Знон, Республикæ Хуссар Ирыстоны киноконцертон зал «Чермен»-ы хорзæхджын æрцыдысты республикæйы æртæ боны дæргъы уагъдцæуæг æфсæддон-спортивон хъæзтытæ «Зарница»-йы уæлахиздзаутæ.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны къухдариуæггæнæг Джиоты Ариянæ куыд загъта, афтæмæй  «Зарница» нæ республикæйы уагъд цæуы дыууæ азæй дыууæ азмæ. Æрвылаз дæр уым хайад райсынц нæ республикæйы  æппæт скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр. «Æфсæддон спортивон – хъазт «Зарница» нæ республикæйы скъоладзауты ‘хсæн сси тынг популярон. Раздæримæ абаргæйæ йæ хайадисджыты нымæц бæрæг фæфылдæр ис. Уымæ гæсгæ йæ организаторты бахъуыд дыууæ  хайыл адих кæнын.  Фыццаг æвзарæн тур уагъд æрцыд скъолаты ‘хсæн æмæ уый фæстæ та уæлахиздзаутæ хайад райстой Республикон туры», – радзырдта Джиоты чызг.

Æдæппæт «Зарница»-йы хайад райстой республикæйы 14 скъолайы.

Ерысты программæ уыд тынг хъæздыг куыд алыгъуызон спортивон мадзæлттæй, афтæ кафты, зарды æмæ ма æфсæддон быдырон къæбицы  хæринæгтæ аразынæй дæр. Организаторты фæндмæ гæсгæ ерыстæ дихгонд æрцыдысты æртæ этапыл. Фыццаг этап уагъд æрцыд Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны, дыккаг этап   горæтгæрон Тулдзы къохы æмæ æртыккаг этап дæр йæ, домæнтæм гæсгæ,  уагъд æрцыд Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кæрты.

«Æртæ боны дæргъы сымах махæн цы æвæрццаг æнкъарæнтæ бавзарын кодтат, уымæ гæсгæ уæ архайдæй баззадыстæм тынг райгондæй. Ис зæгъæн, æмæ абон сымахæй алкæмæй дæр мах стæм сæрыстыр. Ахæм бæдæйнаг фæсивæдимæ Ирыстонæн ис æцæгæй дæр рухс фидæн», – загъта йæ арфæйы раныхасы Джиоты Арянæ.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисо куыд загъта, афтæмæй  «Зарница» у райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны цæттæдзинады райдиан этап. Фæнды мæ зæгъын, абон сымах уе ‘ппæт дæр кæй стут уæлахиздзаутæ, уымæн æмæ æфсæддон æмæ  спортивон цæттæдзинады фарст ныртæккæ ис фыццаг бынаты. Уым сымах равдыстат уæ хорз цæттæдзинад».

Уый фæстæ кинонконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд уæлахиздзауты хорзæхджын кæныны мадзал. Хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты дыууæ хуызы номинацийы: чысылнымæц скъолаты ‘хсæн æмæ бирæнымæц контингенты скъолаты ‘хсæн уæлахиздзаутæн.  Чысылнымæц скъолаты ‘хсæн уæлахиздзаутæ систы Цхинвалы скъола-интернаты командæ, дыккаг бынат бацахстой 11-æм астæуккаг скъолайы командæ æмæ æртыккаг бынат та – 12-æм астæуккаг скъолайы командæ.

Бирæнымæц скъолаты ‘хсæн фыццаг бынат лæвæрд æрцыд  скъола «Альбион»-æн, дыккаг бынат райстой 1-æм скъолайы  командæ æмæ æртыккаг бынат та рамбылдта 2-æм астæуккаг скъолайы командæ.

Афтæ ма скъолаты ‘хсæн туры организаци кæныны  æмæ ахуырдзаутæн бæрзонд æмвæзадыл патриотикон хъомылад радтыны тыххæй сæрмагонд грамотæтæй хорзæхджын æрцыдысты скъола «Альбион» æмæ Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.