æ адæммæ кæддæриддæр нымады уыдысты æмæ стыр аргъ кодтой, йæ ныхасы фарн кæмæн уыдис, йæ æгъдауæй цæвиттойнаг чи уыд канд кæстæртæн нæ, фæлæ хистæр фæлтæрæн дæр, ахæм гоймæгтæ. Ахæмты агуырдтой æмæ сæ фарстой зондæй, хуыдтой сæ хъæубæсты, комы аргъ лæг, адæмы иумæйаг фырт…

Фыдæлты æгъдау, мыггаджы фарн, хъæубæсты кад æмæ намыс йæ миддунейы æрдзон хуызы кæмæн бацыдысты, уыдонæй уыд, Ирыстоны рагондæр журналисттæй сæ иу – Дзуццаты Димитр. Уый йæ уарзон газет “Хурзæрин”-мæ кусынмæ æрбацыд 30-æм азты, ома газеты фæзындæй цалдæр азы фæстæ.Уацхъуыдтæ та йæм фыссын райдыдта ноджы раздæр. Йæ цæстыты раз рæзтис газет æмæ йæ коллектив та сфæлдыстадон æгъдауæй тыхджынæй тыхджындæр кодта.

Ныр ацы аз 1-æм январы, нæ уарзон газетыл сæххæст ис 98 азы, Дзуццаты Димитрыл та – 20 январы æххæст кæны 115 азы. Уæдæ куыд бæрæг у, афтæмæй газеты Димитр йæ фæллойадон архайд райдыдта хæрзæвзонгæй æмæ дзы бакуыста, суанг пенсийы ацæуыны бонмæ. Æмæ дзы кæд кусгæ нал кодта, уæддæр ын æнæ йæ уарзон газет цард ад нæ кодта. Йæ алы номырмæ дæр ын æнхъæлмæ каст æнæрхъæцæй, йæ фæрстыл-иу фæзындысты йæ мидисджын журналистон уацтæ.

Фæсаууонмæ йæ уацтæй цалдæримæ зонгæ уыдтæн, фæлæ йемæ æввахсмæ базонгæ дæн æнæнхъæлæджы, иуахæмы та редакцимæ куы фæуазæг, уæд. Уæд мын газеты уæды бæрнон нымæрдар, зынгæ журналист, дзæнæттаг Дыгъуызты Гриша афтæ зæгъы: “Цума, уæртæ газеты рагондæр журналист Дзуццаты Димитр ам ис, æмæ йæ афæрс, уый та цахæм уавæрты куыста, уымæй”. Æз хорзау нал фæдæн, мæхимид фæ-тыхстæн, ахæм куырыхон журналистимæ ныхас кæнын, мыййаг, куынæ сарæхсон æмæ мыл йæ зæрдæ куы бахуда, уымæй. Фæлæ куыд акæнынц, карды бын оффытæй нал вæййы æмæ мæхи фæхъæбатыр кодтон, афтæмæй йæм бахызтæн.

92-аздзыд урсхил зæронд лæг, йæ лæдзæг йæ галиу къухы даргæйæ, фæстæдзог бадт бандоныл. Йæ разы куы балæууыдтæн, уæд йæ мидбыл бахудт. Йæ цъæх цæстытæ цинæйдзаг æрттывд фæкодтой, афтæмæй мæм йæхæдæг фæраздæр фарстытæ дæттынмæ. Бацымыдис кодта, кæмæй дæн æмæ кæд райдыдтон газеты кусын, уымæ. Уыцы уысм æй мæхимидæг абарстон Уастырджыимæ æмæ фæныфсджын дæн, афтæмæй не `хсæн бацайдагъ, зæрдæйæн æхцон чи уыд, ахæм ныхас – йæ цард, йе сфæлдыстад æмæ газеты равзæрды историйы тыххæй…

Дзуццаты Димитр райгуырд Знауыры районы Хъорнисы хъæуы зæхкусæджы хæдзары. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй, æххуысхъом, змæлынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ уыд адæмы æхсæн. Фыййауы лæдзæг дæр бирæ фæхаста. Æмæ канд фыййау нæ цыд. Æндæр æвзонг хъæууон лæппутау бирæ алыгъуызон куыстыты бафæлвæрдта йæ хъарутæ. Хъорнисы колхоз куы сырæзтис, уæд ма Димитр æвзонг лæппу уыдис, фæлæ тынг хорз бамбæрста, коллективон фæллойы стыр нысаниуæг æмæ фидæн. Хъæуы куыстхъом колхозонтæй дæлдæр никуы никæмæй лæууыдис фæллой кæныны хъуыддаджы. Уæдæ хуым нæ кодта, уæдæ таугæ, уæдæ хос нæ карс-та… Иудзырдæй, æппæт куыстыты дæр зындис йæ хорз фæд.

