Нæ хъæуты истори

 

Диссаджы рæсугъд бынаты ис Хъорнис! Хурыскӕсӕны ‘рдыгӕй йæ цурты цӕуы Мтилианийы цæугæдон хурныгуылӕны ‘рдыгӕй – Проне. Ӕртӕрдыгӕй Хъорнисыл æртыхст къаннæг хӕхты рӕхыс. Йӕ хуссарварс та йæхи айтыгъта рӕсугъд фӕз.

Рагæй дæр Хъорнисы бирæ адæм кӕй цард, уый у йӕ хорз уӕлдӕф ӕмӕ хъӕздыг зӕххыты руаджы, уыдис дзы зӕххы æмæ фосдарды куысты фадæттæ дæр.

Историон ӕрмӕджытӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй Хъорнисӕн ис бирӕæнусон истори. Ууыл дзурӕг у, Хъорнисы ӕмӕ йӕ алфӕмблай, полеолиты культурӕйӕн æвдисæн дзаумӕттӕ кӕй ссардæуыд, уый. Фыст ӕрмӕджыты куыд зыны, афтӕмӕй ӕрдӕгфеодалон дуджы Хъорнис уыдис Херхеулидзейы æлдæртты къухы. Фӕстӕдӕр ыл сӕ бар дардтой Палавандишвилитӕ ӕмӕ Мухраны ӕлдӕрттӕ дӕр. Мухраны ӕлдӕртты къухы Хъорнисы зӕххыты иу хай уыдис, Гуырдзыстоны тӕтӕр куы ӕлдариуӕг кодтой, уыцы заманы.

1979-æм азы 21 январы лӕвары гӕххӕттӕй куыд зыны, афтӕмӕй визир Исахъ Паша Мухраны ӕлдар Махмад-бегӕн балӕвар кодта Херхеулидзейы зӕххытӕ Хъорнисы.

XVII-XVIII ӕнусты Хъорнисы райдыдтой пырх ӕмӕ дӕрӕн кӕнын. Йæ аххос уыдысты куыд мидфеодалон ныхмæдзыдтæ, афтӕ Перс, Турк ӕмӕ лекъӕгты ӕрбабырстытӕ дæр

Бирӕ хӕттыты фӕцис Хъорнис мидфеодалон тохты амӕттаг дӕр, уӕлдай-дӕр та XVII-XXIII ӕнусты, Гуырдзыстоны уацайрӕгтӕй базар кӕнын йӕ тӕккӕ цырыныл куы уыд, уӕд.

Хъорнисы адӕм тынг рагӕй кӕй цӕрынц, ууыл ма дзурӕг сты йӕ алфӕмбла-йы хъӕутӕ ӕмӕ сӕ мӕсгуытӕ. Уым ис аст мӕсыг ӕмӕ мӕсыгуæттæ. Уыдон лӕууынц кӕрӕдзийӕ дӕрддзӕф. Сты цыппаркъуымонтӕ, къӕдзӕхдурӕй фидар ӕмӕ рӕсугъд амад. Сӕ иуæй дарддæр, иннӕтӕ сты цыппар – фондзуӕладзыгонтӕ, иу та дзы у авдӕттӕгуӕлӕ, хонынц ӕй Тегкаты мӕсыг. Мӕсыг ныккалдис. Амад уыд къӕдзӕхдурӕй, ранӕй-рӕтты дзы хӕццӕ уыд дойнаг дур дӕр, гъе, стӕй агуыри.

Мӕсгуыты амадӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыдонӕн уыдис дыууӕгъуызон ны-саниуӕг: уыдысты хӕцынӕн ӕмӕ сӕ кодтой цӕргӕ дӕр.

Хъорнисы ӕлдариуӕггӕнӕг къласӕн фӕллойгӕнджыты ӕфхӕрыны               хъуыддаджы тынг ахъаз уыдис дин. Уымӕ гӕсгӕ уӕлдай тынгдæр сӕ хъус             дардтой кувӕндӕттӕ амайынмӕ. Ам иууыл карздӕр дзуарыл нымад у Хъарасеты сыгъдӕг Гиуӕргийы кувӕндон. Амад у стыр айнӕг дуртӕй, йӕ алыварс – бӕрзонд дурӕмбонд топпӕхсӕнуӕттимӕ.

