РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Фаррух Исломовы. Уынаффæ цыд республикæйы Сырх Дзуары Дунеон Комитеты архайд æмæ уæвынады фарстытыл.

Фембæлды ма хайад райстой Сырх Дзуары Дунеон Комитеты хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Юлия Книтель æмæ миссийы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Болататы Вандæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг РХИ-йы Хицауады Сæрдарæн радзырдта сæ архайды иууыл нысаниуæгджындæр здæхтыты тыххæй, бæлвырддæрæй, æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны, афтæ ма гуманитарон характеры æмæ æндæр социалон проблемæты фæдыл куыст организаци кæныны тыххæй.

Пухаты Эрик лæмбынæг байхъуыста Фаррух Исломовмæ, Сырх Дзуары Дунеон Комитет Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны агурыны фæдыл цы куыст кæны, уымæ æмæ банысан кодта ацы куысты æнæмæнгхъæуындзинад.

Йæ рады Фаррух Исломов банысан кодта æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны фæдыл æртæфарсон координацион механизмы куысты ахсджиагдзинад æмæ бузныг загъта республикæйы Хицауадæн сæ æххуыс æмæ æмгуысткæнынады тыххæй.

«Фыццаг рады мæн фæнды мæхи базонгæ кæнын, куыд Минæварады ног сæргълæууæг æмæ мæ хъуыдытæ зæгъон Хуссар Ирыстоны нæ архайды тыххæй. Афтæ ма мæ бузныг зæгъын фæнды Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадæн, абоны бонмæ нын цы æххуыс бакодта, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, бынæттон хицауиуæгадимæ нæ æнтысгæ æмгуысткæнынад дарддæр дæр кæй кæндзæ-нис», – банысан кодта Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг.

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.