Дыргъдон саразыныл иннæ колхозонтау, стыр куыст бакодта Димитр дæр. Цынæ уæрстой уæд куыстбонтæм – хойрагæй райдайгæйæ, суанг халсæртты онг.

Димитрæн йæ сæйраг хъуыддаг канд кол-хозон быдырты фæллой кæнын нæ уыдис, фæлæ ма йæ зæрдæ æхсайдта ахуырмæ дæр. Æмæ ахуыр кæнынмæ бацыдис, Цхинвалы цы фæсивæдон-зæхкусæгадон скъола бакодтой, уырдæм. Æртæ азы дзы æнтысгæйæ сахуыр кодта. Стæй та каст фæцис Тбилисы индустриалон рабфак. Уыцы рæстæджы ног цард йемæ æрхаста бирæ хорз хъуыддæгтæ. Уыдонæй сæ иу – ахуырдзинад. Уæд нæ хъæуты ахуыргæнджыты сæр зæрдиагæй хъуыдис. Димитр дæр йæхи айста, йæ сæр иууыл тынгдæр кæм хъуыдис, уырдæм – хъæууон скъолатæм. Ахуыргæнæгæй куыста Дзауы æмæ Цхинвалы районты хъæууон скъолаты. Фæлæ, уыцы рæстæджы Димитр ахста, цæйау фæзæгъынц, дыууæ тæрхъусы: сабитæн – ахуыргæнæг, газе-тæн – уацхæссæг. Кæм-иу куыста, уырдæм уацхæссæджы бацæуыны сæр ницæмæн уал хъуыдис. Димитр уым уыдис æмæ йæ хъуыддаг арæзта. Газетмæ фыста информацитæ, гуырахстджын уацтæ. Æмæ йын кæд ахуыргæнæджы куысты уыд æнтыст, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта журналисты куыстмæ æмæ иу ахæмы йæ бæллиц сæх-хæст. Бæлвырддæрæй кæд райдыдта кусын газеты æмæ уæд цы уавæрты куыста редак-ци, уый тыххæй мын Димитр йæхæдæг афтæ радзырдта: «Редакцимæ æз кусынмæ ба-цыдтæн 1932 азы. Уыцы рæстæджы газет хуындис «Коммунист» æмæ дзы æз куыстон хъæууон хæдзарады хайады. Уæд газеты кусджытæ куыстой тынг уæззау уавæрты. Полиграфион базæ уыдис бынтон мæгуырау. Газет саразынæн нæ къухы ницы уыдис. Дамгъæты æвзæрстам иугай, уымæй дæр къухæй архайдтам туасы бырынкъæй. Шрифт нын Калакæй ластой Гæззаты Лади æмæ Козаты Никъо. Фæстæдæр нæм уыдон æххуысæй фæзындысты линотиптæ дæр æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ нæ куыст бирæ фенцондæр».

Цы дæ сразæнгард кодта газеты куыстмæ, зæгъгæ йæ куы афарстон, уæд йæ цæсгомыл ахъазыд цахæмдæр æхцондзинады уылæн, æхсызгон улæфт скодта æмæ загъта: “Ирон газет, ирон мыхуыр мæнæн кæддæриддæр зынаргъ уыдис. Иухатт хъæдыл зынг сирвæзт æмæ уый охыл æз ныффыстон мæ фыццаг чысыл уац. Уый уыдис 1927 азы. Мыхуыры мын æй куы рауагътой, уæд мæ цинæн кæрон дæр нал уыдис. Æмæ уый фæстæ уæндондæрæй райдыдтон уацтæ фыссын. Афтæ мын фæзындис иудзинад мæ уарзон газетимæ”.

Дзуццаты Димитрæй нæ рох кодтой, кæимæ куыста, уыдон æмæ æхсызгонæй æрымысыд уæды редактор Беджызаты Чермены. Уым ма куыста Уалыты Димитр дæр. Уыцы рæстæджы нæ фаг кодтой журналисттæ. Уый аххосæй газет æвзæрста бирæ зындзи-нæдтæ. “Мах æй уагътам æртæйæ. Райдианы цыдис къуыри иу хатт, стæй та къуыри – æртæ хатты, уый фæстæ та – æрвылбон. Æз никуы ферох кæндзынæн, ирон мыхуырыл афтæ æнувыд чи уыдис, æмæ газет адæмы рæгъмæ рахæссыныл, йæ адæмы проблемæтæ растæй æмæ оперативонæй равдисыныл чи архайдта, уыдоны, уæлдайдæр та – Беджызаты Чермен æмæ Уалыты Димитры”,- дзырдта уый.