Гуырдзыстон Уӕрӕсеимӕ куы баиу, уый фӕстӕ дӕр уӕлдай ницы фæивта Хъорнисы адӕмы цардуаг. Ӕцӕг, хи бахъахъхъӕнынӕн фидӕрттӕ амайыны сӕр нал хъуыдис, уымӕн ӕмӕ знаджы ӕрбабырстӕй ӕмӕ мидфеодалон тохтӕй тас нал уыдис, нал базар кодтой уацай-рӕгтӕй, фӕлӕ фӕллойгӕнӕг адӕмы уавӕр ноджы фӕуӕззаудӕр. Бынӕттон ӕлдӕртты ӕддейӕ сӕ ныр эксплуатаци кодтой царизмы фӕсдзӕуинтӕ дӕр. Паддзахы хицауад хӕцыдис ӕлдӕртты ӕмӕ хъæздгуыты æвварс.

1818 азы Хъорнисы бавнӕлдтой ног аргъуан амайынмӕ. Æлдæрттæ Херхеулидзе Джанаспи, Луарсаб, Захар ӕмӕ Михеилмӕ Палавандов куыд фыста, афтӕмӕй ирон адӕмӕн паддзахы хардзӕй аргъуантӕ арӕзтой канд Хъорнисы нӕ, фӕлӕ ӕгас Гуырдзыстоны дæр. Ирыстоны монон къамисы кусджыты зонӕнтӕм гӕсгӕ 1852-æм азы Хъорнисы уыдис 138 цæрæг хӕдзары. Уыцы къамисы уæнг, архимандрит Никъифоры фыстӕй та зыны уый ӕмӕ 1817-æм азы Хъорнис ӕмӕ сыхаг хъӕутӕ Бехъмар, Торманеули, Цъорбис, Малда, Арчънет, Дуаны цард ногаргъуыд ирӕттӕ. Сӕ иу хай уыдысты паддзахы зӕхкусджытӕ, сӕ иннӕ хай – хъалон фыстой Полвандишвилитӕн, Херхеулидзе ӕмӕ Давиташвилитӕн.

Уӕззау, талынг уыдис Хъорнисы адӕмы уавӕр. Ахуыры фадат уыдис сӕйраджыдӕр, ӕлдӕртты фырттӕн. Афтӕмӕй та хъӕуы фӕсивӕд сӕрысуангӕй зӕрдӕргъӕвд уыдысты чиныг-мӕ. 1891 азы Хъорнисы скъолайы ахуыр кодта 72 лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы уыдонӕй дыууӕ уыдысты гуырдзиӕгтӕ, иннӕтӕ – ирӕттӕ.

Социалон ӕмӕ экономикон ныхмӕлӕудтытӕ бонӕй-бон цырындӕр кодтой фӕллойгӕнджыты хӕрам ӕлдариуӕггӕнӕг къласмӕ. 1874 азы Хъорнисы Хаситы Реуаз амардта къниаз Херхеулидзе Дауиты. Марӕг хъӕдмӕ алыгъд, фӕцис ын ӕмбӕлттӕ дӕр Хъорнисы фӕсивӕдӕй. Сарӕзтой гӕрзифтонг къорд ӕмӕ адӕмы ӕфхӕрӕг къниазтӕн хъыцъыдӕттӕ дардтой.

1903 азы Хъорнисы сырӕзт социалдемократты къорд, сӕйраг архайджытӕ дзы уыдысты. Уалыты Шакро, Икъаты Михаил, Ӕлборты Датикъо ӕмӕ Михаил, Плиты Иосиф, Джиоты Хосро ӕмӕ ӕн-дӕртӕ.

Хъорнисы фӕллойгӕнджытыл тынг бандӕвта 1905 азы 9 январы тугæйдзаг хуыцаубон. Февралы мӕйы комбӕсты уыд митинг, уырдӕм ӕрцыд 5 мин адӕй-маджы. Митинг аскъуыддзаг кодта, цӕмӕй иунӕг фиддон дӕр мауал бафыстаиккой, нæдӕр исадæй, нæдӕр ӕхцайӕ.

Уыцы аз уалдзӕджы Хъорнисы уыдис зӕхкусджыты революцион комитеты ӕв-зӕрстытӕ. Комитеты сӕдӕйы хистӕрӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Джиоты Иликъо, иумӕйаг разамынад та йын кодта УСДКП уӕнг Уалыты Шакро. 1905 азы 16 декабры Цхинвалы ӕмӕ Хъорнисы къордтӕ сӕ гӕрзтӕ ӕристой Цхинвалы полицийӕн, ӕрцахстой сын сӕ хистӕрты.

