Нафийы æгæрон сфæлдыстад — национ хæзна

Зынгæ, курдиатджын адæймæгты юбилейты алы хатт дæр æппæлгæ фæкæнынц, уæдæ цы. Ныры дуг та ахæм у, æмæ искæй æфхæрыс, уæд истыгар — хъуын-хъис дзы куынæуал аззайа; искæй стауыс, уæд æй Хуыцауы цъупмæ куыд сисай — цæй тыххæй, цы сарæзта, уый скойы æфсæрм дæ нæй. Мæн афтæ фæнды, зæгъгæ, сæфт кæнæ йæ гени хонын, æмæ сымах дæр хъуамæ фæзмат мæн.
Ахæм аргъгæнджытæн се ’фхæрд дæр, се ’ппæлд дæр сæхицæй раздæр амæлынц — æвзæрæн йæ рыг нæ ацæгъдынц, хорзыл сæ цъыф нæ ныххæцы.

Абон нæ дзырды сæр чи у — Джусойты На-фи, кæнæ та йæ адæм, æндæр ирон стыр фысджытау — Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Арсенау — уарзгæйæ æрмæст номæй куыд хонынц — Нафи — æнæраны цъыфкалæнтæ дæр æмæ раны æппæлд дæр цъус нæ бавзæрста æмæ нæ федта. Йæ царды хæрдтæ дæр дзæвгар уыдис æмæ уырдгуытæ дæр. Дисы йæ ницæмæй бафтаудзыстæм.

Уый тыххæй зынгæ поэт æмæ литературæиртасæг Дзуццаты Хадзы-Мурат афтæ загъта: «Иу рæстæджы чидæртæ Нафийы сфæлдыстадæн раст аргъ нæ кодтой: Нафи, дам, хъуыды кæны уырыссагау, фысгæ та — иронау æмæ, дам, уымæ гæсгæ йе ’мдзæвгæтæ сты тæлмацы хуызæн… Мæнмæ гæсгæ, Нафийы æмдзæвгæтæ уыдысты ног фæзынд нæ поэзийы. Уыдон хастой семæ ногдзинад æмæ кæйдæрты трафаретон, рæсугъд, фæлæ тутт æмдзæвгæты хуызæн куынæ уыдысты, уæд сæ тæлмацы хуызæн схуыдтой».

Æз, ныртæккæ рæстæг хынцинаг кæй у, уый охыл дæрдты нæ дзурдзынæн, цы бирæ æмдзæвгæтæ, кадджытæ, радзырдтæ, уацаутæ, романтæ, критикон æмæ зонадон уацтæ æмæ куыстытæ фæмыхуыр кодта, уыдоныл. Æрмæстдæр цыбыртæй бацархайдзыстæм, ирон дзырдаивадмæ, литературæзонадмæ ногæй цы ’рбахаста, уыдон арæхтæ æрнымайыныл, уымæй бæрæг уыдзæн, иу рæстæджы иу зæххыл цы стыр адæймагимæ цардыстæм, куыстам, иу уæлдæф кæимæ улæфыдыстæм, уый.

Нафи Ирыстоны иууыл зындгонддæр кæмæй ссис, уый у йе ’гæрон сфæлдыстад — йæ поэзи, прозæ, драматурги, зонадон æмæ тæлмац уацмыстæ, йæ публицистикæ æмæ йе ’хсæнадон куысты фæстиуæг.

Се ’ппæты номгай æрымысын дæр æнцон нæу, фæлæ бацархайдзыстæм, ирон литературæйы уыцы жанртæм ногæй цы бахаста, æрмæст уыдон æрнымайыныл.

Нафи ирон дзырдаивадмæ куы æрбацыд, уый тыххæй зынгæ ирон фыссæг æмæ литературæиртасæг Джыккайты Шамил хуымæтæджы нæ загъта, ома, алы лæгæн дæр цар-ды ис йæхи нысан, йæхи бынат; Нафийы курдиат æхсызгон хъуыд ирон культурæйы, ирон монон царды æмæ адæмы фарнæй фæзындис афоныл. Афоныл уымæн æмæ «редакцитæ иунæг домæн æвæрдтой поэты раз: рифмæтæ дзы уæд æмæ нырыккон хъуыды, суанг рифмæгонд лозунгтæ уæд — уый та ноджы хуыздæр! — æмæ алчи дæр йæхи цæттæ кодта æмæ йæ быцъынæг тыдта ахæм „поэзийыл“ кусынмæ».

Уыдис-иу рæстæджытæ, æгæрыстæмæй, фысджытæй дæр бирæтæ комкоммæ физикон æгъдауæй йæ скуынæг кæнынмæ куы сидтысты…

Фæлæ, нымæт нæмынæй бæзджындæр куыд кæны, афтæ Нафи дæр, кæд диссаг у, уæддæр æппынæдзух куыста йæхиуыл æмæ йе ’рмдзæф кодта тыхджынæй-тыхджындæр. Иу æнтыст иннæйы фæдыл уый тыххæй æфтыд йæ къухы.

