Июны мæйы нæм Смоленскæй æрыхъуыст стыр æхсызгон хабар. Уым уагъд цыдысты Æппæт Уæрæсейы егъау турниртæ рог атлетикæйæ, спортсментæ – паралимпиæгты ‘хсæн. Хайад дзы райстой нæ горæты рог атлетикæйы спортсментæ Бибылты Димитр æмæ Кобесты Вадим дæр. Уыдон дыууæ дæр сты рог атлетикæйы тренертæ Кокойты Хох æмæ Бибылты Аллæйы хъомылгæнинæгтæ.

Бибылты Димитр зындгонд у, паралимпиаг спортсменты ‘хсæн «33» классы Æппæтадæмон чемпионаты æвзист майданы хицау ядро æхсынæй. Бæргæ Димитрæн нæ уыд æмбал, уымæй размæ ацы спорты хуызы, фæлæ спортсмен, чемпионаты размæ райста уæззау трав-мæ, сарæзта операци æмæ бынтон йæ гаччы нæма сбадт. Уымæ гæсгæ йæ потенциал кæронмæ равдисын не ссис йæ бон.

Дыккаг лæппу, кæцы архайдта Æппæтуæрæсейаг паралимпион турниры æвзæнгты ‘хсæн, сси Цхинвалы районы Дменисы хъæуккаг Кобесты Вадим.

Вадим фыццаг хатт нæ рухс кæны йæ тренертæ æмæ хиуæтты зæрдæтæ. Уымæй размæ йын цы бирæ хорзæхтæ уыд, уыдонмæ та бафтыд ноджыдæр-иу. Уый бацахста 1500 метры дистанцийы лидзынæй 1-аг бынат æмæ 100, 200, 400 метры дистанцийæ та рамбылдта æртæ бронзæ майданы. Кобесты лæппу ссис рекордсмен иу турниры уый бæрц майдантæ райсынæй.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, иууыл стырдæр хъæздыгдзинад у æнæниз уæвын, фæлæ цард куыд фæзилдзæн, уый ничи зоны, бынтон æнæниз адæймагæн дæр гæнæн ис, иу уысммæ йе ‘нæниздзинад фæцуда. Ис æдых адæймæгтæ, кæцытæ сæ къух сисынц сæ цардыл, ома, ныр цыфæнды дæр уæд. Фæлæ ис тыхджынтæ дæр, Вадим æмæ Димитры хуызæн. Уыдон сæ тыхтæ æрæмбырд кæнынц æмæ сæ тыхтæм ноджыдæр тых бафтаугæйæ, дисы баппарынц мах, бынтон æнæниз, фæлæ йæ тыхтæй æппæтварсонæй чи нæ пайда кæны, уыдоны.

Цал æмæ цал цæвиттоны ис, фидар удыгъæдæй хайджын цы адæм сты æмæ, уыдон мæлæтæй, гъе, та цæрæнбонтæм сынтæгыл рынчынæй сæ бонтæ æрвитынæй сæхи кæй фервæзын кодтой, уыцы мидæггагон тыхы фæрцы. Уый нæ, фæлæ, ма царды стыр æнтыстытæ дæр сæ къухы бафты. Æз æрмæст спорты кой нæ кæнын, ахæм дæнцæгтæ æрхæссæн ис аивад æмæ зонады.

Æз абон цы æвзонг лæппуйы кой кæнын – Кобесты Вадим, уымæн йæ ныййарджытæ – Кобесты Руслан. Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусæг æмæ Лолоты Мальвинæ, кæцы у бирæсывæллонджын мад, сæрыстыр уыдысты, сæ фырт тæлфаг кæй у, йæ тæлтæг митæ-иу худæгау кастысты æвзонг ныййарджытæм.

Къостайы загъдау – «Лæппуйæ рæдиаг нæ вæййы æвзæр». Вадимы хъомыл кодта йæ мады мад. Йæ нана Бибылты Нателæ мысы: «Ахуыргæнæгæй фæкуыстон цæргæ-цæрæнбонты, куыднæ федтон тæлтæг сабиты,  фæлæ дзы мæ-хи Вадимæн æмбал нæ уыд. Уысммæ-иу мын цыдæр æрбаци, йæ агурынæй-иу мæ сæр разылд. Уыцы æнамонд бон дæр уыд афтæ; сыхаг лæг тракторыл бадт æмæ йæ дыргътæ пырх кодта. Вадим трактормæ ‘ввахс балæууыд, лæдзæг ын йæ зиллаккмæ бадардта æмæ лæдзæгимæ иумæ сывæллоны къух дæр рæмбыкъæдзы онг скæрдæн кодта», –  абон дæр нæ уромы йæ кæуын Вадимы нана Нателæ.

