УЫНАФФÆ КОДТОЙ АХСДЖИАГ ФАРСТАТЫЛ

Знауыры районы цæрджыты проблемæтæй скъуыддзаг цы æрцыдис афæдзы дæргъы, дарддæр куыст цæуыл цæудзæн, уыдæттыл бæстондæр æруынаффæ кæныны нысанæн Знауыры поселочы уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады цæугæ рабадт, кæцыйы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ.

Цалынмæ поселокмæ нæ бацыдысты, уæдмæ уал уыдон федтой, Хъорнисы фельдшерон амбулатори цы уавæры ис, уый. Сæмбæлдысты Бехъмары хъæуы цæрджытимæ дæр æмæ Президент Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, рæхджы сын арæзт кæй æрцæудзæн сæхи культурон артдзæст.

Знауыры поселочы Хицауады цæугæ рабадты Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал йæ ныхас райдыдта ивгъуыд азы бакæнгæ куысты чысыл афæлгæстæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, куыд ивгъуыд азы, афтæ ацы аз дæр районы администрацийы сæйрагдæр здæхтытæ сты цæрджыты царды æмвæзад æмæ гъæд бæрзонддæр кæнын, æххуысхъуаг бинонтæн адресон ахъаз кæнын, хъæууон хæдзарады размæцыдæн æххуыс кæнын æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстытæ. Уæвæг  проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны нысанæн, районы разамонæг кусджытæ рæстæгæй рæстæгмæ æмбæлынц цæрджытимæ. Районы активонæй цæуынц цалцæггæнæн-æндидзынгæнæн куыстытæ, кæцытæ æххæст кæны районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Ивгъуыд аз уый бакодта донуадзæн  Гомарт-Уахтана-Терегуаны арæзтадон куыстытæ, кæцыйæн йæ резервуары гуырахст у 400 тоннæйы. Ацы аз та кæронмæ фæуыдзæн йæ дыккаг этап æмæ донæй ифтонг æрцæудзысты 120 хæдзары цæрджытæ. Нуазыны дон ма рауагъд æрцыд Гобозты хъæумæ дæр. Ахæм куыстытæ, администрацийы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, дарддæр дæр æххæст цæудзысты.

Знауыры поселочы асфальт æрцыдысты æппæт уынгтæ дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты æртæ коммуналон бирæфатерон хæдзæртты. Се ‘мбæрзтытæ раивтой дыууæ цæрæн корпусæн, сæмбонд кодтой стадион. Цалцæггæнæн куыстытæ бакодтой районы 6 скъолайы.

Ацы аз ма фæнд кæнынц Мугуты хъæуы сæйраг уынджы сасфальт кæнын.

Зынгæ куыст цæуы хъæууон фæндæгты уавæр фæхуыздæр кæныныл. Бантыст уал ахæм фæндæгтæ 7 хъæумæ сцалцæг кæнын, кæцытæн сæ иумиаг дæргъ у 25 километры. Цалцæг фæуд кæнынц Знауырæй Гобозты хъæумæ æмæ Уæллаг Оконамæ фæндæгтæ дæр. Ацы аз ма, Гæбæраты Инал куыд фехъусын кодта, афтæмæй цалцæг æрцæудзæн фæндаг Нагутнийы хосгæнæндонмæ.

Куыстытæ æххæст цæуынц куыд райцентры, афтæ хъæуты уынгты дæр срухс кæныныл. Æвæрд сæ цæуынц брæтты контейнертæ.

Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы фæкæсинаг æмбæстæгтæн æххуыс кæнынмæ.

Районы администрацийы сæргълæууæг бузныг загъта Президент Бибылты Анатоли æмæ политикон парти «Иууон Ирыстон»-æн, районы цæрджытæн алыварсон æххуыс кæй кæ-нынц, уый тыххæй.Районы сæргълæууæг ма æрдзырдта ахæм проблемæтыл, кæцыты аскъуыддзаг кæнын йæ бон нæу районæн. Цæвиттон, æппæт районы дæр карзæй лæууы цæрæнуаты фарст. Раивын хъæуы, сæ иумиаг дæргъ 50 километры кæмæн у, уыцы электрохæххытæ. Районы архайынц 13 зæхкусæгон-фермерон хæдзарады æмæ 40 бæрц та арендатортæ, фæлæ сæ куыст зын кæны, хъæууонхæдзарадон техникæ сын кæй нæ фаг кæны, афтæ ма сæ продукци кæм ауæй кæной, уый сын кæй нæй, уыдæтты аххосæй. Хицæн хъæуты ис, фæсивæд сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитой, уыцы проблемæ дæр.

