Ног азы æрцыд лæвæрттæй фидауы, уæлдай барæвдауинаг та вæййынц сабитæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ сæ бæрæгбон барæсугъд кодтой скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæн. Университеты активисттæ сæ Митын Дада, Митын Чызг æмæ аргъæутты персонажты дзаумæтты фæлыстæй бацæттæ кодтой хъæздыг бæрæгбонон программæ «Æгас цу, Ног аз» – ахæм номимæ. Мадзалы архайæг уыди бур цуаноны фæлгондз, ацы аз цуаноны азыл нымад кæй у, уый равдисынæн. Ацы мадзалмæ хуынд æрцыдысты скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт дæр. Студенттæ æрбахастой лæварæн канд адджинæгтæ нæ, фæлæ хъазæнтæ дæр. «Ног азмæ алчи дæр йæхи рагацау фæцæттæ кæны. Фенхъæлмæ кæсы ногдзинæдтæм. Мах фæнды, цæмæй сымахæй алчи дæр Ног азы къæсæрыл бахиза æнцонæй æмæ æхсызгонæй, ахуыр кæнат хорз, уæ зæрдæты уа цардбæллондзинад. Æрвылхатт дæр нывæндат æрмæстдæр рæссугъд фæндтæ», – дзырдта сабитæн Митын Дада лæвæрттæ дæтгæйæ.

Скъола-интернаты кусджытæ дæр бацæттæ кодтой бæрæгбонон мадзал æмæ йæ равдыстой студенттæн.

Скъола-интернаты хъомылгæнинаг Плиты Алимæн рауад дывæр бæрæгбон, уымæн æмæ ма уымæн 28-æм декабры уыд йæ гуырæнбон дæр. Уый цытæн уый райста уæлдай лæвар.

Паддзахадон университеты студентон советы сæргълæууæг Габатты Альберт загъта, ацы хæрзаудæн акци саразынæн сын кæй баххуыс кодта университеты ректор Тедеты Вадим. «Махæн тынг æхсызгон у, сабиты зæрдæтæ кæй барухс кодтам, сæ райдзаст цæсгæмттæм кæсгæйæ нæхи хæрзгæнджытæй банкъардтам. Сæхæдæг дæр цы мадзал бацæттæ кодтой, уый нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уадз, кæдфæндыдæр бæрæгбонтæ аразынхъом уæд».

Скъола-интернаты хъомылгæнинаг Зассеты Радик та загъта: «Студенттæ телефонæй бадзырдтой Митын Дада æмæ Митын Чызгмæ, цæмæй сæрмагондæй æрцæуой махмæ æмæ нын ракæной Ногазон арфæтæ. Æрбахастой нын лæвæрттæ, хъазын нæ кодтой. Тынг мæ фæнды фидæн аз дæр та нæм æрбауазæг уой».

Хатт хæрзиуæг аразынæн фæхъæуы æрмæст чысыл азмæлын æмæ уадз, алчи дæр тырна, хорз хъуыддаг аразынмæ.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.