Вадим спорты архайын раджы райдыдта. Нырма йæхи фæлвæрдта футболæй, уый фæстæ йæм хуыздæр фæкаст рог атлетикæйæ архайын. Фыццаг бонæй нырмæ йын æнтыстытæ кæй уыд, уый йæ ноджы сразæнгард кодта æмæ ныр æнæ спорт йæ цард нæ æнкъары.

Кобесты Вадимы тыххæй йæ тренер Бибылты Аллæ афтæ зæгъы: «Вадиммæ уый бæрц тых кæцæй ис, ууыл фæдис кæнын бирæ хатт. Уый уæлахиздзау кæй суыдаид, ууыл æз иунæг уысм дæр нæ дызæрдыг кодтон. Адæймагмæ цы хорз миниуджытæ ис, уыдонæй иу у хиуыл æууæндын. Вæййы афтæ дæр, æмæ нæхи бон цы вæййы саразын, уымæ дæр кæмæдæр фенхъæлмæ кæсæм. Вадимы хуызæн спорсментæ бирæ нæй. Йе уæнгты цы хъару ис, уыимæ иумæ ма йæ æрдз зондæй дæр схорзæхджын кодта. Нырма æвзонг у, афтæмæй та у куырыхон зонды хицау. Вадим канд паралимпион турнирты нæ исы хайад. Иннæ спортсменты æмрæнхъ дæр архайы æмæ йын вæййы æнтыстытæ уым дæр», – зæгъы Вадимы тренер.

Цард тох у! Масты раивы цин, низ дæр фæзыны, стæй фесæфы – а-дунейыл рæстæгмæ у алцы дæр. Фыццаг ныфс кæмæй хъуамæ бавæрай, уый дæ дæхæдæг! Æууæнд дæхиуыл æмæ цыфæнды зын уавæрты дæр дæ ныфс ма фесаф. Царды зындзинæдтыл æмæ æнамонддзинæдтыл, фыццаджыдæр, уæлахиз кæнынц удыхъæдæй тыхджындæртæ.

«Æцæг дзы ис чысыл нюанстæ дæр, хорз у, дæ алыварс хорз хиуæттæ куы уа æмæ сын æдзух сæ аудындзинад куы æнкъарай, уæд дæ тыхтæм ноджы дæр æфтдзæн тых, хъару», – зæгъы Вадим йæхæдæг.

Уæдæ, уадз Вадимы цæвиттон æндæртæн дæр зонд-зонæн уæд. Де уæнгтæ æмæ дæ сæры зонд змæлын кæн, цæмæй дын царды уа æнтыстытæ. Цæмæй дæ алыварс адæмы хæрзиуæгæн пайда хæссай. Цæмæй дæ рыстзæрдæ ныййарджытæн (рыстзæрдæ уымæн зæгъын æмæ ныййарæгæн уымæй зындæр ницы ис, йæ хъæбул æнæфæразон куы уа). Æмæ, уадз дæ кадæй кадджын уæд дæ ныййарджытæ. Дæуæн та, Вадим, царды уæд æнтыстытæ. Иу арфæйаг хъуыддагæй хиз иннæмæ. Канд спорты нæ, фæлæ дæ царды бæллицтæ иууылдæр сæххæст уæд!

Рог атлетикæйы сæйраг тренер Цъæ-хилты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй: «Сентябры мæйы Æппæтадæмон ассоциацийы спорты федераци (IAAF) æркæсдзæн æмæ аскъуыддзаг кæндзæн Уæрæсейы рог атлетикæйы спортсменты хъысмæт, ома, уыдон уагъд цæудзысты æви нæ, бæрзонд æппæтадæмон турниртæм. Кæд æмæ фарст æвæрццагæй ахицæн уа, уæд нæ паралимпион спортсментæ Бибылты Димитр æмæ Кобесты Вадим архайдзысты Уæрæсейы иугонд командæйы сконды. Уæрæсейы иумиаг сконды тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй дыууæ лæппуйæн дæр ис хорз  спортивон фидæн», – зæгъы номдзыд тренер Цъæхилты Игорь.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.