Хъӕууон хӕдзардзин фӕллойгӕнӕгæн иу ран ӕрбадт нӕй, ӕдзух куысты зилдухӕнты вӕййы, тырны канд абоны куыстытӕ ахицӕн кӕныныл нӕ. Уымӕн йӕ хъуыдытæ баст вæй-йынц, сомбоны ӕнтыст къухты куыд фылдӕр ӕмӕ тагъддӕр бафтын кӕна, ууыл.

Ахӕм хӕдзарады разамонӕг у Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрӕг Хъабанты Хъазбег дӕр. Йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ хъӕууон цардӕй иппӕрд никуы уыд, ӕдзухдӕр уыд йӕ гуылфӕнты. Дуджы зыгъуыммӕ фӕивдимӕ йӕхи нӕ ауагъта, фӕлӕ тынгдӕр ӕрбангом хъӕууон цардмӕ ӕмӕ ныр ӕртыккаг аз сси бирӕкъабазджын хисӕрмагонд хӕдзарады къухдариуӕггӕнӕг.

Зымӕгон райсом. Цыфӕнды хорз боныгъӕд куы уа, уӕддӕр уазал ирдгӕ уӕнгты хъары. Уый куыннӕ ӕмбары хӕдзардзин фӕллойгӕнӕг ӕмӕ развӕлгъау батыхсы куыд йӕхицæн, афтӕ фосӕн дӕр хъарм ӕмӕ æдыхст зымӕгиуат сифтонг кӕныныл. Уый бӕрӕг уыд, йæ хӕдзарадыл азилгæйæ дæр. Куыддӕр хӕдзарады раз балӕууыдтӕн, афтӕ мӕ размӕ рацыд Хъазбеджы фырттӕй сӕ иу – Сослан, йӕ хӕдфӕстӕ та – йӕхӕдӕг. Ӕрзилын мӕ кодта ӕмӕ мӕхи цӕстӕй федтон хӕдзарады ӕнтыстытӕ. Скъӕты дуар фегом кӕнгӕйӕ, æттæмæ ралыгъдысты фыстӕ, сӕ разӕй сӕ бодз, афтӕмӕй. Хъабаны фырт куыд загъта, афтӕмӕй уыдон сты 70 фысы. Сӕ бынат у хъарм, ӕрвитынц ӕфсӕст зымӕгиуат. Кӕд зымӕгон бонтӕ кӕны, уӕддӕр зæхх у сур æмæ вӕййынц хизӕнуаты.

Уымӕй дарддӕр ма йӕм ис 4 хъуджы, дыууæйæн дзы ис родтæ, ӕввахс рӕстӕджы иннӕ дыууӕ дӕр ныззайдзысты.

Бинонтӕ кӕнынц хуыдарды куыст дӕр, кӕд бирӕ фыдӕбон домы, уӕддӕр. Уазалӕн тынг нӕ фӕразынц, стӕй сæ хӕринаг дӕр бирӕ хъæуы. Уыдонæн дæр сӕ бынӕттӕ сты хъарм ӕмӕ райдзаст, рӕстӕгыл сӕм базилы. Ӕдӕппӕт сын ис цыппар хуыгисты ӕмӕ 6 дзӕргъы. Дзæргътæн сæ хъыбылтæ куы бахъомыл вæййынц, уæд сæ ауæй кæнынц. Ныртæк-кæ та сæм ис 10 хъыбылы.

Хъазбег канд фосдарды куыст нӕ кӕны, фӕлӕ ма йе ‘ргом здахы зӕххы куыстмӕ дӕр ӕмӕ йын ам дӕр ис раппӕлинаг фӕстиуджытӕ. Цӕвиттон, ивгъуыд аз байтыдта фӕззыгӕнд мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхор ӕмӕ сӕ ӕрзайын кодта хъӕздыг тыллӕг. Цы хойраг ӕркодта, уымӕй ма йын уӕйкӕнинаг ис 12 тоннӕйы мӕнӕу ӕмӕ 15 тоннæйы та хор. Уыцы ӕнтыстытӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, хӕдзарад тырны, цӕмӕй фидæн азы куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ уой ноджы фӕстиуӕгджындӕр. Ӕфсирон культурӕтӕ байтауыны тыххӕй йӕ зӕххы фадыг 31 гектары фӕзуатыл ӕрцыд хуымгонд ӕмӕ уал дзы фӕззыгӕнд мӕнӕу байтыдта 6 гектары, уалдзӕджы та хъӕбӕрхоры фӕзуат бацахсдзӕн 25 гектары. Амӕйразмӕ байтыдтытӕм алыгъуызон уырынгонты ныхмӕ бахаста маргхимикаттӕ, бахæссинаг ма сæ у дыккаг хатт дæр.

Ӕнтыстытӕ хорз сты, фӕлӕ хӕдзарад цӕмӕй тыхсы, уыдонӕн дӕр ӕнӕ зӕгъгӕ нӕй. Цӕвиттон, ацы хӕдзарад ӕрбынат кодта хъӕуӕй дӕрддзӕф бынаты ӕмӕ тынг тыхсы, фӕндаг мӕгуырау уавӕры кӕй ис, уымӕй. Хъӕумӕ ӕруагъдӕуыд нуазыны дон, фӕлӕ уыцы хӕрзиуӕгӕй дӕр нӕу хайджын, хардзӕн ӕдзухдӕр ласгӕ донӕй пайда кӕны. Ацы фарстытӕ ӕвӕрццагӕй аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй Хъабаны фырт бæргæ хъаст кæны, фӕлӕ абоны онг нырма йӕ хъуыддагӕй ницы рауад. Кусын ӕмӕ фӕллой кӕнын кӕй фӕнды, йӕхи ӕмӕ ӕхсӕнады хӕрзи-уӕгӕн чи фыдӕбон кӕны, ахӕм хъӕууон фӕллойгӕн-джытӕн сӕ уавӕртӕ ӕдзухдӕр хъӕуы рог кӕнын.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.