3-æм октябры РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид ауагъта Хицауады радон рабадт. Ардæм æрбацыдысты Хицауады уæнгтæ, министрадтæ, ведомствотæ æмæ комитетты сæргълæуджытæ, горæтты æмæ районты администрациты хистæртæ.

Хицауады рабадты боны фæткы уыд 15 ахсджиаг фарсты. Сæ сæйрагдæрты тыххæй уын мах æрдзурдзыстæм нæ уацы.

Фарстытæй иу уыд Дзау æмæ Цхинвалы районты администрациты уагæвæрд сфидар кæныны фæдыл. Куыд зонæм, афтæмæй ивддзинæдтæ бахастæуыд раздæр æмæ ныр уыдон бафидаргонд æрцыдысты хицауады æмбырды.

Хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали æрдзырдта йæ министрадты куысты тыххæй: «Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрады  2014 азмæ абаргæйæ, æрцыд бæрæг ивддзинæдтæ.

2015 азы цы хуымзæххытæ байтыдтам, уыдон сты 159 гектарæй фылдæр. Дыргъгуыст æмæ халсаргуыст дæр бæрæг фæфылдæр арендаторты фæр-цы. Ныртæккæ хъæууон хæдзарады министрады дæлбар цы зæххытæ ис, уыдонæй 100 гектары бæрц ис арендатортæ æмæ фермерты къухты. Иумæйагæй сисгæйæ хъæууон хæдзарады министрад продукци æрцæттæ кодта 911 милуан æмæ 770 сæдæ сомы бæрц.

Уæдæ 2014 азмæ абаргæйæ продукци фæфылдæр 29,4 %», – дзырдта йæ доклады хъæууон хæдзарады министр. Уый ма загъта, зæгъгæ, хуымзæххытæн сæ фылдæр скъутæр æмæ схъæд сты. Уымæ гæсгæ, дам, хъæуы сæрмагонд техникæ балхæнын, цæмæй зæххытæ сæрибар æр-цæуой æмæ бæззой куыстæн.

Президент райгондæй нæ баззад, ныртæккæ хъæууон хæдзарад цы куыстытæ кæны, уыдон гуырахстæй. «Фермертæ æмæ арендатортæ цы куыст хъуамæ кæниккой, уыдонæн сæ фылдæр æмбис кæнынц паддзахад. Ацы аз уыдон хоры культурæтæ æркодтой 2 мин 680 сæдæ тоннæйы бæрц. Уыдонæн сæ фылдæр хай дих æрцæудзæнис зонæгæрон цæрæг цæрджытыл. Хъæууон хæдзарады къабазы куыстмæ ноджыдæр ис ахæм фиппаинаг, республикæйы территорийыл кусы 68 ветеринарон дохтыры, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ æмбæлон куыст не ‘рцыд Африкæйаг емынæйы ныхмæ. Ацы низæй амард бирæ хуытæ», – карзæй дзырдта Президент.

Ацы къабазы куыстæй райгонд кæй нæ баззад Президент, уымæ гæсгæ бафхæрдта хъæууон хæдзарады министрады. Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Аланы та бафæдзæхста, цæмæй лæмбынæгдæр йæ хъус дара йæ дæлбаруæвæг министрадты куыстмæ.

Хицауады Сæрдары иннæ хæдивæг Козаты Димитрæн та бахæсгонд æрцыд, цæмæй хъæууон-хæдзарадон продукттæ æмæ дыргътæ цы амалиуæггæнджытæ æркæнынц, уыдонæн арæныл цæугæйæ мацы ныхдуртæ æмæ къуылымпытæ уа.

Хицауады рабадты ма ныхас кодта Бастдзинады комитеты сæрдар Джиголаты Хасан дæр. Уый йæ куысты къуылымпыдзинæдты тыххæй загъта: «Телевизион сигнал адæттæн передатчиктæ бæрзонд сты æмæ сæ цалцæг кæнын та лæууы зынаргъ».

Джиголаты Хасан ма куыд загъта, афтæмæй Бастдзинады комитет тæрхондонæй рамбылдта хъаст, кæцы балæвæрдтой раздæры Бастдзинады комитеты хистæр Коцты Валерийыл. Ныры комитеты сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй Коцты Валери хицауадæй дары 13 милуан сомы æхца.  Комкоммæ зæгъгæйæ та 2009 азæй нырмæ уымæн Уæрæсейы сæйраг каналтæ радиодæттæн сигналы тыххæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн кæнынц, уыцы фæрæзтæ нæ цыдысты хицауады бюджетмæ. Ныртæккæ Джиголаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ тæрхондон рахаста раст уынаффæ  æхцайы фæрæзтæ цæудзысты комкоммæ бастдзинады комитеты хыгъдмæ. Коцты Валерийæн та амынд æрцыд, цæмæй 2009 азæй нырмæ паддзахадæй цы æхцайы фæрæзтæ дары, уыдон раздаха фæстæмæ.

«Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæггæнджыты» архайды закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй та ныхасы рацыд экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям. Министр куыд зæгъы, афтæмæй 16 статьяйы закон домы ивддзиндтæ, цæмæй паддзахадон бюджеты уа æхцайы фæрæзтæ реалон секторы фарс балæууынæн. «Мæнмæ ис ахæм фæндон, цæмæй паддзахадон бюджеты сæрмагонд æфтиæгтæй 2 % æххуыс цæуа чысыл амалиуæггæнджытæн. Уыцы хæрдзтæ слæууыдысты 15 милуан сомы бæрц», – загъта Экономикæйы министр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй кæд æмæ ахæм закъон ист æрцæуа, уæд мах баивдзыстæм программæ, кæцымæ гæсгæ реалон секторæн уыдзæн стыр æххуыс. «Ацы фæндон экономикæйы министрадмæ рагæй сæвзæрд. Куыст æрцыд алы фадыджы ‘рдыгæй дæр», – загъта министр.

