РХИ-йы культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центр æвæллайгæ куыст кæны ирон адæмон традицитæ æмæ æгъдæуттæ сæндидзын кæныныл. Ацы Центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй æрвылаз дæр ауадзынцы цалдæргай фестиваль-конкурстæ. Фæлæ 2020-2021 азты æнæхъæн дунейы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр коронавирусон инфекци кæй апарахат, уый бандæвдта культурæйы къабазыл дæр æмæ уыцы рæстæджы уагъд  цы мадзæлттæ хъуамæ æрцыдаиккой, уыдон бакъуылымпы сты. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ Адæмон сфæлдыстады республикон центры кусджытæ архайдтой пандемийы рæстæджы дæр, сæ авналæнтæ сæ куыд амыдтой, афтæ.

Сорганизаци кодтой  6-æм республикон фотоконкурс «Южная Осетия – 2021», зæгъгæ. 21-æм декабры  Адæмон сфæлдыстады центр нæ горæты Анахарсисы номыл национ библиотекæйы фоейы схорзæхджын кодта фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2021»-йы уæлахиздзауты, цыран равæрд æрцыдысты сæ ист къамтæ. Ацы конкурс ныр уагъд æрцыд æхсæзæм хатт. Конкурс уагъд цыд ахæм номинациты: «Хуссарирыстойнæгтæ» (æрбавдыст æрцыд 29 къамы), «Пейзаж» (фондз къамы) æмæ Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттæ  (4 къамы). Æдæппæт, фотоконкурсы равæрд æрцыд 38 къамы.

Гуыцмæзты Ельзæ конкурсы хайадисджытæ æмæ мадзалмæ æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ зæгъыны фæстæ схорзæхджын кодта конкурсы уæлахиздзауты, кæцытæ сæхæдæг дæр бузныджы ныхæстæ дзырдтой, мадзал чи сорганизаци код-той, уыдонæн. Уæлахиздзаутæй сæ иу – Василенко Анастасия цæры Новосибирскы, фæлæ ныртæккæ цæры Хуссар Ирыстоны йæ цардæмбал контрактон кæй у æмæ Хуссар Ирыстоны кæй службæ кæны, уымæ гæсгæ. Анастасияйæн тынг æхсызгон у конкурсы хайад кæй райста, уый. «Ацы конкурс уагъд кæй цæудзæн, уый тыххæй базыдтон сæрды æмæ уайтагъд куырдиат æрбахастон Адæмон сфæлдыстады центрмæ, æмæ конкурсы хайад райсыны тыххæй бар куы райстон, уæд та æрбахастон, цы къамтæ систон, уыдонæй цалдæр. Хуссар Ирыстоны æрдз у тынг рæсугъд, мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Æмæ мæнæ куыд уынут, афтæмæй мæ ист къамтæ фæцыдысты жюрийы уæнгты зæрдæмæ æмæ сын дзурын бузныджы ныхæстæ. Иннæ аз дæр кæд уагъд цæуа ацы конкурс, уæд та дзы райзæрдæйæ хайад райсдзынæн», – загъта уый.

Конкурсы нысан æмæ хæстæ сты Хус-сар Ирыстоны цæрджыты сфæлдыстадон активондзинады рæзтæн ахъаз кæнын æмæ сын æххуыс кæнын. Конкурсы хайад райсын сæ бон уыд ныв исын чи уарзы æрмæстдæр, уыцы хæдархайгæ автортæн се ‘ппæтæн дæр кармæ æмæ кæм цæры, цы архайы, уымæ æнæкæсгæйæ. Профессионалон нывисджытæн нæ уыд конкурсы хайад райсыны бар. Хайадисджытæй алкæцыйы куыстæн дæр бацæттæ кодтой табличкæтæ, цыран фыст уыдысты нывы ном æмæ авторы бæрæггæнæнтæ – мыггаг æмæ ном. Конкурсмæ йæ куыстытæ æрвитгæйæ, автор бар дæтты конкурсы организатортæн æрбавдисгæ æрмæгæй спайда кæнынæн ахæм нысæнттæн,  кæцытæ баст сты куыд конкурс ауадзынæн, афтæ уый фæстæ мадзæлтты дæр (нывты равдысты-тæ, информацион буклеттæ, фотоальбомты тыххæй).

