Ивгъуыд дуджы, медицинæ нырма æдых куы уыд, уæд адæм сæхицæн бирæ низтæй хос кодтой, сæйраджыдæр, хосгæнæн кæрдæджыты руаджы. Ахæм хъæу нæ уыдис, кæцыйы нæ уыдаид, уыцы хъуыддагмæ чи арæхстаид, ахæм иу кæнæ цалдæр адæймаджы. Уыдон уыдысты адæмон хосгæнджытæ. Уыдон зыдтой адæм арæхдæр цы низтæй рынчын кодтой, уыдонæй куыд схосгæнæн уыд иу кæнæ иннæ кæрдæгæй. Зыдтой хосгæнæн кæрдæджыты куыд æмбырд кæнын хъæуы, куыд æй æфснайын, цæттæ кæнын хъæуы, афтæ ма дзы рынчынæн куыд баххуыс кæнын хъæуы.

Хъыгагæн, советон дуджы официалон медицинæ хорз цæстæй нæ акаст адæмон хосгæнджытæм, нæ сыл æууæндыдис æмæ хосгæнæн кæрдæджытæм чи цымыдис кодтой, фæлтæрæй фæлтæрмæ хос кæныны фæлтæрддзинад кæмæ æрхæццæ, уыдон къаддæрæй къаддæр кодтой æмæ ныр зын зæгъæн у, йæ цæрджытæй чи сфæлахс, нæ уыцы хæхбæсты ма искуы баззад ахæм адæмон хосгæнæг, уый фæлæ уæддæр уыдоны амындтытæ кæд иууыл нæ, уæддæр дзы бирæтæ цæрынц æмæ сæ пайда кæнынц адæм. Бирæтæ сæрдыгон бонты æрæмбырд кæнынц алыгъуызон хосгæнæн кæрдæджытæ. Фæлæ алчи нæ зоны, кæд æмæ сæ куыд æмбырд кæнын хъæуы, уый. Бирæтæм афтæ кæсы, цыма уый хуымæтæджы хъуыддаг у, фæлæ уый афтæ нæу, ам ис бæлвырд фæткойтæ æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын. Нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы биологийы ахуыргæнæг Гæбæраты Екатеринæйы хъуыдымæ гæсгæ хосгæнæн кæрдæджыты чи æмбырд кæны, уый хъуамæ æнæмæнг йæ зæрдыл дара: фыццаджыдæр уый æмæ сæ кæцы æмгъуыдты æмбырд кæнын хъæуы æмæ дыккаджы та – зайæгойты нæ хъæуы бындзарæй тонын. Зайæгойæн хъæуы тонын æрмæстдæр уыцы хæйттæ, кæцытæ æххуыс кæныны бæрæг низæй схос кæнынæн.

Зындгонд у, хосгæнæн миниуджытæ ис уидагæн, сыфтæртæн, къуыбыртæн, цъарæн, цъары мидæг цæуæг донæн. Цæвиттон, къуыбæрттæ æмбырд кæныны куыздæр рæстæг у, куы снæрсынц, фæлæ куы нæма райхæлынц. Уыцы рæстæджы уыдон иууыл хъæздыгдæр вæййынц пайдайаг буарадтæй. Уæлдай  банысанкæнинагдæр сты бæрз, хæрисбæлас, гæдыбæлас æмæ æндæр зайæгойты къуыбыртæ.

Сыфтæртæ тонын хъæуы, сæ рæзын куы æрлæууы, уæд. Раст у, ис ахæм зайæгой-тæ, кæцыты сыфты æмбырд кæнын хъæуы раздæр, зæгъæм, джыджына (ландыш), фæлæ уыдон бирæ не сты.

Дидинджыты æмбырд кæнынц, зайæгойтæй иутæ дидинæг æфтауын йæ тынгыл куы уа, уæд. Дидинæг æфтауыны рæстæджы гæнæн ис зайæгойы æндæр хæйттæ дæр æмбырд кæнын (сыфтæртæ, зæнгтæ).

Уидæгтæн æмбырдгæнæн ис æрмæстдæр, тауинæгтæ куы сцæттæ вæййынц æмæ куы азгъæлынц, зайæгойæ зæххæй чи зыны, уыцы хай куы слæмæгъ вæййы, уæд. Уыцы рæстæджы йæ зæххыбын хай вæййы цæттæ æмбырд кæнынмæ.

