Хурзæрин-95

Революцийы фæстæ, ног дуджы стыр хæрзиуджытæй махæн иу у нæ газет «Хурзæрин».

Газет «Хурзæрин» нымад æрцыд фыццаг ирон советон газетыл. Нæ интеллигенцийы минæвæрттæ стыр куыст бакодтой, цæмæй 1924 азы 1 январы Хуссар Ирыстоны адæм сæ къухмæ райсой, æнæрхъæцæй цы газетмæ æнхъæлмæ кастысты, уый.

Газет «Хурзæрин» афæдз куы бакуыста, уæд сæрыстырæй фыста: «Хуссар Ирыстоны нал баззад иунæг ахæм талынг къуым дæр, нæ газет кæдæм нæ хæццæ кæны, кæм æй нæ исынц».

Фæстæдæр, газеты уацхæсджытæй иу фыста: «Нæ зынаргъ „Хурзæрин“, дæ фæрцы райхъал сты фæллойгæнджытæ, кæсынц дæ æмæ дæ кæсынæй не ’фсæдынц, æгæрыстæмæй, ас адæм дæр. Раздæр кæсын æмæ фыссын чи нæ зыдта, уыдон дæр зæрдиагæй æрывнæлдтой дамгъуат ахуыр кæнынмæ».

Цард вазыгджын у, уымæн æмæ дзы гуыры ног, мæлы зæронд, рæстæг ивы рæстæджы, æгъдау — æгъдауы. Уыцы стыр ивындзинæдтæн бамбарæн ис æрмæстдæр периодикон мыхуыры руаджы, мадæлон æвзаджы руаджы. Цыбыр дзырдæй, царды хорз æмæ æвзæрæй цы ис, уыдоны цæмæй адæммæ фæхæццæ кæнай, уый тыххæй.

Революцийы агъоммæ цы газеттæ æмæ журналтæ фæзынд, уыдонæн цæрæнбонтæ цъус уыд, фæлæ нæ адæм банкъардтой мыхуырон дзырды ад. Къоста, Секъа, Къубалты Алыксандр, Гурджибеты Бласкæ, Коцойты Арсен æмæ æндæртæ сæ уацмысты сæ адæм æмæ сæ сомбоны тыххæй цæуыл дзырдтой, цæуыл фыстой, уыдæтты кастысты сæ мадæлон æвзагыл.

Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ «Хурзæрин» тауын райдыдта адæмыл ног дуджы хæрзиуджыты. Адæмы уæнгты бауагъта ныфс, хъару. Йæ фæзынды бонæй фæстæмæ йæхи тынг бауарзын кодта адæмæн.

«Хурзæрин» арæхстджынæй æвдыста ног дуджы размæцыды фæндæгтæ, рæстæджы фидар къахдзæфтæ, ног хицауады стыр хæрзиуджыты, тыдта хæлардзинад, æфсы-мæрдзинад, сыхагдзинады хорз фæндæгтæ, цард цы стыр къахдзæфтæй райдыдта цæуын размæ, æппæт уыдæтты.

Егъау сты газет «Хурзæрин»-ы лæггæдтæ ахуырдзинад æмæ культурæйы рæзты, ног интеллигенци схъомыл кæныны хъуыддаджы. Абоны бон дæр Ирыстон буц у газет «Хурзæрин»-ы хуыздæр зиууæттæй. Уыдон та уыдысты æмæ сты нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ, нæ куырыхон фысджытæ, зынгæ æхсæнадон архайджытæ.

Газет «Хурзæрин» йæ фыццаг номыры раззаг уацы фыста: «Абон Хуссар Ирыстоны райгуырд æмæ дунемæ йæхи равдыста ирон газет „Хурзæрин“. „Хурзæрин“-ы рухсæй хъуамæ куырмытæ сæ цæстæй ракæсой, хъуамæ феной æмæ бамбарой, талынг, æнахуыр адæймаг ног царды цæрынæн нал бæззы».

