Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирæн цы университет ис, ууыл куы дзурай, уæд нæ ахиздзынæ нæ Ирыстоны патриот, тæлтæг æмæ нæртон зиууон, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг, нæ истори иртасджытæй сæ иу, доцент, историон зонæдты кандидат, Хъуылымбегты Алекси Естъайы фырты иувæрсты.

Алы дугæн дæр вæййы йæхи фæлтæр. Уыдон та вæййынц сæ дуджы цæсгом æвдисæг æмæ хъахъхъæнæг. Хистæр фæлтæр сæ кæстæртæн хъуамæ ныууадзой хорз фæд сæ бакæнгæ хъуыддæгтæй.

Ацы рæгъытæ фыссæг нæ рухсады галуанмæ æрбакъахдзæф кодта 1955 азы, нырма куыд студент, афтæ, стæй 1961 азæй абонмæ та дæн æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг.

Диссаджы фæлтæр æрбаййæфтон ам, семæ кусын æмæ ныхасæй бафсæдæн нæ уыд. Уыдон уыдысты: Джиоты Иларион, Георги, Дзассохты Къоста, Хъуылымбегты Гигуц, Цоциты Федыр, Хетæгкаты Уасил, Плиты Иосиф, Тедеты Суликъо æмæ Федыр, Бекъойты Димитр, Мамиты Гига, Пæррæстаты Магрез, Лазарь Розин, Николай Ромащенко, Гæбæраты Никъала, Плиты Арон, Мамиты Гигуц, Дыгъуызты Павел, Дулаты Амыран, Къæбулты Барис, Дзиццойты Ахмæт, Козаты Авксенти, Беджызаты Дудар æмæ æнд.  Чи сæ фæуыдзæн нымад. Уыцы хистæр фæлтæримæ уыд нæ зиууон Хъуылымбегты Алекси дæр. Уыдоны ‘хсæн махæн уæздан бынаты сты нæ сылгоймæгтæ-лектортæ: Бекъойты Софья, Дзассохты Нинæ, Галуанты Нинæ, Надеждæ Верхось, Цхуырбаты Оля, Лизæ, Замирæ, Медойты Боболкæ, Джиоты Соня, Женя, Гаглойты Ганиффæ, Тедеты Верæ, Инга Битюгова, Дина Маркозова.

Рæхджы нæ университет (пединститут) нысан кæндзæн йæ 85 азы цытджын бæрæгбон. Уæд алкæуыл дæр ныхас цæудзæн бæстонæй, канд кæй ранымадтон, уыдоныл нæ, фæлæ кæй кой нæ ракодтон, уыдоныл дæр. Уыдоныл нымайын кæстæр фæлтæр – Беджызаты Дудар, Плиты Юри, Дзабиты Мендик, Мæргъиты Таймураз, Тедеты Герас, Цоциты Аслан, Тасойты Ботаз.

Майы мæй махæн цины мæй дæр у æмæ хъыджы дæр.  Уæлахизы бæрæгбоны махæн мысинаг сты, хæсты быдыры чи баззад, уыдон дæр æмæ нæм туджы пырхæнтимæ чи æрыздæхт, уыдон дæр.

Нæ пединститутæй – лекторæй, студентæй бирæтæ баззадысты хæсты быдыры, уæлахиздзауæй нæм чи æрыздæхт, уыдонæй иу уыд Хъларсаг саджы фисынтыл амад, нæ кафаг лæппу, Хъуылымбегты Алекси.

Уæззау æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Алекси. Райгуырд 1915 азы, цард цæдджинагау куы фыхт, адæм царды бартыл тохы куы бацыдысты, уыцы æвирхъау дуджы. Йæ ныййарджытæ уыдысты цыбыркъух зæхкусæг адæм. Фыд Естъа йæ удæй арт цагъта, цæмæй йæ бинонтæн маамæлайы къæбæр ардтаид. Фæлæ 1920 азы йæхи æнæбары муртæй дæр æнæхайæ баззад. Гуырдзыйы æрдонгтæ басыгътой Джеры ком дæр, фæнык фестад Хъларс дæр, бинонтæ сæ ных радтой  Цæгатмæ æмæ уым фесты 1921 азмæ. Цы тухитæ, цы æбуалгъы уавæрты бахаудтой адæм, уыдон чи фæнымайдзæн.

Ралæууыд ног дуг, адæм здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм, æрыздæхт Естъа дæр йæ папитимæ, 5-6 аздзыд Алекси йæхи цæстæй федта царды фыдад.

Дуг къухаразæг куы уа, уæд цард къахыл сæвæрын æнцон у. Естъа хæдзары хъуыддæгты æмрæнхъ тыхст йæ зæнæджы ахуыры хъуыддагыл дæр. 1930 азы Алекси каст фæци Джеры райдайæн кълæсты скъола, стæй бацыд Цхинвалы педтехникуммæ. Ныр æвзонг лæппу цардмæ акаст æндæр цæстæй, федта колхозон арæзтад, базонгæ фæскомцæдисонты куыстимæ, канд ахуыры нæ, фæлæ-ма йæ ных сарæзта, педтехникумы цы зард æмæ кафты ансамбл уыд, уырдæм дæр.

