Цалдæр боны размæ кæд дардыл нæ, уæддæр нæ горæты айхъуыст, зæгъгæ, рæхджы кино-концертон зал «Чермен»-ы æвдыст æрцæудзæн æвзонг режиссер Дыгъуызты Аланы ист киноныв «Соврешь-умрешь», номимæ. Хабар алчи нæ фехъуыста, уымæн æмæ фарсты фæдыл куыд æмбæлд, афтæ нæ бакуыстæуыд, горæты конд не рцыд афишæтæ. Ахæм цаутæ нæ горæты вæййы арæх! Мыхуыры сыл дзырд дæр фæцæуы, азымджынтæ ныфс бавæрынц, ахæм цаутæ аиуварс кæныны тыххæй, фæлæ та цухдзинæдтæ ногæй æрцæуынц фæлхатт. Ацы фарсты фæдыл дыккаг бон Алан йе сфæлдыстадон изæры афтæ зæгъы: «Ар-тисты сæйрагдæр бæллицтæй иу у, цæмæй залы бирæ адæм уа. Мемæ цы артисттæ æрцыд, уыдонæн цалдæргай азтæ раздæр бæрæг у, æрвылбон дæр цы кусдзысты, уый. Сæ программæйы нæ уыд Цхинвалмæ æрцæуын, фæлæ æрцыдысты мæ домæнмæ гæсгæ æмæ цы федтой, – афтид зал».

Афтæ зæгъон, залы цъус адæм кæй уыд, уымæй кинойы ахадындзинад фæдæлдæр, режиссер йæ разы цы хæс æрæвæрдта, уый нæ сæххæст кодта, уый нæу раст. Чи æрбацыд, уыдонæй алчидæр кинойæн скодта хорз аргъ æмæ райстой стыр æхцондзинад.

Уæлдай æхсызгон мын уыд, залы бадджытæн се ‘мбисæй фылдæр æрыгæттæ кæй уыдысты. Уый та цасдæр бæрцæй дзурæг у ууыл æмæ нæ фæсивæд æрмæст интернет, телеуынынадмæ нæ цымыдис кæнынц, фæлæ ма стыр аргъ кæнынц нывæфтыд кино-нывтæн дæр.

Цалдæр ныхасы мæ зæгъын фæнды киноконцертон зал «Чермен»-æн йæхи тыххæй дæр. Абон дæр ма хорз хъуыды кæнæм, цас фенхъæлмæ кастыстæм ацы агъуысты сырæзт æмæ скуыстмæ. Скуыста æмæ нæ горæты цæрджытæ, ныр цалдæр азы хæрзарæзт бæстыхайы цы мадзæлттæм вæййы уыдонæй фæисынц стыр æхцондзинад. Йæ къæсæ-рæй бахизгæйæ йæ уынд, рæсугъд æмæ сыгъдæгдзинадæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Рахъастгæнæн нæй залы сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадæй. Алцы дæр дзы у нывыл æмæ куыд æмбæлы, афтæ. Уырдæм бахизгæйæ адæймаг фыццаг ахъуыды кæны: алы горæты цæрджытæн нæй ахæм кино-концертон зал. Уый та махæй, кæй зæгъын æй хъæуы, домы хуыздæр æмæ хæдзардзиндæр ахаст. Залы фæлмæн æмæ уæрæх бандæттæй алкæуыл дæр конд уыдис рæсугъд зестæй конд номыртæ, фæлæ абон нал ис се мбисæй фылдæр. Цæвиттон, цыппæрæм рæгъыл 22 бандонæй ма номыртæ ис æрмæстдæр 7 бандоныл. Сæ фылдæрæн ма зынынц сæ бынæттæ æмæ сæ цъæлтæ. Ахæм ми саби нæ бакæндзæн, бакæндзæн æй æмбарыны афон кæмæн у, йæ уæнгты хъару кæмæн фæзынд, ахæм æмбæстаг. Ахæм кары фылдæр хатт ардæм фæцæуынц цалдæргæйттæй. Чизоны дзы кæцыдæр фесæфта йæ зонд, нал ын цæсгом ис, нал фыдыбæстæ, уæд сын æндæртæ, сæ фарсмæ чи фæбады, уыдон афтæ цæмæннæ зæгъынц, уый цыми кæныс, æви уыдонæн дæр райгуырæн бæстæйы æгъдау æмæ намыс се ‘мгæртты æнæрхъуыды æмæ наггаг митæй адджындæр систы.

