Фæззæджы адæм сæ цæхæрадæтты хус кæрдæг, бæлæсты сыфтæрты æмæ æндæр брæтты дæр фембырд кæнынц æмæ сæ брондæттæм фæхæццæ кæнынц. Фæлæ се ‘хсæн разынынц ахæмтæ дæр, арт сыл чи бандзары. Уыдон хатт вæййынц умæл æмæ фæкалынц пиллон фæздæг æмæ уæд цæрджытæ стыхсынц. Арт хус кæрдæгыл сивæрзы æндæр аххосæгтæм гæсгæ дæр: кæм сывæллæттæ зынгæй фæхъазынц, кæм – судзгæ тамакойы судзæн æппæрст æрцæуы æмæ уæд асудзы хус кæрдæг. Вæййы ахæм цау дæр æмæ бирæтæ арт скæнынц æмæ йæ стæй æнæцæстдардæй куы ныууадзынц æмæ уæд уый йæ фæстæ расайы фыдбылыз.

Ахæм æнæнхъæлæджы цау æрцыд Коцойты Арсены уынджы кæрон дæр. Уым цæрæн корпусты размæ æнæнхъæлæджы ссыгъд хус кæрдæг æмæ анхъæвзта йæ алфæмблай территоримæ. Арт афтæ цæрдæг кодта йæ кæнон æмæ йын цæрджытæ йæ ахуыссын кæнынæн куы ницы бакодтой, уæд фæдзырдтой зынгхуыссынгæнæн службæтæм. Фæлæ арт уæддæр йæ кæнон бакодта. Разианчындæуыд, уыцы бынатмæ æввахс цæрджыты цæхæрадæттæн. Басыгъдысты талабæлæсты, сæнæфсирты æмæ, æгæрыстæмæй, дидинджыты къалиутæ дæр æмæ ныр,  базырдзагъд маргъау, æнкъардæй кæсынц.

Хъыгагæн, иуæй-иутæм ахæм рæдыд хъуыды ис, зæгъгæ, хус кæрдæгыл куы бандзарон, уæд ног кæрдæг тагъддæр разайдзæн. Уымæ гæсгæ нæ фæцауæрдынц æрдзыл, аппарынц сæ тамакойы судзæнтæ кæмфæнды дæр. Уымæ гæсгæ алы ран дæр æппæт дæр судзын райдайы. Арты æвзæгтæ баирвæзынц тала хъæдтæм, хъыгдард баййафынц хæдзаргæрон арæзтадтæ.

Æрвылаз уалдзыгон æмæ фæззыгон хурбонты хус кæрдæг судзын нæ адæмæн æгъдау кæй ссис, æмæ уый та канд адæмæн, æрдзæн æмæ зæххæн дæр куыд пайда, афтæ стыр зиан кæй хæссы, уый бæрæг у. Фыццаджыдæр цы кæрдæг басудзы, уый фæныкæй мæр кæны хъæзныгдæр. Фæлæ иннæмæй та зæххы уæлцъарыл цы кæрдæджыты къуыбыртæ æмæ тауинæгтæ вæййы, уыдон арты басудзынц, æмæ уый æвзæрырдæм бандавы кæрдæджы æрзадыл. Дыккаджы та хус кæрдæджы зынгсирвæзты фæныкæй мæрмæ цы хъацæнтæ фæхæццæ вæййынц, уыдон æнæуыйдæр хус мæрмæ бахаудтаиккой хус кæрдæджы бамбийыны фæстæ. Уымæй уæлдай хус кæрдæджы фæздæг, куыд ма загътам афтæмæй стыр зиан хæссы адæймагæн, уæлдайдæр та йæ улæфæнтæ дзæбæх кæмæн не сты, ахæм адæймæгтæн. Æмæ уæдæ цы цæвиттонтæ æрхастам, уыдон фаг сты, цæмæй ныууадзæм хус кæрдæг судзын. Фæлæ, хъыгагæн, уый къухы нæма æфты. Æрвылаз дæр хус кæрдæг цыренæй фæсудзы нæ республикæйы территорийыл бирæ рæтты æмæ зынгсирвæзтытæ стыр зиан хæссынц, куыд алфæмблай æрдзæн, афтæ адæмæн дæр. Уымæ гæсгæ хъæуы æмбаргæдзинад æвдисын махæй алкæй дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.