РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли республикæйыл 25-азы сæххæсты майданæй схорзæхджын кодта дунеон информацион агентад æмæ Хуссар Ирыстоны радио «Спутник»-ы къухдариуæггæнæг Нарек Ордяны. Информацион агентады сæргълæууæг паддзахадон хорзæх райста, регионы цауты объективонæй кæй æвдисы,  афтæ ма Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмгуыстады ахастытæ сфидардæр кæнынмæ йæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй.

«Фæнды мæ дæуæн бузныджы ныхæ-стæ зæгъын дæ хорз куысты æмæ Хуссар Ирыстоны адæмимæ де ‘нтыстджын æмгуыстады тыххæй. Цыбыр рæстæгмæ информацион агентад «Спутник»-ы къухты бафтыдысты хорз фæстиуджытæ æмæ алыхатт дæр хицæн кодта республикæйы цæуæг цауты объективонæй равдисынæй», – загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Информацион агентады къухдариуæггæнæг Нарек Ордян бузныг загъта Президентæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон уымæн ссис тынг æв-вахс: «Æз сыгъдæг зæрдæйæ фæмаст æмæ фæцин кæнын, ам цы цаутæ цæуы, æппæт уыдоныл. Тынг æхсызгон мын у, ахæм хорз адæймæгты æмæ профес-сионалты ‘хсæн кæй кусын, уый».

«Спутник-Хуссар Ирыстон» нæ бæстæйы йæ куыст райдыдта 2015 азы июлы. Агентады активты сты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл информацион портал, радиоресурс æмæ бæрзондтехнологон мультимедион пресс-центр. Ног хабæртты портал «Спутник – Хуссар Ирыстон»-ы сты 30 æвзагæй фылдæр сайттæ, аналогон æмæ нымæцон радиоалæвæрд, мобилон уæлæмхасæнтæ æмæ социалон хызæгты фæрстæ. Йæ рафысджытæн ног хабæртты лентæ æнæхъæн суткæйы дæргъы уагъд цæуы англисаг, арабаг, испайнаг æмæ китайаг æвзæгтыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.