Æрæджы Севастополы донбакæлæны цы теракт сарæзтой украинæйаг æмæ бритайнаг æфсæддонтæ, уый фæстиуæгæн Уæрæсейы Федераци рахызтис «хайраджы бадзырдæй».

Ныридæгæн та Уæрæсе сразы ис «хойраджы бадзырд»-ы дарддæр бакусыныл æмæ «сæр» бахъуыд хурныгуылæйнаг политиктæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты — хæлцадон товартæ дарддæр дæр зынаргъ кæндзысты æмæ йæ аххосаг ныр та адæмæн куыд æмбарын кæной? Фæлæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй тынг нæ фæтыхсдзысты — исты гæды ныхæстæ æмæ аргъæуттæ та æрымысдзысты. Æнæмæнг та аххосджын кæндзысты Путин æмæ Уæрæсейы. «Тугдзых Геббельс сын афтæ бафæдзæхста: «Цас æбуалгъдæр вæййы сайд, уыййас ыл адæм тагъддæр баууæндынц».

Хурныгуылæйнаг бæстæты разамонджытæ сæ адæмæн искуы рæстдзинад зæгъой, уымæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. Никуы уыдзæнис уый. Рагæй фæстæмæ æппынæдзух кæнынц сайгæ сæхи адæмы дæр æмæ æндæрты дæр, æмæ уавæр нæ хуыздæр кæны политикты баивдæй. Куы акæсæм историмæ, уæд бæлвырд у, Гитлеры дæр барæй кæй бауагътой хицауиуæг кæнын Европæйы иууыл тыхджындæр бæстæйыл. Срæвдз æй кодтой финанстæй, бауагътой йын йæ идеологи апарахат кæнын, цæмæй йæ алыварс æрбамбырд кæна йе ’мзонд адæмы æмæ сæ стæй сардыдтой Советон Цæдисыл. Ныр дæр та сæхи æнæсæр митæ æмбæхсынц, никæй уадзынц рæстдзинад дзурын, сусæг кæнынц, санкцитæ кæй сты сæйраг аххоссаг æппæт экономикон зындзинæдтæн, æмæ æрмæстдæр сæхæдæг кæй æркодтой уавæр ныры уагмæ, уыдæттæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстиуæгæн Сау денджызы науты змæлдад дæр бахъыгдард ис. Тæссаг уыдис теракттæй æмæ алыгъуызон фыдбылызтæ æрцæуынæй æмæ Украинæйы порттæм ничиуал уæндыдис цæуын. Хойраджы аргъ кæд æмæ раздæр дæр фылдæр кодта, уæддæр Сау денджызы портты блокадæйы фæстиуæгæн ноджы зынаргъ кæнын райдыдта æмæ азымджын кодтой Уæрæсейы. Фæлæ сын Уæрæсе комкоммæ бамбарын кодта, зæгъгæ, украинæйаг æфсæддонтæ бирæ минæтæ сæвæрдтой денджызы, æмæ хуымæтæг наутæн æдас нæу, диверситæй дæр тæссаг.

22 июлы Уæрæсе, Украинæ, Турк æмæ ИНО-йы минæвæрттæ бадзырдтой, цæмæй Одессæйы, Черноморскы æмæ Южныйы порттæ гом æрцæуой æмæ хойраг æмæ æндæр хæлцадон товартæ ласой дунейы базарадмæ. Уый фæдыл арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцыты хъусдарды бын уыдысты æппæт наутæ æмæ сын арæзт æрцыд хицæн æдас маршрут. Бадзырды рæстæг уыд 120 боны, фæлæ йын адарддæр кæнæн уыдис ноджы уыййас рæстæг. Наутæ сгарын йæхимæ райста Турк — алкæцы нау дæр хъуамæ здæхтаид туркаг портмæ.

Цы пайда уыд ацы бадзырд Уæрæсейæн?

Уæрæсейæн ныхмæ ист бирæнымæц санкцитæ зындзинæдтæ æвзарын кæнынц базарады хъуыддаджы. Уымæ гæсгæ ацы «хойраджы бадзырд»-ы дыккаг хай та уыд, ома Уæрæсейы продукци ласынæн цæлхдуртæ нал æвæрдзысты хурныгуылæйнаг бæстæтæ. Уымæн æмæ Уæрæсе дунейы базарадмæ æрмæст хойраг уæй кæны 17% гуырахстæй. Стæй ма тынг бирæ уæй кæны хъацæнтæ. Уæрæсеимæ æнгом баст сты Африкæйы, Азийы æмæ Латинаг Америкæйы бæстæтæ æмæ сæм санкциты фæстиуæгæн нал хæццæ кæнынц уæрæсейаг æнæмæнгхъæуæг товартæ. Африкæйы 45 бæстæйы хойраг æмæ æндæр хæлцадон продукттæ æлхæнынц æрмæстдæр Уæрæсейæ æмæ Украинæйæ.

Иумийагæй сисгæйæ Украинæйы хойраг стыр ролы нæ хъазы дунейы базарады. Фæлæ дзы ныры уавæры æвиппайды политикæ ацарæзтой Уæрæсейы æвзæрмæбæлджытæ. Путин сын комкоммæ дзуры, ома санкцитæ сисут æмæ мæгуыр бæстæтæн æнæаргъæй ратдзыстæм 500 мин тоннæйы бæрц хойраг æмæ 300 мин тоннæйæ фылдæр та хъацæнтæ. Фæлæ сæ нæ фæнды — æрмæстдæр сæ архайд нысанмæздæхт у Уæрæсейæн разиан кæнын, искуы исчи æххормагæй амæлдзæнис, уый сæ не ндавы.