Зайæгойы цъар æмбырд кæныны хуыздæр рæстæг та у, уалдзæджы дзы дон куы бацæуы. Уæд хъæдæй хицæн кæны æнцонæй.

Стыр нысаниуæг ис хосгæнæн зайæгойтæ кæцы афон æмæ цахæм боныгъæды æмбырд кæнын хъæуы, уымæн дæр. Куыд фæтк, афтæ сæ æмбырд кæнын хъæуы хус рæстæджы. Истори куыд бæлвырд кæны, афтæмæй рагон вавилойнæгтæ хуыздæр афоныл нымадтой хурныгуылды фæстæ, мæй къаддæрæй къаддæр куы кодта, уæд. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ мæй йедзаг куы уа, уæд зайæгойтæ зæххæй цъирынц фылдæр дон æмæ кæй фембырд кæнынц, уыдоны,  гъæд вæййы мæгуыраудæр.

Хосгæнæн кæрдæджытæ æмбырд кæнгæйæ, хынцын хъæуы иу хъуыддаг. Кæм зайынц, уыцы бынаты сæ иууыл тонын, къахын нæ хъæуы. Батыхсын хъæуы ууыл, цæмæй кæм задысты, уым ма фесæфой, иннæ аз та дзы ногæй сзайой æмæ апарахт уой. Цæвиттон, дидинджытæ æмбырд кæнгæйæ алы квадратон метры дæр ныууадзын хъæуы цалдæр дидинæфтауæг кæрдæджы, зайæгойы. Афтæ къахгæ кæй кæнынц, уыдонæй дæр.

…Æрæмбырд кодтай æмæ хæдзармæ æрхастой алыгъуызон хосгæнæн кæрдæджытæ, зайæгойтæ. Уый хорз хъуыддаг у. Фæлæ, цæмæй сæ хосгæнæн миниуджытæ ма фесæфой, уый тыххæй сæ хъæуы æмбæлон уагыл бахус кæнын æмæ бафснайын. Гæбæраты Екатеринæ куыд зæгъы, афтæмæй уал сæ райдианы хъæуы авзарын, сæ чъизитæй сæ ахицæн кæнын. Уый хъæуы тагъдыл саразын – се ‘мбырд кæнынæй 2-4 сахатмæ, уымæн æмæ, уымæл уæвгæйæ, тæвд кæнынц æмæ сæ гъæд сафынц. Æндæр æмæ æндæр зайæгойты хус кæныны режим у алыгъуызон. Хуыздæр у, уыдоны гом мæнгагъуысты, уæлдæф сæрибарæй кæм зила, ахæм бынаты хус кæнын. Хъуамæ сæм куыд хуры тынтæ, афтæ уымæлад дæр ма хæццæ кæна. Ахæм бынат хорз у æппæт хосгæнæн кæрдæджытæн дæр. Хорз бынат у зестæй кæнæ шиферæй æмбæрзт уæлхæдзар дæр, цыран уæлдæфы температурæ схæццæ вæййы 40-50 градусмæ. Ам уыдон хус кæнынц тагъддæр æмæ сæ хосгæнæн миниуджыты дæр бахъахъхъæнынц хуыздæр. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, сæ фарсмæ исты тæфгæнæг буарадтæ куы уа, уæд сын сæ тæф сæхимæ кæй исынц. Уымæ гæсгæ хъуамæ æвæрд уой гæххæттæй пакетты, каробкæты, кæнæ та авгæй банкæты.

Банысангонд фæткойтæ хъахъхъæнгæйæ, уæ бон суыдзæн, æрдзæн нæ разиан кæнгæйæ, æрæмбырд кæнат æмæ æрцæттæ кæнат, уе ‘нæниздзинад сфидар кæнынæн уын чи феххуыс уой, ахæм хосгæнæн зайæгойтæ. Æниу æрмæст æнæниздзинад банывыл кæнынæн сты? Кæй нæ бафæнды кæрдæджытыл арæзт ароматон цай бацымын? Кæд уæ фæнды уæ сæры хъуынтæм, уæ буары царммæ базилын – уæ фарсмæ уыдзысты хосгæнæн зайæгойтæ афæдзы алы афон дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.