РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæргълæудæй 23 июлы уагъд æрцы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт.

Рабадты куыд банысанчындæуыд, афтæмæй арæзтцæуæг объекттæн сæ фылдæры фæактивондæр хъæуы куыстыты. Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, афтæмæй Инвестпрограммæмæ хаст объектты финанскæнынад цæуы планмæ гæсгæ æмæ сæйраг хæс ис уый мидæг, цæмæй 2016 азæн рахицæнгонд фæрæзтæй пайда æрцæуа æххæст гуырахстæй. Фæлæ алцы дæр алы хатт аразджытæй кæнгæ нæ вæййы. Цæвиттон Сæудæджерад, энергетикæ æмæ транспорты комитеты сæрдар Дзассеты Васили ма штабы раздæры рабадты куыд фехъусын кодта, афтæмæй не ‘нтысы Мæскуыйаг микрорайоны дæлстанцæй Цоцийы фырты уынгмæ кабель рауадзын. Йæ аххоссаг у,  цæрджытæ афтæ кæй хъуыды кæнынц, зæгъгæ, йæ уæлдæфы рауадзгæйæ, уый мæгуырауæрдæм æндавдзæн се ‘нæниздзинадыл.

Куыд подрядон организацийы минæвæрттæ, афтæ комитеты кусджытæ дæр цалдæр хатты фембæлдысты ацы микрорайоны цæрджытимæ æмæ сæ зонгæ кодтой проекты техникон уавæртимæ, кæцымæ гæсгæ кабель уагъд цæудзæн зæххы бынты. Хъуылымбегты Доменти æрсидт бæрнон адæймæгтæм, цæмæй æвæстиатæй æрæвналой ацы объекты куыстытæм æмæ дызæрдыг чи кæнынц, уыцы цæрджыты та йæм æрбарвитой, цæмæй сæ райса йæхимæ.

Рабадты уынаффæ цыдис Паддзахадон драмон театры арæзтады куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Ныртæккæ ам сæйраджыдæр, куыст цæуы сценæйы шахтæйы, фасады, донифтонгады хызæгты монтаж кæныны фæдыл, афтæ ма аразджытæ æххæст кæнынц мидæггагон куыстытæ. Хицауады Сæрдар бацымыдис кодта бæстыхайы æмбæрзæн куыстытæ æххæстæй цæмæннæ фесты, уымæ.

Объекты аразæг арæзтадон организаци «Эверест»-ы минæвар загъта, зæгъгæ, æмбæрзæн куыстытæ нæ фесты уый тыххæй æмæ сæм вентиляцион ифтонггæрзтæ кæй нæма ис. Уый куыд баныфсæвæрдта, афтæмæй уыдон æввахсдæр бонты бынатмæ ласт æрцæудзысты.

Рабадты куыд банысанчындæуыд, афтæмæй цы медицинон уагдæттæ арæзт цæуынц, уыдоны куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Фæлæ графикæй фæстейæ зайынц Синагур-Карзман æмæ Гуфта-Къуайсайы фæндæгты арæзтад. Уый фæдыл Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуызыдтаты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыст цæуы ахæм графикыл, цæмæй фæтагъддæр кæной сæ куыстытæ æмæ фæстæзаддзинад иуварс æрцæуа.

Кæронмæ фæхæццæ кæнынц, Цхинвалы цы базар арæзт цæуы, уым куыстытæ. Ныртæккæ ам монтаж цæуынц хъахъхъæнæн æмæ зынгсирвæзты сигнализацитæ. Арæзтадон куыстытæ хорз темптæй цæуынц университетон комплексы дæр.

Рабадты хъусдард здæхт æрцыд горæты уынгты хæрзарæзтгæнæн куыстытæм. Уыдоны куыстытæ цæуынц активон режимы. Хъуылымбегты Доменти Арæзтад æмæ архитектурæйы министрæн бахæс кодта, цæмæй контроль кæна арæзтцæуæг уынгты фæзилæнты хæрзарæзтадыл.

Оперативон штабы рабадты ма дзырд цыдис 2017 азы уынгты хæрзарæзтады фæдыл проектон-сметæйон документаци бацæттæ кæныны фарстытыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.