Конкурсы хайад райсыны тыххæй куырдиæттæ истой сæрды. Уагæвæрдмæ гæсгæ æрмæг бавдисæг хъуамæ уыдаид куысты автор йæхæдæг, стæй дæр авторæн бар нæ уыд компьютерæй спайда кæнынæн. Хъыгагæн, ацы аз коронавирусы пандемийы аххосæй конкурсы хайад райстой æрмæстдæр фондз адæймаджы, кæцытæй иу дæр нæ уыд профессионалон нывисæг. Конкурсæн хатдзæгтæ сарæзтой 15-æм сентябры. Нывтæй алкæцыйы бын дæр цы табличкæтæ уыд, уыдоны жюрийы уæнгтæ сæвæрдтой баллтæ. Уый фæстæ куыстытæн саргъ кодта жюрийы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан. Профессионалон, фæлтæрдджын нывгæнæг иу бакастæй бæрæг кодта куыстыты гъæд æмæ сын уый дæр сæвæрдта баллтæ.

Куыстытæй чи цас баллы райста, уый банымайгæйæ, фæбæрæг сты фотоконкурсы уæлахиздзаутæ. «Хуссарирыстойнæгты» номинацийы 1-аг бынат бацахста Цхуырбаты Валерия «Детское счастье»-йы къамы тыххæй, 2-аг бынат лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Русланæн «Девочка в розовом»-ы къамы тыххæй æмæ 3-аг бынаты хицау та бацис Гасситы Заринæ «Девушка в маковом поле»-йы къамы тыххæй.

«РХИ-йы фенддаг бынæтты» номинацийы 1-аг бынат бацахста Василенко Анастасия «Священная дорога»-йы къамы тыххæй, 2-аг бынат лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Русланæн «Крепость в селе Монастер» æмæ 3-аг бынат дæр рамбылдта Хетæгкаты Руслан «Церковь в селе Монастер» къамы тыххæй.

«Пейзаж»-ы номинацийы 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ дæр бацахста Василенко Анастасия æмæ 3-аг бынат та фæцис Гасситы Заринæйы йæ ист къам «Осень»-ы тыххæй. Афтæ ма Адæмон сфæлдыстады республикон центры сæрмагонд призæй хорзæхджын æрцыд Уалыты Мальвинæ «Хуссарирыстойнæгты»  номинацийы къамты циклы тыххæй.

Фыццаг бынатыл ацæуæг конкурсанттæн лæвæрд æрцыдысты фæйнæ фондз мин сомы, дыккаг бынатæн – 3 мин сомы æмæ æртыккаг бынæттæн та – 1,5 мин сомы. Иумиагæй сисгæйæ, конкурсы хайадисджытæ иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй дæр.

Конкурсы хайадисджытæн раарфæ кодта жюрийы уæнг Дзеранты Джульеттæ. «Кæд ныр дыууæ азы бæрц æнæхъæн дунейы коронавриусы пандеми апарахат, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр, уæддæр архайдтам нæ уавæртæ нæ куыд амыдтой, афтæ. Æмæ ацы конкурс ахæм вазыгджын рæстæджы кæй сорганизаци кодтам, уый  æнтыст у. Ныфс нæ ис, уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн æмæ та уæд нæ конкурсты æмæ фестивалты нымæц дæр фæфылдæр уыдзæн».

Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæйы ныхæстæм гæсгæ, фотоконкурс уагъд цæудзæн æрвылаз дæр. Уый та хорз фадат у, нывтæ исын чи уарзы, уыдонæн сæ курдиат равдисынæн æмæ сæ дарддæры рæзтæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.