Æмæ та нал у фарнымдзæрин дуг,

Тæвд нæмгуытимæ ногæй уары туг,

Хъылма фæздæджы лæг кæны хуыдуг,

Нæ уæлахиздзау, бархизæг лæппутæн

Тæхынц фæдисæй дзæнæтмæ сæ удтæ…

 

Нæ рагон зæххыл нал баззади къæс,

Кæмæй нæ хъуысы удаист хъæлæс:

О, стыр Хуыцау, дæ Хуыцаумæ ыскæс,

Уыдзыстæм дын, уырдыг лæугæ, цырагъдар,

Æрмæст нæм рарвит Уастырджийы тагъддæр!

 

Кæннод нæ фæндаг басудздзæн бынтон,

Фыдгул нын н’артыл аскъæрдзæни дон,

Æнæ сæрбосæй саувæлыст уæрдон

Æрхæндæг галтæ ласдзысты кæдæмдæр,

Æууилынæн сын нал уыдзæн кæрдæг дæр…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.