Рабадты Президент йæ хъусдард аздæхта районы цæрæнуатæй сифтонг кæныны хъуыддагмæ æмæ банысан кодта, цæмæй цæрджытæ сæхæдæг дæр архайой, ракæной зиутæ. Сæ бон куыд у, афтæ та сæм арæзтадон æрмæджытæй фæкæсдзæнис Хицауад дæр. Президент цымыдис кодта районы электроадæттæн хæххытыл цахæм куыст цæуы æмæ куыд скъуыддзаг цæудзысты, уыдæттæм дæр.

Фермерон хæдзарадтыл дзургæйæ, Президент бацымыдис кодта, куыд æмæ кæд цæудзæнис æххуыс, йæ фермерон хæдзарад райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн.

РХИ-йы Экономикæйы ми-нистр Кокойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй иу бизнес-план дæр æнæхъусдардæй нæ баззайы. Президент бафиппайдта, уыдон æхсæн бынат кæй уыдзæнис знауырæгтæн дæр. Æмæ бафæдзæхста кредиттæ лæвæрд кæй хъуамæ цæуа цæсгомджын фермертæн, кæ-цытæ уый фæстæ сæ хæс бафиддзысты.

РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн та бабæрн кодта, цæмæй банымайа, Бехъмары цы культурон артдзæст арæзт хъуамæ æрцæуа æмæ Знауыры поселочы автовокзалы арæзтадæн цас æхцайы фæрæзтæ бахъæудзæн, уый. Хъорнисы фельдшерон-акушерон пунктыл дзургæйæ та Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрæн хæсгонд æрцыд, цæмæй лæмбынæг сахуыр кæна ацы хъуыддаг æмæ уыцы фельдшерон  пункт йæ функци кæй не ‘ххæст кæны, уый тыххæй рахаст æрцæуа Хъорнисы хъæумæ.

Президент ма бацымыдис кодта дыгай æмæ æртыгай бынæтты чи кусынц, уыцы æмбæстæгты фарст куыд скъуыддзаг цæуы районы, уымæ. Æнæмæнгхъæуæгыл банымадта районы донсыгъдæггæнæн, канализацион æмæ доны хæтæлты баивын.

Æмбырды фæстæ Президент бабæрæг кодта районы рынчындон. Азылдис рынчынтыл, бацымыдис кодта се ‘нæниздзинадмæ. Уый фæстæ йæхи цæстæй федта рынчындоны лаборатори, дæндæгты æмæ реанимацион кабинетты куысты уавæртæ.

Рынчындоны сæйраг дохтыр Гæбæраты Эммæ куыд загъта, афтæмæй рынчындон æййафы доны хъуагдзинад. Президент бахæс кодта, цæмæй скъуыддзаг æрцæуой канд доны проблемæ нæ, фæлæ ма лаборатори æмæ иннæ кабинетты цы цухдзинæдтæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр. Бибылты Анатоли ма бацымыдис кодта, рынчындон хостæй, стæй транспортæй, афтæ ма кадртæй куыд ифтонг у, уыдæттæм дæр.

 

 

ФЕМБÆЛД ПОСЕЛОЧЫ ЦÆРДЖЫТИМÆ

Уый фæстæ Президент фембæлд поселочы цæрджытимæ. Йæ раныхасы уый банысан кодта, Хицауадимæ кæй бауынаффæ кодтой, цæмæй сæ рабадтытæ уагъд цæуой районты дæр æмæ министрадты, ведомствоты сæргълæуджытæ сæхæдæг зонгæ кæной адæмимæ, сæ цардуагон уавæртимæ. Ацы фембæлдтытæн ма сæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ чиновниктæй алчидæр бацæуы йæ дæлбаруæвæг ведомствомæ æмæ базонгæ вæййы проблемæтимæ. Проблемæтæ та вæййы. Абон цы фарстытæ скъуыддзаг цыдысты æмбырды, уыдон уыдысты электроэнергийæ ифтонгад, донæй ифтонгад æмæ телеуынынады алæвæрдты гъæд фæхуыздæр кæнын, Бехъмары хъæуы арæзт кæй хъуамæ æрцæуа хъæууон администраци, спортивон зал æмæ клуб кæм уа, ахæм бæстыхай. Хъорнисы хъæуы хъæууон амбулатори дæр æдзæллаг уавæры кæй ис, уымæ гæсгæ дзы, æнæмæнг, арæзт æрцæудзæнис ног фельдшерон-акушерон пункт. Ам, поселочы та хъуамæ райхæлд æр-цæуа, рынчындоны фарсмæ цы бæстыхай ис, уый.  Уымæн æмæ у кæлæдздзаг æмæ аразынæн нал бæззы. Афтæ ма арæзт хъуамæ æрцæуа автовокзал дæр. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ бабæрн æрцыдысты РХИ-йы Арæзтады министрæн.

