Ноябры кæрон Гуырдзыстоны уагъд æрцыд президентон æвзæрстыты дыккаг тур, кæцыйы фæуæлахиз ис Саломе Зурабишвили. Æвзæрсты фæстæ паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуыимæ æххæст ахастытæ кæй нæ сæндидзын кæндзысты, цалынмæ Уæрæсе нæ банымайа Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупаци. Зурабишвили банысан кодта Мæскуыйы æнæзакъонон архайдтытæ æмæ «ахст» территориты цæрджытæм æрсидт, цæмæй активон позици равдисой гуырдзиаг хицауиуæгады юрисдикцийы бынмæ раздæхыны тыххæй.

Афтæмæй та Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ абсурдоныл нымайынц гуырдзыйы политикон элитæйы сидтытæ Гуырдзыстоны скондмæ раздæхыны тыххæй. Ирæттæ хорз хъуыды кæнынц 2008 азы «Фондзбонон хæсты» трагикон цаутæ, республикæмæ гадзрахатæй гарзджын æрбабырст куы сарæзтой Саакашвилийы режимы аххосæй.

Ирæттæ æмæ абхазæгтæм хæдбардзинадмæ тырнындзинад фæзынд августы цаутæй бирæ раздæр. Уый бирæбæрцæй равзæрд гуырдзиаг централон хицауиуæгады фарсæрдыгæй æфхæрдтытæ æмæ тыхбахастæй Звиад Гамсахурдиайы къухдариуæгады рæстæджы. 1989 азы сæрды æппæт паддзахадон уагдæттæй сæрибар æрцыдысты ирон нацийы æппæт æмбæстæгтæ. Райдыдтой ирон цæрджыты дзыллон æгъдауæй цъист кæнын æмæ давдтытæ, стъигъын, истой сын сæ хæдзæрттæ, машинæтæ, æппæт сæ исад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы азты цаутæ ирон адæм хъуыды кæнынц, кæцы тох кодта расон дискриминацийы уавæрты цæрыны бары сæрыл. Ахæм уавæрты Зурабишвилийы сидт территориалон иумиагдзинадмæ у абсурдон æмæ æфхæрдон. Уыимæ гуырдзыйы хицауиуæгад, æгæрыстæмæй, хатыр дæр нæ ракуырдта ирæттæй, цы уæззау хъизæмæрттæ сын æрхастой, уыдоны тыххæй.

Ирæтты æмæ абхазæгты иузæрдыгдзинад сæхи ‘рдæм раздахыны ныфсæй Тбилис æрывнæлдта инициативæ «Шаг к лучшему будущему» среализаци кæнын. Уыцы программæйы фæлгæтты Гуырдзыстон сиды Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ гуманитарон æмæ экономикон æмгуыстадмæ, фæлæ уыимæ иумæ пайда кæны термин «оккупацигонд территоритæй». Тбилис раздæрау нæ разы кæны ирæттæн паддзахаддзинады барыл, æнæвварсонæй Хуссар Ирыстоны хоны «Цхинвалы регион».

«Уардиты революцийы» фæстæ, НАТО-мæ тырнгæйæ, Тбилис сæмбæлд этнотерриториалон конфликттæ æрбæстон кæныны карз æнæмæнгхъæуындзинадыл. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны тыхы руаджы раздахыны æнæнтыст бафæлварды фæстæ гуырдзиаг хицауиуæгад рахызтысты абхазæгты æмæ ирæтты балхæнынмæ. Уыимæ Гуырдзыстоны ничи нæ хъуыды кæны, бæстæйы президент, националист Звиад Гамсахурдиа ирæтты кæй хуыдта «брон, кæцыйы хъæуы Ручъы тъунелæй асæрфын».

Хъыгагæн, ахæм уавæрты Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ Гуырдзыстон хæларсыхагон ахастытæ тагъд сæндидзын кæна, ууыл дзурæн дæр нæй. Гуырдзыстонимæ диалогыл къух нæ исгæйæ, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг адæмты фæнды сæхи фидæн саразын æнæ искæйы бацамындтытæм гæсгæ. Кæд Гуырдзыстоны æцæгæйдæр фæнды, цæмæй ацы конфликт аскъуыддзаг кæна, уæд уый хъæуы, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн суа сæрыстыр æмæ схъæл аудæг нæ, фæлæ æмбар партнер.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.