Фыста ма уый дæр: «Алы ирон хæдзары дæр хъуамæ уа нæ уарзон газет, мæгуыр адæмæн йæхи чи снывонд кодта, мæгуыр адæмы тыххæй йæ цæрæнбон тохæн чи схæлар кодта».

Иры дзыллæ «Хурзæрин»-ы руаджы карз тох самадтой ирон талынг æгъдæутты ныхмæ, ног царды размæцыдæн цæлхдур чи уыд, уыцы фæзындты ныхмæ.

Уый кæддæриддæр уыд нæ адæмы æхсæн рухсдзинад парахатгæнæг, фæллойгæнæг адæмы дуджы раззагон хъуыдытыл хъомылгæнæг, интернационализм æмæ патриотизмы зондахастыл æфтауæг.

«Хурзæрин», фæстæдæр «Коммунист», стыр куыст бакодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты, кæд йæ хуыздæр зиууæттæ хæсты быдырмæ фæцыдысты, уæддæр газет æппæт йæ тыхтæ лæвæдта уымæ, цæмæй фашистон Герман пырх æмæ дæрæн æрцæуа. Реалон нывты æвдыста советон салдаты удыхъæд, йæ иузæрдион тохы фæндæгтæ.

Ирыстоны бирæ хæдзæрттæ баззадысты æнæ дарæгæй, бирæ хæдзæртты дуæрттæ æхгæд æрцыдысты. Фæцис хæст, æрыздæхтысты хæцæг адæм Ирыстонмæ, æрхастой кад, буцдзинад, стыр хорзæхтæ. Æппæт уыдæттыл фыста «Хурзæрин» æмæ фидарæй зæгъæн ис, уыцы азты хъæдгæмттæ абон дæр нæма байгас сты æмæ сыл абоны бон дæр фыссы æмæ сæ кой кæны «Хурзæрин».

Фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Адæм бавнæлдтой сæ хæлд хæдзарад сæндидзын кæнынмæ. Ацы хъуыддаджы дæр «Хурзæрин» кæддæриддæр уыдис йæ адæмимæ æмæ сын цæстуарзонæй æвдыста сæ царды уаг æмæ сæ хъазуат куысты фæстиуджытæ.

Цард мæнгард у, тæбæгъы донау кæд фæкъул уыдзæн, уый ничи зоны. Чи уыд æнхъæл æмæ йыл хъуыды дæр чи акодтаид, фехæлдзæн сæрибары Стыр Цæдис, чи уыд æнхъæл, рацарæзт, демократи æмæ æргом ныхас адæмы кæрæдзи туджы сæвдулын кæндзысты, чи ма уыд æнхъæл, нæ æнæрæгъыдзыд сыхæгтæ махæн ног геноцид сараздзысты? Чи уыд æнхъæл ирæттæй, гуырдзыйы лæгхортæ мах фыдмардæй мардзысты, лидзæг сабиты, зæрæдты, сылгоймæгты фæндæгтыл цæгъддзысты, ироны тугæй рæгъытæ кæндзысты? Æппæт уыдæттæ æвдисынмæ йæ тыхтæ радта æмæ абоны бон дæр йæ гæрзтæ не ’рывæрдта «Хурзæрин».

Хуссар Ир 18 азæй фылдæр уыд хæстон уавæры, фæлæ нæ асаст, нæ фæцудыдта, йæхи банымадта хæдбар Республикæйыл, банымадтой йæ дунейы къорд бæстæйы дæр.

Абон «Хурзæрин», нæртонæй æвдисы нæ Республикæйы размæцыды фæндæгтæ, цы стыр ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм, æппæт уыдæтты. Рæзы нæ уарзон горæт, гас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ, 2008 азы августы тохты нæм кæд сæрибардзинад æрхаудта, кæд нæ адæм цæргæцæрæнбонты цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухты бафтыд, уæддæр федтой, цы стыр зиæнттæ ныл æрцыд, æппæт уыдæтты. Газет «Хурзæрин» цырддзаст у, ницы йын ирвæзы, æвдисы реалонæй, цы хабæрттæ ныл æрцыд, æмæ нæм цытæ цæуы, æппæт уыдæтты.