24 декабры систой Цхинвалы пост ӕмӕ телеграфы хайад ӕмӕ горӕты хицаудзинад райстой сӕ къухмӕ. Фӕлӕ сын хицауад уайтагъд сӕ ныхмӕ рарвыста ӕфсӕддон куынæггæнæг хӕйттӕ. 1906 азы 25 октябры ӕрцахстой Уалыты Шакройы дӕр ӕмӕ йӕ фехстой. Йӕ ныгӕнынмӕ Гуырдзыстоны алы къуымтӕй Хъорнисмӕ ӕрӕмбырд бирæ адӕм. Стыр Октябры социалистон революци куы фӕуӕлахиз, уӕд Хъорнисы фӕллойгӕнджытӕ сӕ карды бырынкъ сдардтой меньшевикон хицауады ныхмӕ. 1917 азы декабры комбӕстӕ фӕсырдтой меньшевикты ӕххӕстгӕнӕг комитет ӕмӕ сарӕзтой кусджыты, зӕхкусджыты ӕмӕ салдатты депутатты совет. Сӕрдарӕй йын сӕвзӕрстой Хаситы Уасилы, советы уӕнгтӕ уыдысты Хъоцыты Сандро, Гӕджиты Емгӕ, Тедеты Къузма, Хаситы Савели, Харебаты Захар, Ӕлборты Тъате, Тедеты Дауыт, Джиоты Симон, Дзӕгъиаты Лади.

1918 азы 2 февралы советы къорд Херхеулидзетӕй ӕрдомдта, цӕмӕй сын радтаиккой сӕ хӕцӕнгæрзтӕ. Фӕлӕ сын уыдон не сразы сты ӕмӕ сӕ ӕхсын райдыдтой. Уӕд зӕхкусджытӕ ныццагътой контрреволюционерты сӕргълӕуджыты – Херхеулидзе Давид, Дмитри ӕмӕ Шаликъойы.

Меньшевикты хицауад Цхинвалы районмӕ рарвыста Хазашвили Къостайы, бахӕс ын кодтой, цӕмӕй сæ гӕрзтӕ байстаид фӕллойгӕнджытӕн ӕмӕ ныссабыр кодтаид революцион змӕлд. 1918 азы 18 февралы 200 гвардионимӕ уый бабырста Хъорнисмӕ ӕмӕ ӕрдомдта, цӕмӕй ын йӕ къухы бафтын кодтаиккой революцион змӕлды къухдариуӕггӕн-джыты. Кусджыты, зӕхкусджыты ӕмӕ салдӕтты советы разамындӕй хъорнисæгтæ ӕрхъула кодтой гвардионтыл ӕмӕ сӕ фӕтардтой сӕ хъӕуӕй.

1918-æм азы 18 марты Хъорнисæгты активон хайад райстой Цхинвалы меньшевикты ныддӕрӕн кӕныны хъуыддаджы. Ацы тохты революцион тыхтӕн къухдариуӕг кодта Хаситы Уасил.

1918 азы фӕззӕджы Хъорнисмӕ ӕввахс хъӕды уыдис комбӕсты фыццаг партион конференци. Уырдӕм ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны революцион змӕлды къухдариуӕггӕнджытӕ Дзадтиаты Алыксандр ӕмӕ Санахъоты Серо. Конференци равзӕрста Хъорнисы районон комитет. Уыдысты дзы Тедеты Лентъо, Хъоцыты Сандро ӕмӕ Козаты Гора.

Августы 2008 азы тохты дӕр Хъорнисы фӕсивӕд равдыстой хъайтардзинады цӕвиттон. Цӕссыг ӕмӕ тугӕй фыст у Хуссар Ирыстоны сӕрибары сӕрыл удуӕлдай тохы авдӕнтӕй сӕ иу – Хъорнисгомы истори.