Дзуццаты Димитры сæхимæ æлвæстой хъомыладон, политикон æмæ критикон фарстытæ. Фæлæ цъус кусджытæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ фыссын хъуыд алы темæйыл дæр. Йæ уацтæй йын иууыл зынаргъдæр уыдысты “Чи у уæддæр аххосджын”, “Чи дæ зæхкусæг”, “Дæ къахдзæфтæ”, “Царды къæпхæнтæ” æмæ æндæртæ. Уыдоны æмæ æндæр уацты уый æвдыста, нæ уæды областы фæллойгæнджыты царды цы стыр ивындзинæдтæ цыдис, уыдон. Уыцы рæстæджы газеты кусæджы дæсныйад фæхуыздæр кæныны тыххæй фарстмæ здæхт цыд стыр хъусдард. Уæд газет “Правда” систематикон æгъдауæй уагъта семинартæ бæстæйы алы рæтты кусæг журналисттæн. Димитр дæр ахæм семинары куысты фыццаг хатт хайад райста 1949-æм азы, дыккаг хатт та – 1953 азы. Уыцы рæстæджы амардис Сталин æмæ адæм куыд тынг фыдох уыдысты, уый нæ ферох кодта Димитр æмæ йыл æрдзырдта йæ уацтæй сæ иуы. Уыцы семинарты хайад райсыны фæстæ уымæн фесты стыр ахъаз. Уым сын амыдтой газеты æмæ журналистон куысты сусæгдзинæдтæ. Йæ куыст æвзæр нæ цыд, фæлæ йыл тынг бандæвта 1937-æм аз.

“Ой, ой! Йæ кой дæлзæхх фод! Мæ царды æз цы хъуыды кæнын, уымæй уый уыд иууыл æгъатырдæр рæстæг. Уæд æз куыстон “Мах фæлтæр”-ы æмæ мæ систой мæ бынатæй. Дæ фыдыфсымæр, дам, ахст у, æмæ мын мæхимæ дæр кастысты æнæууæнчы цæстæй. Уыцы рæстæджы æз æппындæр ницыуал  ныффыстон. Мæхи куыннæ бааууон кодтаин, уæд æнæмæнг  бауыдаин уыцы культы амæттаг”- дзырдта æрхæндæгæй  Димитр.

Уыцы рæстæджы зындзинæдтæ, Ирыстоны дзырддзæугæ, раззагон адæймæгты хъысмæт уынгæйæ, Димитры æвзонгадыл, йе сфæлдыстадон куыстыл бандæвтой мæгуырауæрдæм. Дзæвгар рæстæджы бамыр… Ирыстоны дзырддзæугæ адæймæгтæ, интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй бирæты æрцахстой, кæй та дзы æхсгæ фæкодтой.

Дзуццайы фырт Коммунистон партийы рæнхъытæм бацыд 1939 азы æмæ дзы уыд сæрыстыр. Сæрыстыр уыд, коммунистты æхсæн активон куыст кæй фæкодта, фæсивæды кæй фæхъомыл кодта, уымæй. Стыр кад кодта партийы æмæ куысты ветерантæн. Уый стыр тых бахардз кодта æвзонг фæлтæры куыстыл фæцайдагъ кæныныл.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ Димитр куыста газет “Коммунист”-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уырдыгæй, Ирыстоны бирæ мингай лæппутау, ацыд Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ æмæ æртæ азы бæрц тох ткодта знаджы ныхмæ. Фæлæ йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый тыххæй йæ 1943-æм азы ссæрибар кодтой æфсадæй. Æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ йе ‘нæниздзинад куы фæхуыздæр, уæд кусын райдыдта партийы Хуссар Ирыстоны обкомы партион фæскомцæдисон организациты секретарь-сæргълæууæгæй.

1945 азы, партийы обкомы уынаффæмæ гæсгæ, ногæй раконд æрцыд газет “Коммунист”-ы редакцимæ. Æмæ дзы фæкуыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Уыд хайады сæргълæууæг, куыста бæрнон секретарæй, авд азы та фæкуыста редакторы хæдивæгæй. Бирæ азты уыд редакцийы райдиан партион организацийы секретарь.

Димитр æмхиц уыд аивадон уацмыстæ фыссынмæ дæр. Йæ фыццаг аивадон уац-мыстæ мыхуыры фæзындысты 1930-1937 азты. Уæд журнал «Фидиуæг» йæ номыртæй сæ иуы фыста, зæгъгæ, Дзуццаты Димитр æмæ Козаты Илойы æмдзæвгæтæй гом кæ-нæм фæсивæдон литературон фарс. Æмæ дзы мыхуыры рацыд йе ‘мдзæвгæтæй сæ иу – “Уалдзæг”.

