Фæстаг азты нæ республикæйы паддзахадон бюджеты хи æфтиæгты гуырахст фылдæрæй-фылдæр кæны æмæ йæм йæ уæзгæ бавæрд хæссы Паддзахадон таможнæйон комитет. Сæ намысджын куысты тыххæй ацы комитеты кусджыты, сæ сæргъ Цхуырбаты Мурат, афтæмæй сæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик схорзæхджын кодта хорзæхтæй.

Хицауады Сæрдар Паддзахадон таможнæйон кусджытæн бузныг загъта сæ намысджын куысты тыххæй æмæ сын раарфæ кодта ногазон бæрæгбонты тыххæй. Йæ раныхасы уый куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы таможнæйон комитет аккаг бавæрд хæссы паддзахадон экономикон æдасдзинад фидардæр кæнынмæ æмæ у паддзахадон бюджет баххæст кæныны ахадæндæр механизмтæй сæ иу. «Бузныг уын уæ намысджын куысты æмæ хъуыддагмæ уæ бæрнон ахасты тыххæй. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр сымахæн уæ  къухты кæй æфтдзæн разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ скъуыддзаг кæнын. Арфæ уын кæнын Зæронд Ног азы сæраппонд æмæ мæ цæст сымахæн, уæ бинонтæн уарзы амонд, æнæниздзинад æмæ фæрныгад!», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз республикæйы паддзахадон бюджеты хи æфтиæгтæ уыдысты 1,5 миллиард сомы æмæ уый та, бирæбæрцæй у Паддзахадон таможнæйон комитеты руаджы. Дарддæр Пухаты Эрик комитеты къорд кусæджы схорзæхджын кодта хорзæхтæй. Службæйон хæстæ намысджынæй æххæст кæныны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон органы сырæзтыл 27 азы сæххæсты сæраппонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыдысты Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат Зауыры фырт æмæ таможнæйон пост «Раздæхæн»-ы хистæры хæдивæг Къæбысты Олег Зелимханы фырт. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Грамотæйæ та схорзæхджын кодта таможнæйон пост «Рукъы сæйраг инспектор Гаглойты Владислав Вадимы фырты, таможнæйон комитеты сæйраг инспектор Гуссалты Хох Василийы фырты, таможнæйон пост «Раздæхæн»-ы сæйраг инспектор Плиты Гамлет Хъазбеджы фырты æмæ таможнæйон хъахъхъæныны инспектор Санахъоты Александр Виталийы фырты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.