Президент ма дарддæр æрдзырдта, поселочы арæзт кæй æрцæудзæнис 18 бинонтæн хæдзар дæр. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фаг нæу, фæлæ уал бинонтæ сæхи фатерты хицæут-тæ куы бауой, уæд уый дæр хорз хъуыддаг у», – загъта уый.

Банысан кодта, бирæтæн сæ хæдзæрттæ кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ фарст кæй æвæ-рынц Хицауады раз, цæмæй сын ног хæдзæрттæ арæзт æрцæуа. Фæлæ Президент адæмæн бамбарын кодта, афтæ кæй никуы уыдис. «Адæм сæхæдæг арæзтой сæхицæн хæдзæрттæ, кæрæдзийы æххуысæй, ракодтой-иу зиутæ. Уыцы хъуыддаг хорз хъуыды кæнынц хистæр фæлтæр. Абон та принципиалонæй æвæрынц фарст, цæмæй сын сæ бæсты Хицауад араза хæдзæрттæ. Раст у, хъуамæ Хицауад йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæна адæммæ, фæлæ уыдон сæхæдæг дæр хъуамæ тырной, архайой сæ хъуыддæгтыл», – загъта уый.

Уый фæстæ Президент бузныг загъта, се ‘ууæнк ыл чи бафтыдта, уыдонæн, æмæ уыимæ банысан кодта, уыцы бынатмæ кæй бацыд æрмæстдæр иу нысанæн – цæмæй йæ равзарджыты, республикæйы æппæт цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæной.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, 2008 азы августы хæсты чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæн дарддæр Уæрæсе æхцайы фæрæзтæ кæй нал дих кæны, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, дарддæр дæр кæй архайдзæнис сæ саразыныл. «Уæрæсе, уæд рахицæн кодта уый бæрц фæрæзтæ, æмæ сæ саразæн уыд, æгæрыстæмæй, алы æмбæстаджы хæдзар дæр. Фæлæ ныр, мæнмæ æгад кæсы, æдзух, мæгуыргурау, дæ къух даргъ кæнын. Хъуамæ нæхæдæг дæр фезмæлæм. Цалынмæ нæхæдæг сызмæлæм, уæдмæ мах размæ никуы ацæудзыстæм. Хицауады раз цы хæстæ ис, уыдон æххæст цæудзысты, æххуыс цæудзæн адæмæн дæр, фæлæ алчи дæр йæхæдæг дæр хъуамæ фезмæла.

Хицауадæн куы скъуыддзаг кæнын кæнай дæ алы хъуыддаг дæр, уæд хъуамæ дæхи дæр бафæрсай, æз та цы æххуыс дæн хицауадæн, зæгъгæ. Цæвиттон, рухсы æхца æрмæстдæр фыст цæуы 25 проценты. Афтæ цæрæн нæй дарддæр, хъуамæ алы адæймаг дæр бамбара, Хицауады фарсмæ йæхæдæг дæр кæй хъуамæ балæууа, уый. Мах афæдзы дæргъы раивтам 100  хæдзарæн се ‘мбæрзтытæ,  аразæм хæсты рæстæджы чи ныппырх сты, уыцы хæдзæрттæ дæр. Абон нæ бюджет зынгæ фæфылдæр хи фæрæзтæй. Уыдонæй 100 милуаны бæрц фиддонтæ æрбацыдысты «Мегафон»-æй. Уæдмæ, 13 азы дæргъы, уый иу сом дæр никуы бахаста бюджетмæ. Уыцы фæрæзты руаджы та мах фæфылдæр кодтам сывæллæтты пособитæ, нырмæ мах дыккаг сывæллоны тыххæй ницы фыстам, стыр проблемæтæ уыд ахæстоны дæр, ахæстæттæн ницы уавæртæ уыд æмæ уавæр карз кодтой. Ныр сæ уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Æркастæуыдзæн куыстмыздтæм дæр æмæ æппæт уыдæттæ та арæзт цæудзысты нæ бюджеты фæрцы.

Уый фæстæ Президент дзуапп радта цæрджыты цымыдисгæнæг фарстытæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.