Президенты зæрдæмæ фæцыд ацы хъуыддаг, фæлæ нырмæ реализаци цæмæннæ цыд, уый тыххæй та Финансты министр Хæбæлаты Азæ афтæ загъта: «Уымæн йæ сæйраг аххосаг æрмæстдæр уыд паддзахадон бюджеты фаг финанстæ кæй нæ уыд, уый. Фæлæ мах архайдзыстæм ахæм хæрзиуæгон хъуыддаджы тыххæй амæлттæ кæнын, цæмæй бизнес-инициативæтæн фæндаг дæттæм»,- загъта Хæбæлаты Азæ.

Министры кабинеты уæнгтæ иумæйагæй растыл банымадтой Зæгъойты Вильям сын сæ размæ цы проекты закъон рахаста, уый.

Ацы темæйыл дзургæйæ, РХИ-йы Президент рабадты уæвджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта йæ кусæгон фембæлды рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Президентимæ кæй ныхас кодтой уыцы фарстытыл. Инвестицион программæйы фæлгæтты хъуамæ хицæн æрцæуа ацы программæ реализацийы тыххæй 250 милуан сомы кредитон проекттæ аразыны нысанæн. Тагъд æркастæуыдзæн уыцы фарстмæ æмæ уæд махæн дæр нæ хъуыддаг фæрæвдздæр уыдзæн.

Хицауады уæнгты зæрдæмæ фæцыд проекты уынаффæ  дæр, кæцымæ гæсгæ хъуамæ реализаци æрцæуой РХИ-йы социалон-экономикон райрæзты 2015-2017 азтæн цы программæ сырæзт, уымæн къамис арæзт кæй æрцыд, уый. Къамисы хæс та уыдзæнис Инвестпрограммæйыл кусын. Министры ныхæстæм гæсгæ ацы  проектыл уынаффæ цыд Президенты администрацийы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады.

Иумæйаг ахуырады министр Гасситы Натали дзырдта Къостайыхъæуы цæрджытæ рагæй кæй тыхсынц сæ хъæуы сабиты цæхæрадон кæй нæй уый тыххæй æмæ арæх кæй æрбахатынц министрадмæ. «Цы зонæнтæ нæм ис, уымæ гæсгæ абоны бон уым рæвдауæндоны кары сабитæ сты 36 бæрц. Къостайыхъæуы иумæйаг ахуыргæнæндон скъола арæзт æрцыд 150 ахуыргæнинагæн. Æцæгæй та дзы ахуыр кæны 51 сывæллоны. «Цæмæннæ ис гæнæн, цæмæй скъолайы иу хайы арæзт æрцæуа сабиты рæвда-уæндон?», – дзырдта Гасситы Натали.

Хицауады уæнгтæ се ‘ппæт дæр сразы сты ахуырады министры ныхæстимæ.

Рабадты ма æркастысты 2016 азы Пенсион фонды бюджеты проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дæр.

Уый фæдыл та ныхасы рацыд РХИ-йы Пенсион фонды хистæр Тасойты Азæ. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй ивддзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд Хицауады ног программæ арæзт кæй æрцыд æмæ æнæмæнгхъæуæг пенсион системæмæ хаст кæй æрцыд, уый тыххæй. Уый ма ноджыдæр загъта, программæ бакусыны тыххæй кæй хъæуы æхцайы фæрæзтæ 84 милуан сомы бæрц. Уыдонæй нæхицæн нæ бон суыдзæн ссарын 4 милуан сомы, иннæ хай пенсион фонды хистæр домдта паддзахадон бюджетæй. Ацы фарсты фæдыл хицауады уæнгтæ бахатыдысты Пенсион фондмæ, цæмæй сæхи фæрæзтæй самал кæной иннæ æхцатæ, цы резервон фонд сын ис, уырдыгæй. Кæд æмæ, дам, уым нæ разына фаг суммæ, уæд паддзахады бюджетæй æххуыс æрцæудзæн ацы программæ реализаци кæнынæн.

Бирæ вазыгджын æмæ актуалон фарстытыл дзырд цыд Хицауады радон рабадты. Ам ма ныхасы рацыд республикæйы Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ. Уый та дзырдта ныртæккæ йæ комитеты цы ахсджиаг фарст тыхсын кæны, ома, Леуахийы цæугæдоны уавæрыл, Дзауы поселокæй суанг нæ горæты онг куыд чъизийæ цæуы, уый фæдыл. Уый та Санитарон дохтыры ныхасмæ гæсгæ у æрдзы ныхмæ фыдракæнд. Ацы фарст стыр дискусситæ сæвзæрын кодта рабадты хайадисджытæм. Ацы æппæрццаг фæзынды ныхмæ æвæстиатæй исты мадзæлттæ исын кæй хъæуы, ууыл гуырысхо ничи кодта.

Уынаффæ райстой, цæмæй тагъд рæстæджы куыст æрцæуа ацы актуалон фарстыл, æмбарынгæнæн куыстытæ ауадзой ацы фыдракæндтæм бар чи дары, уыцы субъектимæ. «Леуахийы дон хъуамæ цæуа хъахъхъæд цыфæнды негативæй дæр» – уыд сæ хъуыды рабадты хайадисджытæн.

Фæлæ ууыл нæ фесты, Хицауады радон рабадты цы фарстытыл уынаффæ кодтой, уыдон. Уымæй дарддæр ма ноджы дæр дзырд цыд къорд вазыгджын       хъуыддæгтыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.