Нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгты арæхстдзинадимæ арæх базонгæ вæййæм алыгъуызон мадзæлтты руаджы. Уыдон хæрзчысылæй сæ уарзон галуаны фæцайдагъ вæййынц алыгъуызон куыстытыл, райхæлы æрыгонæй сæ арæхстдзинад, кæцы сын фидæны фæахъаз вæййы дæсныйад равзарынæн дæр, кæнæ та сын царды вæййы ноджы уæлæмхас дæсныйад.

Уæдæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы кружоктæ уæвынад кæнынц, уыдон иууылдæр сты царды æнæмæнгхъæуæг. Ацы галуаны цы ахуыргæнджытæ кусынц, уыдон та рæдауæй сæ зонындзинæдтæ лæвар кæнынц сæ хъомылгæнинæгтæн.

Нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгтæ аив бацæттæ кæнынц бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ, сæхи хорз равдисынц бирæ равдыстыты. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон æрвылаз дæр иумæйаг бацæттæгонд ногазон мадзæлттæй барухс кæнынц нæ республикæйы цæрæг сабиты зæрдæтæ.

26-æм декабры ма ацы галуаны ауагъд æрцыдис ноджы иу ногазон мадзал «Музыкальный теремок», кæцыйы бацæттæ кодта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ирон фæндырыл амонæг Багаты Илонæ. Уый йæ хъомылгæнинæгтимæ аив фæлыст залы сæххæст кодтой алыгъуызон мелодитæ, куыд ирон фæндырыл, афтæ ма домрæйыл дæр, сæххæст ма кодтой зарджытæ, равдыстой чысыл ногазон инсценировкæтæ дæр.

Пианинойыл та сын цагъта Пухаты Анжелæ. Сæ бацæттæгонд мадзалмæ æрбахуыдтой Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæйы, галуаны иннæ ахуыргæнджыты æмæ сæ ныййарджыты.

Бæрæбонон мадзалмæ æрбацæуджытæ сын сæ музыкалон арæхстдзинадæй райгондæй кæй баззадысты, уымæ гæсгæ кæронбæттæны галуаны директор Джиоты Арянæ бузныджы ныхæстæ загъта мадзал бацæттæгæнæг Багаты Илонæйæн. Уый хорзыл банымадта, мадзалы цы музыкалон композицитæ æмæ элементтæй спайда кодта, уыдон. Ноджы ма загъта, зæгъгæ, æвзонг ахуыргæнæг уæвгæйæ, дæ цæвиттойнаг æмæ дын мæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.