæхи сæ лæвæрттæ, сæ хъусдард, сæ уарзт, æнгомдзинад, хæлардзинад æмæ æххуыс исынмæ. Нæмыг сзайы уымæл зæххы, фаг дон кæм вæййы, ахæм бынаты. Адæймаг дæр афтæ рæзы: хорз æмæ æмгаруазон ахаст куы хата æмæ æмбара, уæд ахæм атмосферæйы адæймагæн рæзынц фæлмæн æмахастытæ йæ алыварс адæмимæ дæр. Аргъ кæнут ахæм адæмæн.

Цæмæй амондджын уат, уый тыххæй æххæст кæнут мæнæ ахæм амындтытæ æмæ сæ уæ зæрдыл дарут:

1. Уæхи цардвæндагыл цæут æмæ архайут уæхи хъуыддæгты фæдыл.
2. Цы хъуыддагыл архайут, уый æнæмæнгæйдæр хъуамæ исты æвæрццаг нысаниуæг хæсса йемæ, цæмæй уæ алыварс адæмæн сæ зæрдæтæн æхцон уа.
3. Хорз ахастытæ. Адæймагæн йæ бон бирæ нæу иунæгæй уæва, йæ конд афтæ у, æмæ йæ хъæуы йæ алыварс адæмимæ ахастытæ аразын. Кæимæ — æмгардзинады ахастытæ, кæимæ та — уарзондзинады ахастытæ. Уæ хъарм дих кæнут, æввахс уын чи сты æмæ уын хорз ахастытæ кæимæ ис, уыдонимæ.
4. Æцæг зонындзинæдтæ. Нæ царды зонындзинæдтæ куы нæ уа, уæд ахæм царды мидæг æнцон у схæццæ уæвын. Уымæ гæсгæ зонындзинæдтæ æнæмæнг сты.
5. Зондамонджытæ, ахуыргæнджытæ. Уыдон та сты, чи нæ ахуыр кæны æмæ нын сæ фæлтæрддзинад æмæ зонынад чи нæ хæлæг кæны æмæ нын æй чи лæвар кæны, уыцы адæм.
6. Ма цæрут зноны бонæй. Уыцы бон ацыди, йæ рæстæг фæцис. Ма уæ уырнæт сомбон дæр, сымах æй куыд æнхъæлут æмæ йæм куыд æнхъæлмæ кæсут, афтæ. Уымæн æмæ сомбон ничи зоны, цыхуызæн æмæ куыд уыдзæн, уый. Мах куыд æнхъæл вæййæм, мах куыд фæнды, афтæ алы хатт нæ рауайы.
7. Æгæр тынг ма ахуыр кæнут уæхи искæуыл, чифæндыдæр ма уæд. Уымæн æмæ ахæм ахастытæ никуы æркæнынц хорзмæ. Ахæм адæймæгтæ хъизæмайраг фæвæййынц царды.
8. Аппарут уæ сæрæй æппæт материалон хабæрттæ дæр. Уымæн æмæ уæ хорзмæ никуы æркæндзысты, æрмæстдæр — ерыс кæнынмæ.
9. Архайут уæ хъуыддæгтыл æмæ уæхи хизут хиуарзондзинадæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.