Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, постконфликтон бæстонкæнынады фарстыты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат æмæ Фæскавкавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ фембæлдысты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Уæрæсейы делегацийы уæнгтæ А.А. Двинянины æмæ М.М. Кулахметовимæ.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ «ныхасы рæстæджы сæйрагдæр хъусдард здæхт æрцыд, марты кæрон Женевæйы дискусситæн цы радон раунд уыдзæн, уымæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ бафидар кодтой регионы æдасдзинадæн тыхæй не спайда кæныны тыххæй сразыдзинæдтæ æмæ хъусынгæнинæгтыл куысты приоритетон нысаниуæг, куыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хæстон архайдтытæ не сног кæныны гарант, афтæ.

Ацы контексты дыууæ фарсы дæр ногæй банысан кодтой, Гуырдзыстон йæхи НАТО-мæ кæй æввахс кæны, уымæн йæ негативон æндæвдад, уæлдайдæр та дзырд куы цæуа гуырдзиаг территорийыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæм æввахс, альянсы гарзджын тыхтæ æмæ хæстон техникæйы уæвынадыл. Банысанчындæуыд хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг æхсæн-паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы процесс райдайыны карз æнæмæнгхъæуындзинад, куыд бындур арæнгæрон зонæты кæрæдзимæ æууæнк сæндидзын кæнынæн, сæрибарæй цæуын сифтонг кæнынæн, уыцы нымæцы, арæнæн дыууæ фарсæрдыгæй чи цæрынц, æмæ нормалон æмгуысткæнынад æрбæс-тон кæнынæн, уыцы бынæттон цæрджыты интерестæн».

Гуманитарон къабазыл дзургæйæ, нысан æрцыд, зæгъгæ, ИНО-йы æмæ йе специалон уагдæтты, уыдоны нымæцы адæймаджы барты фæдыл Совет, афтæ ма æндæр дунеон организациты гуырдзыйы фарсы деструктивон æмæ дезинформацион архайд тæссаг у Фæскавказы æппæт паддзахадты адæмты проблемæтæн ахсджиаг чи у, уыцы диалог æруромынæй.

Кæронбæттæны фембæлды хайадисджытæ сæ фæнд бафидар кодтой, дарддæр дæр æнгом æмгуыстад кæй кæндзысты æмæ дунеон аренæйыл сæ архайдтытæ кæй координаци кæндзысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг интерестæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.