Сабиты хъомыладимæ йæ цард чи сбаста, йæ куыстмæ цины æнкъарæнтимæ чи фæтагъд кны, æппæт коллективы дæр йæ хъарм цæстæнгас æмæ дзыхы ныхасæй чи барæвдауы, уыдон нымæцмæ ахæссын хъæуы нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндон «Золотой ключик»-ы сæргълæууæг Битеты Фатимæйы дæр. Фатимæ кæстæрты хъомыладæн равзæрста йæ цардвæндаг, уарзы йæ дæсныйад, æппæты фылдæр та уарзы кæстæр фæлтæры æмæ ныр 38 азы йæ хайбавæрд хæссы нæ сомбоны ныфсыты хæрзиуæгон куыстмæ. Дзæвгар рæстæг фæкуыста 22-æм рæвдауæндоны, фæлæ зынджы хай куы фæци, уæд та ахызт, Мæскуыйаг микрорайоны цы рæвдауæндон байгом, уырдæм, фæстæдæр æй раивтой «Золотой ключик»-мæ æмæ дзы кусы 7 азы. Ацы сылгоймаг йæхæдæг дæр уарзæгой ахаст дары кæстæртæм, коллективы алы уæнгмæ дæр, уый æмрæстæджы сæ домы хорз куыст æмæ йын сæхи рады йæ кусджытæ дæр кæнынц æмбæлон аргъ. Афтæ куы вæййы, уæд та бирæ æнцондæр у иумæйаг хæс æххæст кæнын, куысты размæцыдыл уæд дзурæн дæр вæййы.

Рæвдауæндоны æдæппæт ис 7 къорды, уыдон дих кæнынц сæ кармæ гæсгæ. Алы къордæн дæр ис йæхи ном. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæ нæ мадæлон æвзаджы райрæзтмæ рæвдауæндæтты дæр здæхтæуы фылдæр хъусдард  æмæ хъуамæ къорды нæмттæ дæр фылдæр уой ирон нæмттимæ, уый йæ зæрдыл дары Битеон æмæ йæ фæнд у, цæмæй сын сындæггай раттой ирон нæмттæ. Куыддæр 9 сахатмæ сабитæ æрбамбырд вæййынц, афтæ сын ауадзынц сæумæрайсомы фæлтæрæнтæ се уæнгтæ айтынг кæнынæн. Уый фæстæ аходæн бакæнынц, зæгъын хъæуы, бон сын кæй хæрын кæнынц æртæ хатты. Аходæны фæстæ райдайынц сæ ахуыртæ, алы къордæн дæр ис йæхи нывæзт æмæ сын сæ хъомылгæнджытæ фæамонынц математикæ, аппликаци, ныхасы размæцыд, нæ алфæмблай æрдз, физкультурæ, музыкæ æмæ æндæртæ. Рæвдауæндон ифтонг у донæй, хатæнтæ сты хъарм, æрбацæуæг фæхаты, ам алцы дæр кæй у нывыл, йæ хæрзæфснайдæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Алы бæрæгбонмæ дæр сæхи бацæттæ кæнынц хорз æмæ сывæллæтты ралæуд вæййы зæрдæмæдзæугæ, бафтауынц цины æнкъарæнтæ сæ хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытыл. Зæгъын хъæуы, бæрæгбонон мадзæлттæ уадзынæн сын нырма кæй нæй сæрмагонд бынат. Уый та уыдзæн музыкалон зал æмæ йæ аразыныл куыстæуы, рæвдауæндоны сæргълæууæг бузныг у нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæ, йæ уæлхæдзар аразынæн сын æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Фатимæ райгонд у сывæллæтты ныййарджытæн сæхицæй дæр, кæддæриддæр йæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ йын се ‘ххуысы хай кæй бакæнынц, уый тыххæй.

Ацы рæвдауæндоны куыст æмбæлон æгъдауыл æвæрд кæй у, уый бафидар кæныны тыххæй фæсвæд афарстон цалдæр ныййарæджы. Дудайты Алинæ мын загъта, зæгъгæ, мæ сывæллоны ардæм æрбакодтон, алцы дæр дзы хорз кæй у, æмбæлон хъомылад дзы кæй æййафынц, уый тыххæй. Æндæр ныййарæг Джиголаты Зæринæ дæр мæ фарстæн йæ цины æнкъарæнтæ нæ басусæг кодта æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ раппæлыд, ацы рæвдауæндоны тынг хорз кæй у. Сæ цæрæнбон бирæ уæд æмæ сын ноджыдæр æнтысæд.

Афтæ у, хорз куыстæй алчи дæр райгонд вæййы æмæ дзы æрмæстдæр хорз фæзæгъынц.

                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.