Рæстæг – фæндагамонæг. Уыдис ахæм дуг, нæ ирон æцæг сылгоймаг-фыссæг Кочысаты Розæмæ йæ барты сæрыл дзурыны тыххæй нæ тæвдтуг лæппутæ марæн кæрдтæ куы хастой, былтæбаст, фырæфсæрмæй фæкæл-фæкæлгæнгæ цу, зæгъгæ.

Ныр нæм сылгоймаг-фысджытæ афтæ сбирæ сты æмæ сын сæ нымæц зонгæ дæр ничи уал кæны. Сæ иу – поэт, тæлмацгæнæг, публицист Бызыккаты Земфирæ. Бынтон æрæджы йæ туг-стæг, йæ бирæ хиуæттæ æмæ йæ адджын хæлæрттимæ банысан кодта йæ юбилей.

Адæм æй цæмæн уарзой, йæ цин сæ цин цæмæн уа, уый йын ис. Фыццаджы-фыццаг ын йæ райгуырæн Елхоты хуызæн адджын æмæ зæрдæлæууæн у æнæхъæн Ирыстон. Йæ уарзтæй сулæфынтæ дæр нæ фæразы.

Æмæ йæ фæндырдзагъд, йæ нæргæ хъæлæс, йæ дзыхы адджын дзырд кæй нæ балвасдзæн йæхимæ? Йæ аив дзырды табугæнджытæ бонгай æнæнхъæлæджы нæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц.

Земфирæйæн, кæнæ йæ йæ адджын хæлæрттæ уарзгæйæ куыд хонынц – Зифæйы адæм уæлдай тынгдæр уарзынц царды йын йæхи аразинæгтæ, йæхи дзуринæгтæ, йæхи аудинæгтæ кæй ис. Цард уыны йæхирдыгон, йæхи хуызы. Дары йæм йæхи ахаст. Æмæ йæ хуы-мæтæг, ирон, æнæзæрдæхудт дзырды фæрцы уарзын кæны махæн дæр:

Æз куы ауынын Хур,

Уæд мæ уд дæр фæкафы,

Зæрдæ уарзтæй цæры,

Уд ыл сонтæй ныззары!

 

Æз куы ауынын Хур,

Ницы уал мæм фæхъуысы –

Дуне уарзтæй цæры,

Иунæг Уарзт у мæ хъуыды.

 

Æз куы ауынын Хур,

Зæрдæ къах-къухтыл скафы,

Дуне Уарзтæй цæры,

Уд бæрзонд Уарзтыл зары!

(«Æз куы ауынын Хур…»)

Ацы цæвиттонæй дæр бæрæг у, нырыккон дзæвгар ирон сылгоймаг поэтты ‘хсæн Земфирæйæн кæй ис йæхи, уадз, джиппы уагъды хуызæн нæ, фæлæ йæхихуызон, æнæкъæм, зæрдæ кæй исы, ахæм хъæлæс.

Земфирæ дзæвгар чингуытæ балæвар кодта ирон чиныгкæсæгæн: «Æрвыг» (2004), «Зæриндаг» (2010), «Арвы чызг» (2012)…Рох дзы не сты сабитæ дæр. Бахуын сын кодта «Хуры фырт», «Зарæг æмæ зарæг», «Арс æмæ Аланæ»…

Йæ чиныгкæсджыты юбиляр нæ ферох кодта йæ бæрæгбонмæ дæр. Йæ юбилейон чиныг джиппы рауа-дзынæн ын финансон æххуыс чи бакодта, – Козаты Витали, – уый фæрцы хур федта йе ‘мдзæвгæты ног æмбырдгонд «Цыкарийы уалдзæг».

Не ‘мсисон, газет «Рæстдзинад»-ы кусæг Бызыккаты Земфирæйæн Ног азы къæсæрыл йæ юбилейы тыххæй кæнæм зæрдæбын арфæ æмæ йын нæ газеткæсджыты зонгæ кæнæм йе ‘мдзæвгæтæй цалдæримæ.

 

БЫЗЫККАТЫ Земфирæ

ЦЫКАРИЙЫ УАЛДЗÆГ

Изæрæй Елхоты комæй –

Терчы былгæронæй

Зарынц иумæ атагъайæ

Хæфсытæ æргомæй.

