24-æмæ марты Культурæйы кусæджы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид нæ республикæйы культурæйы къабазы хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй; «Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæст»-ы майдан, Кады грамотæтæ æмæ Кадджын нæмттæй.

Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ нæ республикæйы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

Президент Тыбылты Леонид хорзæхтæ радтыны размæ Культурæйы фадыджы кусджытæн загъта бузныджы ныхæстæ сæ хорз куысты тыххæй.

– Сымах кад кæнут Ирыстонæн, бæрзонд ын исут йæ традицитæ æмæ йæ культурæ. Æмæ мæн фæнды, цæмæй уæ куыд мæхи, афтæ Хицауады номæй дæр, схорзæхджын кæнон паддзахадон хорзæхтæй. Уыцы хорзæхтæ кæддæриддæр уæ зæрдыл хорзæй цы лæууой, зæгъгæ, нæ хорз куысты тыххæй нæ республикæйы хицауады къухæй нæ куыстæн аргъ æрцыдис. Афтæ ма уын ноджы уæ куысты фылдæр æнтыстытæ уæнт. Мæн ма бафæнддзæнис, цæмæй Ирыстоны алы цæрæгæн дæр сæ хæдзæртты сæ зæрдæ райа, сæ хъæбултæ рæзой цъæх арвы бын æмæ нæ цард бонæй-бонмæ хуыздæр кæна.

Махмæ ис тынг хорз кæстæртæ æмæ нæ алчидæр хъуамæ архайа, цæмæй уыдоны сомбоны рæсугъд царды æгъдæуттыл цайдагъ кæнæм.

Хорзæхтæ радтыны мадзалы ма Тыбылты Леонид культурæйы кусджытæн цыбыртæй радзырдта Мæскуымæ йæ балцы тыххæй, æвзæрстытæ æмæ референдум ауадзыны тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, алы адæймаг дæр йæ фыдæлты ном ма хъуамæ рох кæна, нæ фыдæлтæй нын баззад ном – Алани æмæ йæм абон здæхæм. Стæй алы ирон адæймаг дæр архайдзæнис, цæмæй йын йæ фидæн æппæтварсонæй дæр хуыздæр кæна – загъта нæ республикæйы Президент.

Йæ раныхасы ма ноджы банысан кодта, цы сын бантыст фондз азы дæргъы саразын æмæ сын аразинæгтæ цы баззад, уыдæтты аххосæгтæ.

Ацы бон Культурæйы къабазы кусджытæй хорзæхджын æр-цыдысты Бестауты Эмзар, Уалыты Нанули, Джиоты Солтан, Дзиццойты Алан, Быценты Инал, Цхуырбаты Тимур, Дзиццойты Жаннæ, Джиоты Любовь, Сланты Ольгæ, Тасойты Азæмæт, Тыбылты Риммæ, Пухаты Нинæ, Туаты Ацæмæз, Усович Маринæ, Къæбысты Маир æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны нæ республикæйы Президентæн бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.