Хур ссыди, хъазы арвыл,

Сызмæлыд нæ цард,

Анхъæвзта йæ тыхтæ дардыл

У нæ фæндаг дард.

Димитры уацмысты бæрæгæй зыны йе стыр удыхъæд – йæ æгæрон уарзондзинад йæ райгуырæн уæзæгмæ, фыдыбæстæм, йæ адæммæ, культурæ æмæ историмæ.  Йæ иууыл стырдæр сагъæс уыд Ирыстоны фидæныл, 90 азты уæззау уавæрты куы ных-хауд, уæд.

Дзуццайы фырт ирон аивадон дзырдмæ йе ‘ргом хæрзæрыгонæй аздæхта æмæ йын иузæрдион лæггад фæкодта йæ амæлæты бонмæ. Йæ хъарутыл никуы бацауæрста, йæ курдиат æмæ йæ тых цас амыдтой, уымæй архайдта ирон периодикон мыхуырмæ йæ фæллойы хай бахæссыныл.

Димитр куыд арæхст газеты куыстмæ, уый æнцон базонæн у йæ журналистон уацтæй. Кæд нæ уарзон газеты кусджытæй исчи йæ хъарутæ “Хурзæрин”-æн æнæвгъауæй лæвæрдта, уæд уыдонæй сæ иу Димитр уыд. Æхсæвæй-бонæй йæ хъуыдытæ баст уыдысты газетмæ исты ногдзинад бахæссынимæ. Цал æмæ цал адæймаджы фæллойадон архайдимæ базонгæ кодта газеткæсæджы. Цал æмæ цал адæймаджы тыххæй загъта разæнгардгæнæн ныхас. Уый тыххæй та йæхæдæг афтæ фыста: “Цин дын фенон дæ удæн, бирæ, бирæ фæцыдтæн æрмæджыты фæдыл. Цыдтæн æмæ алцы дæр уыдтон мæхи цæстæй, алцы дæр хъуыстон мæхи хъустæй. Цы цаутыл фыстон, кæимæ æмбæлдтæн, уыдоны зыдтон лæгæй лæгмæ. Фыстон, мæхимæ куыд раст æмæ хуыздæр каст, афтæ. Мæхи хызтон мæнг ныхæстæй.” Редакцийы кусджытæй та арæх уыд фехъусæн: “Митдзу кæй ныффысса, уым дон нал атæдздзæнис”.

Димитры бирæазон æмæ намысджын куыстæн æрцыд æмбæлон аргъ: хорзæхджын æрцыд ” Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны орденæй”, “Германыл фæуæлахизы” «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй”, «Намысджын куысты тыххæй», æмæ æндæр майдантæй. Димитр уыдис республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, Кады грамотæты хицау, “Фæллойы ветеран”.

Фæлæ, уæддæр, мæнмæ гæсгæ, адæй-мажы царды иууыл стырдæр æнтыст у адæмы хорзæх ссарын æмæ дæ уды хъармæй та адæмы тавын, се ‘хсæн хорздзинад тауын. Æмæ уыцы хæрзиуджытæй та æххæст уыд нæ куырыхон хистæр.

Кæд уæззау дугыл рацыд Димитр, уæддæр уый уыд рæсугъд цардвæндаг. Уыд йæ адæмæн лæггадгæнæг, куырыхон æмæ æрзæй уæзбын, хорз бинонты, хорз кæстæрты хицау.

Ныр, 20-æм январы Димитры райгуырдыл æххæст кæны 115 азы æмæ кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр нын баззадысты йæ фыстытæ нæ журналистикæйы историйы. Уыдон та дзурæг сты, хорзæй цы сарæзта, уыдоныл.

Мæ уац та мæ фæнды, нæ фембæлды рæстæджы газеты кусджытæн йæ фæстаг арфæйы ныхæстæй:

“Нæ абоны цард у тынг уæззау æмæ вазыгджын. Бафæнддзæнис мæ, цæмæй газет лæмбынæгдæр æвдиса нæ абоны уæззау царды цаутæ, йæ адæмы рис, сæ проблемæтæ. Йæ кусджытæн та – фидар æнæниздзинад, цæмæй бирæ азты кусой æмæ фæллой кæной нæ уарзон газеты, сæ радтæг адæмы пайдайæн”.

Ацы арфæйы ныхæстæ Дзуццаты Димитр загъта 1999 азы, фæлæ ма абон дæр сæ тыхы сты æмæ уадз дзæбæхæй æрцæуæд нæ коллективыл. Йæхицæн та пакъуыйау фæлмæн уæд, афтæ бирæ кæй уарзта, уыцы зæхх.

          БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.