Уый фæбæрæг йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Салдаты зæрдæ»-йæ. Уыцы дуджы нæ поэзийы Фыдыбæстæйон хæстыл цы поэтикон чингуытæ фæзынд, уыдон хуыздæртæй уыдис. Чиныгкæсджыты йæхимæ æлвæста йæ хуымæтæг æмæ сыгъдæг зæрдæйы уагæй. Уымæй æрлæууыд Нафи фыццæгты рæнхъы.

Йæ бонрæфты иууыл хуыздæр поэтикон æмбырдгонд «Зын кары» та ирон поэзийы уыдис революцийы хуызæн.

Цард æнцон никуы уыд æмæ нæу. Нафийæн алæбон дæр йæ къухы куысты æнтыст кæй æфтыдис, уый йын лæвæрдта куыстхъомдзинад, иу уæлахиз иннæйы фæдыл исыны хъару.

«Зын кары» фæстæ йæ кæцы поэтикон æмбырдгонд нæ уыд æнтыст — «Æнæном чиныг», «Сабыр ныхæстæ», «Изæры рухс», «Хæрзбон, ссæдзæм æнус!» Æмæ сæ йæ ныхмæлæуджытæн цалы къух арæзта, цæмæй йæ хуыдтаиккой «антипартион», «антисоветон», «антиадæймагон» æмæ, чи фæнымайдзæн, цалхуызон «анти» æмæ «титæ» мысыдысты æмæ фæмысынц сæ партийыл дæр, сæ советон цардæвæрд æмæ сæ адæмыл дæр сæхи удты иубонон пайдайы тыххæй, — табу уæ фарнæн, — чи нычъчъыртт кодтой, уыдон. Нафи та, лæгау-лæг æмæ фыссæгæн куыд æмбæлы, афтæ иузæрдыг уыд йæ компарти æмæ йæ советон цардæвæрды идейæтæ æмæ йæ адæмыл. Дзырд зæгъыны сæр куы хъуыд, уæд та, кæй æрцахстой, сырд-доны кæй дарынц, фæлæ ахсты иунæг, бынылзадæй дæр чи нæ цот кæны, уыцы хъæддаг галмæ дзырдта æхсарджынæй:

Æфсымæр хъæддаг гал!
Иунæг нал дæ, æз — дыккаг.
Багъæц уал.
Лæгдзинад æвæстаг нæ вæййы,
лæгдзинад мах у.

Ныр та уал, æфсымæр,
аскъуыйæд фæлтау дæ мыггаг,
Фæлæ макуы су
æрмахуыр!

Нæ уæзгуытæ уæзæгуат кæй кæнынц, ууыл æппæты фыццаг зæлланггæнаг аивадон æвзагæй чи сдзырдта? Нафи. Мады стыр уарзт нæ æппæты фыццаг иууыл хуыздæр, аивдæрæй чи равдыста? Нафи. Фæлгонцон уынынад ирон поэзимæ иууыл æрттивгæдæрæй чи хастой, уыдон æхсарджынтæй чи уыд? Нафи.

Æмæ æрмæст поэзийы нæ уыдис фыццаг рæнхъы. Афтæ уыд прозæйы жанры дæр. Курдиатджын адæймаг хъуыддагзонгæйæ йæхи цæмæ феууындзы, уый йæ къухы æнæмæнг бафты.

Нафийы размæ ирон прозæйы цъус нæ уыдис цæстыахадгæ уацмыстæ. Ис нæм новеллæтæй фыст оригиналон уацау дæр — Беджызаты Чермены «Мæсгуытæ дзурынц».

Рагпаддзахы заманæй диссагæн дзуринаджы æрмæг сты историон уацмыстæн, уæдæ, цы! Æмæ сæм æппæты фыццаг чи æрæвнæлдта? Чеселты хæстыл историон роман чи ныффыста? Нæ ирон адæмы уыцы сæруæлдай тох æцæг аивадон æвзагæй адæмы рæгъмæ æрттивгæ чи рахаста? Кæй зæгъын æй хъæуы — Нафи. Йæ роман «Фыдæлты туг» 1965-æм азы хицæн чиныгæй рухс куы федта, уæдæй фæстæмæ уымæн ссис ирон фæсивæдæн ахуыргæнæн чиныг.

