Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр схорзæхджын кодта киноныв «Торез»-ы автор æмæ режиссер Дзуццаты Тамерланы æмæ оператор æмæ монтажы режиссер Бекъойты Хохы, РХИ-йы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы цард æмæ архайдыл дзурæг киноныв кæй сарæзтой, уый тыххæй.

Киноныв саразыны фæндон Гасситы Петры у, уыцы фæндон сæххæст кæнын та – Дзуццаты Тамерлан æмæ Бекъойты Хохы.

Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, киноныв «Торез» республикæйы райста стыр резонанс.

«Киноныв фæцыд уæрæх дзыллæты зæрдæмæ, æз ахæм æнтысты æнхъæл нæ уыдтæн. Торезы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ уæ тынг фæбузныг сты. Сымах хæрзиуæгон хъуыддаг сарæзтат, æрыздæхтат нын историон мысынад стыр адæймаджы, нæ паддзахады бындурæвæрæджы тыххæй, кæцы, хъыгагæн, бирæ азты дæргъы æнæхъуаджы рохуаты аззад. Хъуамæ йæ хъуыды кæнæм æмæ йæ зонæм, абон мах кæй фæрцы цæрæм сæрибар бæстæйы», – загъта Гасситы Петр.

Спикер бахахх кодта, зæгъгæ, киноныв, зæгъæн ис, республикæйы скъолаты ссис ахуыргæнæн пособи.

«Киноныв фенын кодтой республикæйы æппæт скъолаты хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн æмæ университеты. Æвæццæгæн, зын саргъгæнæн у, йæ саразыныл чи куыста, уыцы адæймæгты куыстæн. Сымах стыр куыст бакодтад. Æз, куыд журналист, афтæ зонын, куыд зын у, æгæрыстæмæй, чысыл кинонывыл кусын, сымахæн та у  гуырахстджын, бирæнымæц архивон кадртæ æмæ интервьютимæ. Бузныг уын уый тыххæй», – банысан кодта Парламенты Сæрдар. Дзуццаты Тамерлан йæ рады бузныг загъта спикеры сæргълæудæй Парламенты къухдариуæгадæн, сæ куыстæн сын кæй аргъ счындæуыд, уый тыххæй. «Кинонывыл мах куыстам иу афæдз æмæ æрдæг, уымæн æмæ нæ æрмæджыты æмбырд кæнынæн бирæ рæстæг бахъуыд. Мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъон телеуынынады къухдариуæгадæн, сæр-магондæй та Чилæхсаты Георги æмæ Æлборты Къостайæн, кæцытæ нын стыр æххуыс бакодтой, архивон æрмæджытæ нын кæй радтой, уымæй, афтæ ма бузныг Уæрæсейы  Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауырæн, уый дæр нын Уæрæсейæ архивон кадртæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй», – банысан кодта Дзуццаты Тамерлан.

Гасситы Петр ма РХИ-йы Парламенты Кады грамотайæ схорзæхджын кодта Парламенты депутат, Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игоры, РХИ-йы VI сæвзæрст Парламент йæ куыст кæй фæцис, уый цытæн  цытджын æмбырд кæй бацæттæ кодта æмæ йæ кæй ауагъта, уый сæраппонд.

«Æз дæ бузныг дæн, ды цы бакуыстай æмæ ныры онг Парламенты цы куыст  кæныс, уый тыххæй, дæ активондзинады, принципиалон æмбæстагон позицийы тыххæй», – загъта спикер Цоциты Игорæн.

Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты цытджын æмбырдмæ бацæттæ чындæуыд киноныв РХИ-йы Парламенты сырæзт æмæ размæцыды тыххæй. Æгæрыстæмæй, æмбырды цы уазджытæ райстой хайад, уыдон дæр ракуырдтой уыцы кинонывы халдихтæ, цæмæй сæ сæ райгуырæн бæстæйы фенын кæной. Ахæм хуызы нæ куыст фæуыны инициативæ фæцыд сæ зæрдæмæ. Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, закъондæттæг орган цы архайы, цы кусы, уый нæ адæм хъуамæ зоной», – загъта Гасситы Петр.

                     РХИ-йы Парламенты сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.