Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик хайад райста Паддзахадон таможнæйон комитеты коллегийы хыгъдон æмбырды, цыран  уынаффæ кодтой  2019 азы  куысты архайды фæстиуджытыл.

«2019 азы республикæйы бюджетмæ æрбацыд 329 милуан 852 мин сомы, æрвыст та æрцыд 253 милуан 615 мин сомы. 2018 азимæ абаргæйæ, уый фæфылдæр ис 81 милуан  797 мин сомы», – банысан кодта таможнæйон службæйы сæргълæууæг.

Цхуырбаты Мураты ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы таможнæйон пост «Рукъ» æрæмбырд кодта фиддонтæ 57 милуан 867 милуан сомы, кæцы, 2 милуан 694 мин сомы фылдæр у 2018 азимæ абаргæйæ, таможнæйон пост «Раздæхæн» та 2 милуан 209 мин сомы.

Ист акцизон фиддонты суммæ у 173 милуан 153 мин сомы. 2018 азимæ абаргæйæ, суммæ фæфылдæр ис 77 милуан 397 мин сомы.

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, товарæрзылды æмæ экспортон-импортон операциты ис æвæрццаг динамикæ, фæзынынц æддагон-экономикон архайды ног архайджытæ.

Кадрон политикæйыл дзургæйæ, Цхуырбаты Мурат фехъусын кодта, зæгъæ, комитеты штатон нымæц у 94 адæймаджы.

«2019 азы дæргъы таможнæйон органмæ ист æрцыд иу кусæг, иу та ист æрцыд йæ бынатæй. Хыгъдон рæстæджы æхсæз рауагъдоны каст фесты Уæрæсейаг таможнæйон академи, ахæм дæсныйæдтыл куыд «таможнæйон хъуыддаг», «юриспруденци» æмæ «экономикæ».

Ведомство уадзы РХИ-йы таможнæйон органтæн бæрзондквалификациджын кадртæ цæттæ кæныны куыст», – загъта Цхуырбаты Мурат.

Коллегийы куысты рæстæджы нысан æрцыд, Паддзахадон таможнæйон комитеты къухдариуæгад кæй фембæлд Уæрæсейы  федералон таможнæйон службæйы Цæгат-кавказаг таможнæйон управленийы минæвæрттимæ, цæмæй æруынаффæ кодтаиккой Евразиаг экономикон цæдисы территоритæм транспортон фæрæзты ацæуыны фарстыл, кæцытæ сты сæрмагондæй пайда кæнынæн, афтæ ма цæгатирыстойнаг таможнæйы бирæварсон автомобилон уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» иумæйагæй контроль кæныны практиконæй среализаци кæныны фарстытæ.

Сæйраджыдæр, уынаффæ цыд, уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» иумæйаг уæ-рæсейаг-хуссарирыстойнаг таможнæйон контролы технологон схемæйы фарстытæ, афтæ ма Евразиаг экономикон цæдисы Таможнæйон кодексы уагæвæрдæй практикон æгъдауæй спайда кæныны тыххæй.

«Бибылты Анатолийы номæй уын бузныджы ныхæстæ зæгъын 2019 азы цæсгомджын, æнтыстджын куысты тыххæй. Паддзахадон таможнæйон комитет у республикæйы бюджеты æфтиæгты сæйраг гуырæн, æмæ мæ ныфс ис, фидæн азы таможнæйон службæйы нысан кæй уыдзæн фарстытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнын, кæцытæ здæхт сты республикæйы цæрджыты фæрныгад фæхуыздæр кæныныл», – банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.