Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы къухæй финансон системæйы рæзтмæ сæ хайбавæрды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотатæ æмæ бузныджы фыстæджытæ райстой иуæндæс адæймаджы.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, хорзæхтæ сты финансисты куыстæн саргъ кæнын, кæцыты куыст здæхт у сæ разылæууæг хæстæ эффективонæй скъуыддзаг кæнынмæ.

«Финансты министрад ахсы æххæсткæнынадон хицауады органты системæйы иууыл ахсджиаг бынат, кæцыйыл æвæрд ис егъау бæрндзинад æмæ алыгъуызон функцитæ, кæцытæ здæхт сты республикæйы рæзтмæ, уый у бюджетон прогноз кæнын, хъалонон æмбырдтыл, куыстмыздтыл контроль кæнын, бирæ æндæр хæстæ, кæцытæ æнтыстджынæй скъуыддзаг цæуынц», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта Министрады хуыздæр кусджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта ног æнтыстытæ сæ профессионалон архайды.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ кусджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта Бекъойты Геннадийæн æмæ банысан кодта, алыгъуызон объективон зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, коллектив æнæрлæугæйæ кæй кусы.

«Бузныг уын нæ кусджыты куыстæн бæрзонд аргъы тыххæй. Нæ коллектив у хæлар, куыстуарзаг, æмæ дарддæр дæр архайдзыстæм ведомствойы куыст ноджы фæхуыздæр кæныныл», – загъта Тыбылты Фатимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.