Хъорнисгомыл ма ис мæнæ ахæм таурæгъ. Раджы кæддæр, дам, (18 æнусы) Тегкаты Хажмай æдбинонтæ ралыгъд Зæрæмæгæй æмæ æрбынат кодта Чъехы. Ам уый сарæзта халагъуд. Хажмай тынг рæхстис цуан кæнынмæ. Иу бон куы уыдис, уæд цуаны ацыд æмæ схæццæ Зары æфцæгмæ. Ардыгæй Хажмай кæсы Хъорнисы ‘рдæм, дымгæ змæлын кодта бæлæсты, иу бæласы аууонæй фæзын-фæзын кодта урс мæсыгæн йæ иу къуым. Уæд æм Хажмай бацымыдис кодта æмæ араст уырдæм. Æрцыдис ардæм æмæ мæсыгы дæллаг фарс федта суадоны дон, араст йæ гуырæны ‘рдæм. Уый мæсыгмæ хæстæг федта арæзт суадон. Мæ-сыгæн йæ алыварс уыдис бирæ æнгузтæ æмæ дыргъбæлæстæ. Хажмайæн ам йæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ йæ равзæрста йæхицæн цæрæн бынатæн. Аздæхтис Чъехмæ, æркодта йæ бинонты æмæ фыццаг уый æрцардис ам. Уый тыххæй мæсыг дæр схуыдтой Хажмайы мæсыг.

Цыдис рæстæг, уый фæстæ хæхбæстæй ардæм цæрынмæ лидзын райдыдтой æндæр æмæ æндæр мыггæгтæ фыдыфыртгай, зæгъæм: Джиуитæ, Самыртæ, Хуыгатæ. Ацы нæмттæй схуыдтой мæсгуыты æмæ сæ ныр дæр хонынц афтæ.

Хъорнисæн йæхи мидæг арæзтой дурынтæ, донуадзæн хæтæлтæ, быркуытæ. Уый бæрæг у уымæй, æмæ ацы мигæнæнтæ аразынæн æллыг къахтой Уæллаг Хъорнисы. Уыцы хъæу ныр дæр хуыйны Чъециаг (Чъешиаг), ома, ам къахтой, чъеци кæмæй арæзтой, ахæм æлыг. Уыцы сыджытæй ма арæзтой хъуырæуттæ, торнетæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Хъорнисгомы мæсгуытæй иууыл стырдæр у – Хажмайы мæсыг. Ацы мæсыгæн йæ алы ‘рдыгæй фæрсты дæр ис чысылдæр мæсгуытæ, уыдон тохы рæстæджы хъахъхъæдтой Хажмайы стыр мæсыджы.

Хажмайы мæсыгæн ныгуылæны ‘рдыгæй сты, Самыртты æмæ Дзуары, скæсæны рдыгæй та – Джиуиты æмæ Чехойты мæсгуытæ. Чехойты мæсыг ракалд 1967 азы уалдзæджы.

Хъорнисы мæсгуытæй бынæттон адæм пайда кодтой туркæгты æмæ ирайнæгты ныхмæ тохы 17 æнусы. Иууыл стырдæр тох уыдис ам Хажмайы мæсыгы. Уый бæлвырд уыд уымæй, æмæ мæсыгы къултæ уыдысты иууылдæр сыгъд, йæ къулты дуртæ зынгæй ас-къуыдтæ сты æмæ мæсыг ныффæстытæ, 1890 азы йе ‘рдæг ракалди æхсæ-выгон. Райсомæй йæ Хажмай куы федта, уæд, дам, афтæ бакодта: «О! Нæ уæйыг куы ракалд, нæ уæйыг!»

Сыгъд уыдысты иннæ мæсгуытæ дæр. Зæгъæн ис уый дæр, æмæ туркæгтæй чидæртæ ам рæстæгмæ цæргæ дæр кæй æркодтой. Хъорнисы быдыры астæу цы æхсынцъыбæлæстæ уыд, уым ис хæдзаруæттæ æмæ йæ хуыдтой дзуттæгты дзуар. Ацы дзуар раджы фехæлд, фæлæ йæ дуар уыд скæсæны рдæм.

1963 азы Хъорнисы фермæмæ хæстæг разындис, æртыгай – цыппæргай мæрдтæ иумæ ныгæд кæм уыдис, ахæм дуртæй æмбæрзт ингæнтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ам цæрæг адæм кæй аскъуыдысты хæсты заманы, кæнæ та цавæрдæр низæй.

Бæрæг у уый дæр, æмæ ам цæрæг адæм кæй кодтой дыргъы куыст. Куыд зæгъынц, афтæмæй Хажмай ардæм куы ‘рлыгъдис, уæд Хъорнисы цæрæг нæма уыдис. Ам уыдис тынг бирæ æнгузы æмæ æндæр дыргъбæлæстæ. Сæндоны куыст кодтой, уый та уымæй бæрæг у, æмæ Хъорнисы хъæдты кæй уыдис хъæддаг сæнæфсиры бынтæ.

(Радзырдта сæ Галуанты Захар).

Бекъойты Майя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.