 

Базар у йæ тæккæ тынгæй,

Айзæлд комы кадæг…

Ехх, Ирыстон, цард дын фестон –

Цыкарийы уалдзæг!

 

 

РÆСТÆГ

Рæстæг лидзы, лидзы, лидзы –

Нал ын ис сæрфат.

Æз йæ сæрмæ хизын, хизын –

Фехсы мæ æваст…

 

Сыстын, асæрфын мæ рыгтæ,

Къахдзæф – иу, æндæр…

Гъе, гауыр… Кæс-иу дæхимæ,

Баййафон æз дæу!

 

Рæстæг стырындз и – æнæнцой –

‘Нæвдæлон, æрра!

Ныр куыд æрвитут уæ бонтæ

‘Нæкуыстæй?.. Уæууа!..

 

Лидзы заман, лидзынц бонтæ,

Хъуысы: тъинг-тъылланг!

Фысс Историйы фыдбонтæ…

Уый та уын – нæ цард.

 

Рæстæг лидзы, лидзы, лидзы –

Азты рæгъ – пæррæст!

Æз, цæргæсау, рухс тыгъдадмæ

Стæхдзынæн, фæкæс!

 

БАБЫХС, ИРЫСТОН

Диссаг у, диссаг,

Мах, дам, цæрæм!

Риуæн йæ арфæй

Иууыл хъæрзæм.

Дуджы фыдуагæй

Нал ис нуар…

Искуы куы ‘рцæуид

Цардмæ æгъдау.

Искæд куы ‘рлæууид

Уалдзæг зæххыл

Дунейы фарнæн

Рухс бæстæтыл!

Нал хоид арфæй

Зæрдæ фæдис…

Тыхст æмæ зынтæй

Нал фæлмæцид…

Н’ алыварс калид

Хурмæ цæхæр,

Айдæны авгау

Цардмæ кæсæн!

Бабыхс, Ирыстон,

Дуджы зынтæн –

Табуйаг бæстæ,

Цæр æмæ хæр!

 

 

ГУЫРАХСТ ЗÆРДÆ

Фыссæг Хъазиты Мелитонæн

Цин дын кæнын дæ фыстытыл,

Дæ зæрдæ мæм фæхудти.

Цин дын кæнын дæ фыстытыл –

Поэзийы зынгхурыл!

 

Дæ чиныгыл зæрдиаг фыст –

«Мæ цардхæрæфырт Зифæн».

Ныффыстай йыл дæхи къухтæй,

Дæ лæварæй фæдис дæн.

 

Мæ хорз хион, мæ хорз хæстæг,

Дæу хуызæн нæй, нæ, ничи.

Цин дын кæнын дæ фыстытыл,

Рæстаг поэты удыл.

 

Аллон зæрдæ, мæ æмдугон –

Мæ рахиз цонг, нæ къабаз!

Цæй нæртон лæгæй басгуыхтæ –

Мæ рыст Дуне ныффæлмас!

 

Цин дын кæнын дæ фыстытыл,

Табуйаг у дæ аргъуан.

Дæ зæрдæйы мын цас цæуы,

Цæй сыгъдæг у, цæй уарзаг!

 

Куырыхон зонд, зæдыæнгæс,

Хуссарварсæй – Цæгатмæ

Æвдудонæй, гуырахст зæрдæ,

Дысвæлдæхтæй ыскастæ!

 

ФÆЗЗÆГ

Бурачъи, буррихи, бурхъус

Фæззæг сырх сыфтæртыл ссыгъд,

Хурарты ‘взæгтæй зæрæхсид

Акъул ис, арвыл ныппырх…

 

Цъицъила сырддонцъиу донбыл

Зары, мæнæуæй æфсæст,

Мæнæуæй дзаг у нæ хордон,

Алкæмæн уарзы мæ цæст.

 

Акæс-ма, мæлдзыг фæласы

Мæнæуы ставдгуыр фæрдыг,

Диссæгтæ, куыд æй фæразы –

Хæдзармæ хæссын нæу зын.

 

Бурдзалыг, буррихи, бурхъус

Фæззæг – сыгъзæрин йæ сыг.

Алчи дæр цæрын фæразæд,

Фезмæл, мæ хъæбул, мæ чызг!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.