Уый фæстæ фæзындысты къорд ирон историон романы, фæлæ фыццаг уæддæр Нафи уыдис. Фыццагæн та алы хатт дæр зындæр цæуæн вæййы. Традици аразын йæхимæ æрхауы, фæлæ йæ адæмы хъысмæтыл чи сагъæс кæны, уымæн æй æнæ аразгæ нал вæййы. Куы зонай, дæ адæмæн дын цы митæ кодтой — «хæцгæ чи кодта уырысы æфсæдтимæ, уыдонæй Рененкампф есырæй ракодта 118 лæджы. Адон Уырысы хицæуттæ, куыд фыдгæнджыты, афтæ æфсæддон тæрхонмæ радтой æмæ дзы 23 лæгæн шпицрутентæ аскъуыддзаг кодтой: мин цæфæй къаддæр никæмæн радта уыцы æфсæддон тæрхондон. Цæмæй ирон адæмы стырдæр тас бацыдаид уырысы хицæуттæй, уый тыххæй уыцы 23 лæгæй алкæй дæр хъæумæ фæкодтой æмæ сыл уым адæмы цæсты раз Уырысы салдат ауагътой шпицрутентæ. Уый фæстæ сæ ноджы Сыбырмæ ахастой». Æмæ абон афтæтæ чи фæдзурынц æмæ фæмыхуыр кæнынц, Къостайæн æз дæр йæ зæвæтмæ баххæстæны тыххæй, кæд, дам, нæ чи надта уистæй, уыдæттæ истори рафæлдахынмæ ма хъуамæ зивæг кæниккой, цæмæй адæмы дæр ма æппарой дызæрдыджы æмæ сæхи дæр ма худинаг кæной адæмы цæсты.

Нафи нæ зивæг кодта нæдæр истори базонынмæ, нæдæр кусынмæ, иу æнтыст иннæйы фæдыл уый тыххæй æфтыд йæ къухы. Ирон хъæу кæй æдзæрæг кæны, ууыл æппæты фыццаг тæхудиаджы уацау («Урс-урсид мит») чи сфæлдыста? Нафи. Ирон прозæмæ фыццаг публицистон уацау («Зарæг дыууæ хъæлæсæй») чи ’рбахаста? Нафи.

Уыцы дзырд — «фыццаг», «фыццаг» нæ бон у фæлхатт кæнæм бирæ, бирæ хæттыты. Уымæн æмæ Нафи литературæйы дæр, зонады дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис фыццаг.

Ирон прозæйы дæр фольклоры бындурыл фыццаг дилоги — «Сырдоны цæссыгтæ» Нафийы фыссæн сисы фындзы бынæй рацыд. Нывæндгæ та йæ скодта нæ адæмы цыт æмæ фарн «Нарты кадджыты» бындурыл.

Уæдæ, ирон драматургимæ дæр фыццаг психологон драмæйы æууæлтæ Нафийы сфæлдыстадæй цæуынц. Ирон нывæфтыд публицистикæ та Нафи цы бæрзæндмæ систа, уымæн æвдисæн у йæ егъау, ахадгæ чиныг «Царды æвидигæ сагъæс».

Æмæ æндæр адæмты литературæйы классикты уацмыстæй цы бирæ аив тæлмацтæ балæвар кодта нæ адæмæн, уыдон! Ирон æвзагмæ æндæр æвзæгтæй тæлмац кæныны дæсныйад профессионалон æмвæзадмæ бирæ цæмæйдæрты сырæзт Нафийы æрхъуыды æмæ арæхстдзинады фæрцы.

Нæ литературон критикæйы Нафийы цæстæнгасæн æмбал кæй нæй; нæ литературæйы классикты сфæлдыстад масштабонæй, профессионалон цæстæнгасæй фыццаг нæ кадылæг кæй æрæвнæлдта æвзарынмæ. Уый сæрмагонд монографитæ кæй цард æмæ сфæлдыстадыл ныффыста, уыдон цъус не сты — Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо, Коцойты Арсен, Гæдиаты Цомахъ, Нигер, Плиты Грис…

Уæдæ, ирон литературæйы истори ныффыссыныл кæд бирæ хæттыты уыдис бафæлвæрдтытæ, уæддæр стыр дамгъæйæ райдыдта Нафийы «История осетинской литературы»-йы 2 томонæй.

Нафи ирон адæм, ирон аивад æмæ зонадæн, Ирыстонæн цы бирæ хæрзты бацыд, уыдон иу сахат, иу бон, иу афæдзæй нымайгæ не сты; уыдонæн æрмæстдæр рæстæджы бон бауыдзæнис раст аргъ скæнын.

Цæмæй Нафи иурæстæджы ахæм адæймаг, фыссæг, зонадон кусæг æмæ æхсæнадон архайæг уыдаид, уый æнцон нæ уыд. Фæлæ лæгау-лæджы хъаруйæ цух никуы уыд, зыдта зынтимæ тох кæнын æмæ уæлахиз йæ къухы уый тыххæй æфтыд. Æндæр хабар у — цы аргъæй. Фæлæ уый дæр йæхицæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр ничи зæгъдзæн:

Зындæр у, де ’мгæртты фыдхахуыр,
Хæлæртты ’нæцæстуарзон ми
Дæ цæрæнбон куы кæной къахыр,
Фæлæ дзы ’нæбыхсгæ кæм и?

(«Зын кары»)

Быхсын дæр домбай лæджы миниуæг у. Куыд, уый Нафийæн амонын никуы хъуыд. Æнтысгæ дæр ын уымæн кодта.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.