РХИ-йы культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центр æвдæм хатт сорганизаци кодта «Фотоконкурс – 2022», цыран хайад райстой 26 авторы. Æрæджы, ома 10-æм августы фæбæрæг сты фотоконкурсы уæлахиздзаутæ. Ацы аз конкурс уагъд цыд дыууæ номинацийæ: «Пейзаж» æмæ «Хуссарирыстойнæгтæ»-йæ. Æдæппæтæй куыстытæ уыдысты 141 къамы. Уагæвæрдмæ гæсгæ æрмæг бавдисæг æнæмæнгæйдæр хъуамæ уы-даид куысты автор йæхæдæг, стæй дæр авторæн бар нæ уыд компьютерæй спайда кæнынæн. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ фотоконкурсы хайад райсыны бар кæй нæ уыд профессионалон нывисджытæн, фæлæ æрмæстдæр нывтæ исын чи уарзы, уыцы адæймæгтæн кармæ нæкæсгæйæ.

26-æм августы, Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боны мадзæлтты фæлгæтты «Фотоконкурс-2022»-йы хайадисджыты куыстытæ равæрд æрцыдысты нæ горæты Хетæгкаты Къостайы цырты цур. Уæлахиздзаутæ дæр хорзæхджын æрцыдысты Къостайы скверы. Уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы культурæйы министр Зæгъойты Рада, йæ хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, конкурсы хайадисджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ. «Ацы аз фотоконкурсмæ уыйбæрц хорз æмæ гъæдджын къамтæ æрбавдыстой йæ хайадисджытæ æмæ мах аскъуыддзаг кодтам алкæцы призон бынат дæр дыууæ претендентыл адих кæнын. Афтæмæй нæм ис 12 призон бынаты æмæ ма ноджы уæлæмхас æхсæз адæймаджы та схорзæхджын кодтам сæрмагонд призтæй. Фæлæ уæддæр æнæ хорзæхтæй баззадысты бирæ хорз фотокадрты автортæ», – банысан кодта Гуыцмæзты Елизаветæ.

1-аг бынат чи бацахста, уыдоны схорзæхджын кодтой грамотæтæ æмæ фæйнæ 2,5 мин сомæй, 2-аг бынатыл чи ацыд, уыдон та райстой фæйнæ 2 мин сомы æмæ 3-аг бынат чи бацахста, уыдон та – 1500 сомы. Ныхасы рацыдысты фæуæлахизуæвджытæ, кæцытæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой фотоконкурсы организатортæн. «Бузныг зæгъын центры кусджытæн ныр цалдæр азы фæд-фæдыл ацы конкурс кæй сорганизаци кæнынц, уый тыххæй. Æз тынг уарзын къамтæ исын æмæ æрвылаз дæр æрбавдисын цалдæр фотокадры æмæ мын алыхатт дæр хорз аргъ скæнынц мæ куыстæн», – загъта Гæззаты Тимур.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ фоторавдыст «Остановись мгновение…»-йы равæрд кæй æрцыдысты, уый размæйы азты фотоконкурсы уæлахиздзауты ист къамтæ дæр, суанг 2014 азæй фæстæмæ.

Хорзæхджын кæныны церемонийы фæстæ Къостайы сквермæ æрбамбырдуæвæг сывæллæттæн адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сорганизаци кодтой æцæг бæрæгбон. Мадзал амыдта ацы центры информацийы фæдыл методист Джаджиты Ацырухс. «Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ популярон уыдысты адæмон хъæзтытæ, кæцытæ ахъаз кодтой адæймаджы физикон цæттæдзинад æмæ хæрзæгъдаудзинадæн. Ныфс нæ ис нæ мадзæлтты фæлгæтты «Ирон адæмон хъæзтытæ» æндидзыд кæй цæудзысты æмæ кæй ахъаз кæндзысты нæ адæмы кадджын историмæ цымыдисдзинад свæзæрын кæнынæн, нæ фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæ сфидардæр кæнынæн æмæ базонынæн. Алайнаг кады кодексы дзырдæуы: «Дæхи ироныл (аланыл) ма нымай, цалынмæ дæ радтæг адæмы  æвзаг, æгъдæуттæ, зард æмæ кафты аивад нæ сахуыр кæнай, уæдмæ». Раздæр-иу алы хъæуы дæр уыд сæрмагондæй равзæрст фæзуат, цыран æмбырд кодтой адæм æмæ-иу уым сарæзтой хъазт. Афтæ ма хъазыдысты алыгъуызон хъæзтытæй, кæцытæй абон мах иуæй-иуты сæндидзын кодтам æмæ сæ ауадздзыстæм уæ хайадистæй. Абон хайад райсдзыстут  адæмон хъæзтыты – «Лæгты дугъты хъазт», «Порти хæссынæй хъазт», «Къæбæлæй хæцынæй хъазт» æмæ «Сынæгæй хъазт»-ы. Сывæллæттæ фыццаг сæ тыхтæ фæлæвардзысты «Лæгты дугъты хъазтæй», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ сывæллæттæ слæууыдысты дыгæйттæй æмæ-иу стъолыл æвæрд алыгъуызон хъазæнтæм раздæр чи балыгъд, уый-иу æй раскъæфта йæхицæн. Афтæмæй хъазты ацы хуызæй призты хицæуттæ систы цалдæр сывæллоны, кæцытæ райзæрдæйæ хъазыдысты сæ рамбулгæ хъазæнтæй. Цымыдисон рауадысты адæмон хъæзтыты иннæ æртæ хуызы дæр. Сывæллæттæ сæ истой активон хайад æмæ сæ хъæлдзæг хъæлæба æмæ худт дардмæ хъуыстысты.

Арфæйы ныхæстæ зæгъын æмбæлы адæмон сфæлдыстады республикон центры кусджытæн Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй ахæм хорз бæрæгбон кæй сорганизаци кодтой æмæ сывæллæттæн хъæлдзæг рæстæг кæй арвитын кодтой, нæ фыдæлты æгъдæуттыл сæ кæй цайдагъ кæнынц, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.