Газет «Хурзæрин» абоны бон дæр стыр куыст кæны иу ахсджиаг хъуыддагыл: адæм хъуамæ ныфсджын уой, сæ фидæнмæ цæуой фидар къахдзæфтимæ.

Афтæ кæй у, уый та ацы тохты равдыстой нæ сагсур лæппутæ.

Бирæ куыст, бирæ фыдæбæттæ ис нæ уарзон газетæн. Йæ удæй арт цæгъды, цæмæй дуджы домæнтæн æххæстæй дзуапп дæтта. Архайы коллектив, кусы, бафæрæзта зындзинæдтæн. Ирыстоны ногæй цы æрцыд арæзт — фæндагæй, бæстыхайæ, уыдоныл цæстуарзонæй дзуры.

Абоны уавæрыл куы дзурæм, уæд зæгъæн ис, газет «Хурзæрин» æмбæлы зындзинæдтыл дæр. Фылдæр хъуаг сты йæ кæсджытæ цæмæдæр гæсгæ, чидæртæ уæлæхох кæнын дæр байдыдтой «Хурзæрин»-ыл.

Мæ бæллиц у, цæмæй «Хурзæрин» ногæй ахиза Хуссар Иры арæнтæй, алы ирон хæдзар дæр иса æмæ кæса ирон газет.

Наци йе ’взаг æмæ йе ’гъдæуттæй наци у, æнæ уыдон наци наци нæу. Махæн ис рагон æмæ дисæндзуринаг хъæздыг æвзаг, Къоста сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы æвзаг æмæ мах куынæ кæсæм «Хурзæрин», «Рæстдзинад», «Фидиуæг», «Мах дуг» æмæ «Ногдзау», нæ хæдзæртты куынæ уой Нартæ, Къоста, Секъа, Арсен æмæ æндæрты чингуытæ, уæд цæй ирæттæ стæм, нæ телеалæвæрдтæм куынæ кæсæм, уæд сур æмæ хус ныхæстæй куыд ис дзурæн Къоста æмæ не ’взаг, нæ литературæйы нысаниуæгыл.

Арфæйаг ут, «Хурзæрин»-ы коллектив. Тых, куыстуарзондзинад уæд уе уæнгты. Рухсы цырагъ хæссут адæммæ æмæ дзы макуы бафæллайут, уæ зæрдæйæ макуы сцух уæнт Дзесты Куыдзæджы ныхæстæ:

«Æнусмæ арфæйаг фæцис „Хурзæрин“. Фæрнджын уæд, газетæн уыцы цæхæркалгæ бæллиццаг ном чи сæвæрдта, уый дæр. „Хурзæрин“ æцæг дыккаг хуры тын у Ирыстонæн».

Йæ рæстæджы «Хурзæрин»-æн зæрдиаг арфæ ракодта Козаты Исидор, нæ курдиатджын поэт, мæрдты дзæнæты бадæт. Афтæ фыста:

«Ды амайыс фæллойы кады цырт,
Ирыстонæн йæ азфыссæг дæ абон.
Æмæ нæры дæ тохмæсидæг дзырд,
Нæ хæхты тауыс цинуац æмæ амонд».

Нæ «Хурзæрин»-ы коллектив! Систæм хæдбар, нымад Республикæ æмæ йын йе ’нтыстыл дзурут уæндонæй, ныфсджынæй, зæрдæхъæлдзæгæй, кæддæр фаллаг Иры Республикæйы райгуырды цытæн Боциты Барон сæрыстырæй куыд зарыд йе ’мдзæвгæ «Республикæ»-йы, афтæ.

Фыдыбæстæ, йе ʻвзаг æмæ йе ʻгъдæуттыл чи хъуыды кæны, уый кæддæриддæр «Хурзæрин» кæсдзæн æмæ зæгъдзæн:

«Æрвылбон дæр нæртон лæгмæ хуынд дæ,
Æмæ нын у нæртон зæрдæйау, растдзур.
Ды уал азы цыты газет уыдтæ,
Æнустæм дын кæндзыстæм мах «æгас цу!».

Плиты Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.