Ныр та – не ‘мтуг, не ‘мирон режиссер Дыгъуызты Алан нæ раз-мæ цы киноныв «Соврешь-умрешь» рахаста, уый тыххæй. Афтæ мæм кæсы æмæ ацы кино-ныв чи нæ фена, уымæн йæ æнкъарынад фæкъахыр уыдзæн. Кинонывы хорздзинæдтæ бирæ ис, фæлæ дзы сæйрагдæрыл банымайæн ис, реалон факттыл ист кæй у, кæй дзы нæй аразгæ æмæ æрымысгæ хъуыдытæ. Дзырд дзы цы фæлгæндзтыл цæуы, уыдон иууылдæр сты цардæнгас, æцæгдзинады хуызтæ. Уырны мæ, кинонывы бирæ чидæртæ кæй базондзысты сæхи, æмæ уый æрмæст кинойы æнтыст нæу, фæлæ йæ режиссер æмæ архайджыты æнтыст дæр. Аразинаг хъуыддæгты тыххæй кинойы дæлæуæлæ ныхæстæй нæ пайда чындæуы, фæлæ фидар, хъуыддагон ныхæстæй.

Æвæццæгæн, нæй ахæм адæймаг йæ райгуырæн бæстæ чи нæ уарзы, хъарм ахаст æм чи нæ æнкъары. Ацы фарсты фæдыл бирæ кинонывты цæуы дзырд. «Соврешь-умрешь»-ы райгуырæн бæстæмæ уарзтыл кæд дзырд бирæ рæстæг æмæ дардыл нæ цæуы, уæддæр нын æй æмбарын кæны, райгуырæн бæстæ не ‘ппæтæн дæр кувæндон кæй у. Киноныв у философон, æнцонæй дзы ис рахатæн цы у мæгуырау хъуыддаг, фæлæ дзы уыцы-иу рæстæджы ис, цайдагъ кæнын цæуыл хъæуы, уыцы хорз миниуджытæ дæр.

Алы паддзахад дæр бинонтæй арæзт у. «Соврешь-умрешь» ист цы бинонты ‘хсæн æрцыдис, уыдон амондджын бинонтæм нæ хауынц, фæлæ кинойы загъдæуы, зæгъгæ, алы æнамонд бинонтæм дæр царды æнхъæлмæ кæсы бирæ хорз хабæрттæ. Хæдзары хицау Иван фæсахъатджын хæсты. Йæ уæнгтæ не змæлын кæны, нæ хъусы æмæ нæ уыны, фæлæ йыл уыдæтты тыххæй йæ цардæмбал йæхи нæ атигъ кодта. Иу бон, Ногбоны бæрæгбоны хæдразмæ Иванмæ æрбацыдысты йе ‘мкъласонтæ, цæмæй йын раарфæ кæной йæ гуырæнбоны тыххæй. Сæ фембæлды рæстæджы кинонывы æргом æрцыдысты се ‘взонджы бонты æрцæугæ хабæрттæ. Киноныв арæхстджынæй æвдисы фыднозт цы зынтæ æмæ æнамонддзинæдтæм æркæны, уый. Режиссер ма худы, цардмæ æрмæст æхцайы цæстæй чи кæсы, уыдоныл дæр.

Æвæццæгæн, режиссер хорз æмбæрста, уарзты иувæрсты куы ахиза, кинойы æвдыст куы нæ æрцæуа, уæд киноныв уыдзæн къахыр. Уымæн æмæ цард æнæ уарзт нæ вæййы. Чизоны ма искæмæ афтæ дæр фæкаст æмæ кинонывы уарзты æнкъарæнтæ цæхæр калдтой æгæр тынг, фæлæ уый нæу афтæ. Уарзтыл кинонывы цы цалдæр эпизоды æрцыд æвдыст, уыдонæй иу дæр аппаринаг нæу. Уымæн æмæ кæддæр дыууæ æвзонгæн, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ банымæг сæ уарзт, фæцыдысты хицæн фæндæгтыл, фæлæ та ногæй сцырын сæ уарзт. Фæлгондзы æвæрццагдзинад уый у, æмæ кæд Иваны цардæмбал фем-бæлд йæ раздæры уарзтыл, абон фæрæзджын адæймагыл, уæддæр ын куы загъта,  зæгъгæ, цæмæн дæ хъæуы ахæм сахъатджын цардæмбал, домдта, цæмæй цæрой иумæ, уæддæр æм нæ байхъуыста. Уый хыгъд æм фæхъыг æмæ йыл иуварс ахæцыд йæхицæй.

Киноныв фæцыд сахат æмæ æрдæджы бæрц. Мæхицæн дзы бахынцыдтон æрмæстдæр иу фиппаинаг. Афтæ мæм фæкаст æмæ Иваны мадæн лæвæрд не ‘рцыд раст рол. Уымæн æмæ ахæм сахъатджын хъæбулы мад йæхи афтæ хъæлдзæг æмæ худæндзаст никуы февдисы, уæлдайдæр та кæстæр цæстыты раз куы вæййы, уæд.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.