Йæ хъуыддæгтæ хорз цыдысты, фæлæ, дам, мæгуыр уæрццæн зад хуымы хизын нæ фидауы. 1932 азы амард йæ фыд  Естъа, хæдзары уæз канд мадыл нæ рынцад, æрæлхъывта æвзонг Алексийы дæр, фæлæ цардбæллон лæппу нæ бакуымдта цудын, йæ тыхтæ радта ахуырмæ, аивадмæ. Йæ ахуыргæнæндон каст фæци 1937 азы. Æбуалгъы дуг уыд уый дæр. Æвзонг лæппу федта дуджы стыр хъуырдухæнты, куыд сæфтысты йæ цæстыты разæй радгай Иры разагътайы лæгтæ, колхозы сæрдæрттæй райдайгæйæ.

Педахуыргæнæндоны фæстæ кусын райдыдта сæхи, Хъларсы райдайæн скъолайы. Бакуыста дзы иу аз, йæ зæрдæ дзырдта йæ дарддæры ахуыримæ æмæ та уый дæр  йæ къухы бафтыд. 1938 азы сси Сталиниры паддзахадон институты историон факультеты студент.

Нæ бантыст æвзонг лæппуйæн йæ институт фæуын, – ныннæрыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сармадзан, фæраст Хæсты быдырмæ Алекси йе ‘мбæлттæй бирæтимæ, йе ‘фсымæр Шаликоимæ Плиты Грисы ныхæстæ фæлхатгæнгæйæ:

«Æлгъыстæй дзыназа зындоны,

Цы лæг æрымысыд хæст».

Йæ хæстон фæндæгтæ райдыдтой 1941 ноябры мæйæ. Нæ бантыст æвзонг хæстонтæн фенын сырд куыд фæтыхст йæ хызы æмæ йæ хуыггомы мард куыд æрцыд. Фæцис уæззау цæф 1943 азы, нал сбæззыд хæцынæн æмæ йæ бахъуыд йæ райгуырæн зæхмæ æрыздæхын.

Хæствæллад хæстон иу ран не ‘рбадт, уæхскуæзæй бавнæлдта алыгъуызон куыстытæм. Райдыдта рухсады хайады кусын инспекторæй, фæстæдæр нысан æрцыд ахуыры хайады лекторон къорды хистæрæй.

Цардбæллон  лæппуйæ  рох нæ уыд дарддæры ахуыры хъуыддаг.  1946 азы æнтыстджынæй каст фæци йæ факультет æмæ уыцы аз ссис Тбилисы университеты аспирант. Уый дæр каст фæци 1949 азы.

1949-1951 азты Алекси куыста нæ пединституты Марксизм-Ленинизмы кафедрæйы ассистентæй.

1951 азы хуынд æрцыд Тбилисы В.Сараджишвилийы номыл консервато-римæ, цыран каст лекцитæ Компартийы историйæ.

Уæддæр хи къуым, хи къуым у, æмæ хъларсаг лæппу фæстæмæ æрбаздæхт нæ институтмæ æмæ кусын райдыдта кафедрæйы кабинеты сæргълæууæгæй. Уый æмрæнхъ уæхскуæзæй куыста йæ диссертацийыл æмæ йæ æнтысгæйæ бахъахъхъæдта 1953 азы ахæм темæйыл: «1919-1921 азты большевикты партийы тох Хуссар Ирыстоны Советон хицауад сфидар кæныны хъуыддаджы».

Хъуылымбегты Алекси нæ институты 1952 азæй фæстæмæ фæкодта дæллаг галы куыст. Дзæвгар азты каст лекцитæ партийы историйæ, кодта егъау хъомыладон куыст студентты хсæн. 1958 азы студентты къордимæ хайад иста Кустанайы Нæузæххыты тыллæг æфснайыны хъуыддаджы. Дзæвгар азты уыд Хуссар Ирыстоны обкомы æнæштатон лектор. Уыдис кæддæриддæр æмбæлттæн дæр æмæ студенттæн дæр уарзон адæймаг. Йæ фæзынд-иу алы хатт дæр бахъæлдзæг кодта, кæуыл-иу сæмбæлд, уыдоны.

Зыдта æмæ рæхст адæмимæ цæрын. Уарзон адæймаг уыд сыхбæсты дæр, стæй уæд куысты дæр.

Йæ рæстæгмæ гæсгæ, Алекси бирæ ахсджиаг фарстытæ рахаста рæгъмæ ирон адæмы историйæ. Уый фыццаг сбæлвырд кодта, чи уыдысты 13 коммунары, цы уавæрты бахаудтой уацары, куыд сæ фæдæлсыджыт кодтой.

Абоны бон нæм Айдарты Знауыры тыххæй нæ къухы цы æрмæджытæ ис, уыдон дæр нæм сты Алексийы фæрцы.

