Горæт Цхинвалы дыккæгæм сывæллæтты рæвдауæндон «Золотой ключик»-мæ фæуазæг ис бæстæйы президент Бибылты Анатоли. Йемæ ма уыдысты ахуырады министр Гасситы Натали æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Се ‘рбацыдмæ сын сабитæ бацæттæ кодтой чысыл инсценировкæ зарæджы хуызы.

Рæвдауæндоны кусджытæ президенты базонгæ кодтой сæ куысты уавæртимæ, загътой йын сæ фæндиæгтæ. Банысан кодтой, зæгъгæ, сын ис иттæг хорз уавæртæ кусынæн, фæлæ ма сын нæ фаг кæны хиирхæфсæн актон зал, кæцыйы арæзтадмæ æрæвнæлдтой рæвдауæндоны къухдариуæгад сæхи тыхтæй. Президентæн фенын кодтой йæ арæзтад æмæ йæм бахатыдысты, цæмæй сæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæна йæ саразынмæ. Бибылты Анатоли лæмбынæг байхъуыста актон залы цахæм хъуамæ уа, æмæ ма йæ фиппаинæгтæ дæр бахаста проектмæ. Банысан кодта, зæгъгæ, рæвдауæндонæн æнæмæнгхъæуæг у актон зал æмæ йæ хъæуы саразын цыбыр æмгъуыдмæ. Дзырд сын радта, кæй бакæндзæн алыварсон æххуыс æмæ ацы аз сентябры мæймæ арæзт кæй æрцæудзæн.

«Ис нæм 246 сывæллоны æмæ нын нæй хиирхæфсæн актон зал. Исты мадзал ауадзын нын вæййы тынг зын, – фæуадзæм сæ къордты хатæнты, уынгæг уавæрты. Стыр бузныг нæ Президентæн  зæгъын, кæй нæм саккаг кодта æрбацæуын æмæ ма нын ныфс дæр кæй бавæрдта баххуыс кæнынæй. Актон залы арæзтад райдыдтам нæхи тыхтæй, фæлæ ахæм егъау объектæн бирæ фæрæзтæ хъæуы æмæ уыйас не ‘ххæссæм. Йæ фæзуат хъуамæ уа 200 квадратон метрæй фылдæр. Ныр нæ ныфс бацыд æмæ мæ уырны, тагъд рæстæджы нæ сывæллæттæн кæй уыдзæн æмбæлон уавæртæ», – банысан кодта рæвдауæндоны къухдариуæггæнæг  Битеты  Фатимæ.

Уæдæ сентябры мæймæ ацы рæвдауæндоны сæвæллæттæн уыдзæн ног арæзт актон зал æмæ ахъаз кæндзæн сæ æппæтварсон рæзтæн.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.