Фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы президенттæ Бибылты Анатоли æмæ Владимир Путин уынаффæ кодтой политикон, экономикон æмæ социалон здæхты къорд фарстатыл.

Фембæлды фæстæ Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй «æмцæдисадон ахастытæн, Уæрæсеимæ интеграцион бастдзинæдты рæзтæн ис ахсджиаг нысаниуæг Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ социалон-экономикон рæзт сифтонг кæныны. Республикæ æнæ фæиппæрдæй æххæст кæндзæн Уæрæсеимæ бадзырдтæ, кæцытыл куыст цыд  æмгуысткæнынады азты дæргъы».

Уый журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, кусæгон фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын фæхуымæтæгдæр кæныны æмæ республикæйы «Роснефть»-ы компаниимæ иумиаг кондад саразыны фарстатыл.

Уыимæ иумæ Бибылты Анатоли раразмæ кодта, не ‘мбæстæгтæй советон дуджы æфснайæн банджы æхцайы фæрæзтæ кæмæн баззад, уыдонæн сæ раздахыны фарст, цæмæй хъалон ист ма цæуа Уæрæсейы Федерацимæ ластцæуæг Хуссар Ирыстоны æр-кæнгæ продукцийæ.

Уый ма фæндон бахаста, цæмæй бакуыстæуа Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн мады капитал райсыны бары фарстыл.

«Æппæт бындуртæ дæр ис ныфс æвæрынæн, фембæлды рæстæджы бадзырдтытæ кæй фæахъаз уыдзысты æппæт здæхтыты æмæ æппæт фадгуыты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмгуысткæнынад сфидар æмæ рæзын кæнынæн, уыимæ ма практикон фæстиуæг кæй æрхæсдзысты, уымæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый бузныг загъта Владимир Путинæн «йæ фарсхæцынады, фæстиуæгджын фембæлды æмæ бадзырдты тыххæй, æмæ йæ кæй райста, уый тыххæй».

РХИ-йы Президенты

Пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.