Хуссар Иры геноцид 1920 азы, лидзæг адæмы уавæр, сæ царды уаг Цæгаты, се рыздæхт – бирæ тых бахардз кодта Алекси уыцы æрмæджытæ æртымбыл кæныныл.

Фæсивæдон организаци «Спартак»-ы историйыл зæрдиагæй бакуыста Алекси. Йæ куыстытæ мыхуыр кодта газет «Хурзæрин» («Советон Ирыстон»), журнал «Фидиуæг», стæй уæд пединституты зонадон уацты.

«Лæджы, дам, базондзынæ фынгыл, кæнæ фæндагыл».  Алексиимæ иу хатт фынгмæ чи бахауд, уый алы хатт дæр дзырдта: тæхуды, йемæ ма фæбад.

Алекси æрдзæй хъæлдзæг зæрдæйы уаг рахаста, æвзонгæй йæ ныббастой сæхимæ ирон кæлæнгæнæг кæфтытæ. Кафджыты къордтæ сарæзта Джеры æмæ Уанаты. Арæх иста хайад алыгъуызон олимпиадæты, егъау аргъ ын-иу скодтой йæ арæхстдзинадæн.

Ныртæккæ  нæ ансамблы бындур-æвæрджытыл нымад цæуынц Тугъанты Махарбег, Галаты Барис æмæ Бирæгъты Зауыр.

Бирæгъты Зауыр 1936 азы куы гом кодта фæсивæды ансамбл, уæд ма нæ лæппутæ æмæ нæ чызджыты цы урæдта. Тынг бирæ фæсивæд æрымбырд Бирæ-гъы фыртмæ.  Уый сæ байдыдта æв-зарын, равзæрста дзы 30, сæ арæхст-джындæрты. Уыдоны нымæцы уыд Алекси дæр.

Зауыр кæй райста, уыдон уыдысты:  Харебаты Владимир, Хъуылымбегты Алекси, Гаглойты Тауырбег, Сланты Къоста, Гæбæраты Григори, Дзаттиаты Уакка, Гæджиты Хъазбег, Дыгъуызты Афанас, Алыккаты Хадзымырзæ, Кæсæбиты Къоста, Джеллыты Валентинæ, Гæбæраты Еленæ, Гаглойты Аня, Плиты Заирæ, Тадтаты Фæрдыг æмæ Зинаидæ, Пæррæстаты Ханиффæ æмæ æнд.

Хъуылымбегты Алекси кæд йæ царды фæндæгтæ кæронмæ ирон аивадимæ не сбаста, уæддæр ын æнтыстытæ уыд ацы хъуыддаджы. Ууыл та дзурæг сты, 1940 азы ирон аивад æмæ литературæйы декадæ Тбилисы куыд ацыд, уый фæстиуджытæ.

Уый тыххæй йæ мысинæгты Цæгат æмæ Хуссар Иры адæмон артист Дзаттиаты Уакка афтæ зæгъы: «Ныхæстæй зын зæгъæн у «Симд»-ыл куыд дисæй мардысты, уый. Сценæ æмызмæлд кодта къахкъухтыл кафджыты бын, кафыдысты сабитæ, фæсивæд, хистæр фæлтæр. Уыдон та уыдысты: Харебаты Владимир, æфсымæртæ: Хъуылымбегты Алекси æмæ Шалва, Бидеты Мысост, Сланты Къоста, Гæбæраты Гриша, Кæсæбиты Къоста;  кæстæртæ – Санахъоты Чермен, Плиты Виктор, Еналдыты Вахтанг, Абайты Чермен, Тедеты Федыр, Гæбæраты Хъасбол, Дыгъуызты Афанас, Дзуццаты Ахмæт».

9 майы бæрæгбон, стæй уæд институты  университеты юбилейты Алекси аззайы рохуаты, цы дыууæ юбилейон чиныджы рацыд пединститут – университетæн, уыдоны йæ кой рæстмæ нæ дæр ис, никуы дæр дзы йæ ныв ис.

Ирыстоны патриот уыд Алекси, хорз историк æмæ æмбæстаг, уый дæр йæ ту-джы хай радта бæсты сæрвæлтау, бынæттон куыстыты æдде хайад райста Казахстаны Нæузæххыты басæттыны хъуыддаджы.

Ветеранты Совет, æфсæддон комиссариат, университет, стæй уæд историйы кафедрæ хъуамæ йæ бынаты сæвæрой Алексийы рухс ном.

Рæхджы нæ университет дæр нысан кæндзæн ног бæстыхайы йæ 85 азы бон. Бирæ мадзæлттæ цæуы арæзт, цæмæй университеты рацæугæ фæндæгтæ разыной æмæ сыл ныхас æрцæуа æмбæлон æмвæзадыл. Йæ историйыл цы чиныг цæуы фыст ногæй, уым бахынцыдгонд хъуамæ æрцæуа адæмы карз домæн:

«Ничи ферох, ницы ферох!».

Уæ рухс ном уын мысæм, нæ дзыллæйы лæгтæ.

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.