Уæрæсейы ацы аз тыллæг хорз æрзадис æмæ Украинæ бынтондæр куы ницы ауæй кæны, уæддæр ын Уæрæсе бамбæрздзæнис йæ уæййаг хойраг æмæ мæгуыр бæстæтæ ницæуыл фæтыхсдзысты. Ныридæгæн Украинæйы порттæй астæуккаг нымадæй раластой æрмæстдæр 10 миллуан тоннæйы бæрц хæлцадон продукци. Ӕмæ æрмæст дунейы хойраджы базарады гуырахст та хæццæ кæны 467 миллуан тоннæмæ. Куыд уынæм, афтæмæй Украинæйы уæййæгтæ тынг нæ ахадынц дунейы базарады, барæй дзы аразынц политикæ, цæмæй та аххосджыныл банымайой Уæрæсейы.

Уæрæсейыл æмæ дунейы мæгуыр бæстæтыл ацы «бадзырды» фæлгæтты сайдæй разылдысты хурныгуылæйнаг бæстæтæ. Путин куыд зæгъы, афтæмæй ацы бадзырд нысанмæздæхт уыдис, цæмæй мæгуыр бæстæты хæлцадон продукцийæ сифтонг кæной. Фæлæ йæ хъуыддаг куыд равдыста, афтæмæй хой-рагыл æцæгæй тыхст бæстæтæм ницы фæхæццæ ис. Украинæйæ раласгæ хойрагæн æрмæстдæр йе 3% ласт æрцыдысты мæгуыр бæстæтæм, иннæтæ та — Европæмæ. Стæй ма уæрæсейаг продукци дæр нæ уадзынц ласын, кæд æмæ бадзырдтæ комкоммæ уый тыххæй уыдысты, уæддæр. Путин æй комкоммæ загъта, зæгъгæ хурныгуылæйнаг бæстæтæ та ногæй фæсайдтой Уæрæсейы æмæ та сæ бадзырдтæ не сæххæст кодтой.

Германы канцлер Олаф Шольцмæ фарст куы радтой, ома европæйаг бæстæтæ сæ бадзырдтæ цæмæннæ æххæст кæнынц æмæ цæмæннæ исынц сæ санкцитæ «хойраджы бадзырды» фæлгæтты, уæд æдзæсгомæй загъта, зæгъгæ, уæрæсейаг хойраг æмæ хъацæнты ныхмæ санкцитæ ист ис. Уый гæды ныхас у. Уæрæсейаг наутæн нæ дæттынц страховкæ, нæ сæ уадзынц хурныгуылæйнаг порттæм бацæуын, æндæр бæстæты нæ уадзынц банкты руаджы хойраг æмæ хъацæнты аргъ фидын. Стæй ма фæсарæйнаг наутæ нæ уæндынц уæрæсейаг продукци ласын, уымæн æмæ сын стæй сæ хицæутты сусæгæй бафхæрынц.

Ацы бадзырд Уæрæсейæн ницы пайда æрхаста æмæ кæд фæнды дæр йæ бон у æмæ рахиза бадзырдæй. Фæлæ Путин хорз æмбары уавæр æмæ та сразы ис порттæ байгом кæныныл, цæмæй та радон хатт равдиса дунейы æхсæнадæн, хурныгуылæйнаг бæстæтæ кæй сты зианхæссæг. Æвæццæгæн, АИШ-ы æмæ Евроцæдисы æнхъæлдтой, ома Уæрæсейæн куы ницы пайда хæсса «бадзырд», уæд маршрут æрæхгæндзысты æмæ та сын фадат фæуыдзæнис «цъыф» калынæн. Уæрæсейы къухдариуæгад ног бадзырдты фæстиуæгæн сæхицæй бæрндзинад систой æмæ дзуаппдæттæг сарæзтой Турчы президент Эрдоганæй.

Кæд æмæ нырæй фæстæмæ киеваг фашистон режим йæ хæстæ не ’ххæст кæна, дарддæр араза диверситæ æмæ фыдракæндтæ «хойраджы бадзырды» хъуыддаджы, уæд Зеленскиимæ комкоммæ ныхас кæндзæнис Эрдоган. Ахæм уавæрты Уæрæсейыл ницы уæз цæуы æмæ Эрдоган та суыдзæнис ноджы хъомысджындæр. Ныридæгæн æрмæстдæр Турчы президентæн ис æнгом бастдзинæдтæ Уæрæсеимæ, Евроцæдисимæ, АИШ-имæ æмæ Азийы бæстæтимæ. Уый та бирæйыл дзурæг у.

Кæд æмæ уæрæсейаг товартæ дарддæр дæр нæ бауадзой ласын, уæддæр сæвзæргæ уавæры Уæрæсе ницæмæй æмбылды кæны. Украинæйы экспорт ахæм гуырахстджын нæу æмæ фæсарæйнаг бæстæты Уæрæсейы æххуыс мауал бахъæуа. Куы стыхсой, уæд сæхæдæг цæудзысты æмæ ласдзысты хойраг дæр æмæ хъацæнтæ дæр, æмæ санкцитæм кæсгæ дæр ничиуал кæндзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.