«1992 азы 19 январы Хуссар Ирыстоны территорийыл уæззау æхсæнадон-политикон уавæрты уагъд æрцыд æппæтадæмон референдум хæдбар суверенон паддзахады фæдыл. Уымæй дарддæр фидар бындур æвæрд æрцыд фидæны хæдбар нымад паддзахадæн. Уымæй къорд азты фæстæ 2008 азы Уæрæсейы Федерацийы уæды президент Дмитри Медведев, Хуссар Ирыстоны адæмы принципиалон  хъуыдыйыл æнцойгæнгæйæ æмæ 1992 азы референдумы фæстиуджытæ хынцгæйæ, йæ къух бафыста Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Барамындыл. Референдум ауадзыны историон нысаниуæгджын цауæй рацыд 25 азы. Ирыстоны ног историйы ацы бон нысан цæуы фыццаг хатт», – ахæм ныхæстæй цытджын æмбырд байгом кодта Парламенты цыппар сæвзæрсты депутат, Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан. Бузныг загъта, сæрмагондæй, Президент Тыбылты Леонид æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Гобозты Вячеславæн, ацы нысаниуæгджын мадзал нысан кæныны хъуыды чи раразмæ кодта.

Цытджын æмбырды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар  Хъуылымбегты Доменти, Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, Цæгат Ирыстонæй делегацийæ сæргъ Нациты хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан, Хуссар Ирыстоны æппæт æвзæрстыты депутаттæ, Хуссар Ирыстоны уæды Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ Цоциты Барисы сæргълæудæй. 1992 азы референдум ауадзыны фæдыл къамисы уæнгтæ Дзиццойты Юрийы сæргълæудæй, горæт æмæ районты æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Цытджын мадзалы хайадисджыты размæ рахастой телеалæвæрд, 1992 азы 19 январы рефередум организаци кæнын, ауадзын æмæ нысаниуæджы фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид ацы бон банымадта стыр историон нысаниуæгджын цауыл. Зæрдыл æрлæууын кодта, 1992 азы 19 январы референдум цы уавæрты уагъд цыд, уый. «Абоны бæрзонд æмбырды сæйрагдæр мидис æмæ хъуыды ис уый мидæг, æмæ нæ хъуамæ мачи æмæ мацы рох кæна. Алы ирон адæймаг дæр ма хъуамæ ферох кæна нæ уæззау историон азтæ. Хъуыды хъуамæ кæнæм, ацы райдзаст боны онг нæ чи æркодта, уыдон. Мах нæ кæстæр фæсивæдæн хъуамæ æмбарын кæнæм, цы уæззау царды фæндæгтыл рацыдыстæм. Фæлæ нын бантыст нæ фидæны цард ныббиноныг кæнын, фидæны фæлтæрæн, цардæн фидар бындур сæвæрын. Цы раст фæндагыл слæууыдыстæм Стыр Уæрæсеимæ, ууыл дарддæр дæр цæудзыстæм сомбоны æнтыстытæм, бæрзæндтæм», – дзырдта Президент.

Стыр бузныг загъта, уæззау фыдæвзарæн азты Хуссар Ирыстон цæмæй йæ къахыл слæууыдаид, ууыл, бæстæйы райдиан сфидар кæныныл æмæ йын йæ дарддæры фæндаг сбæлвырд кæныныл чи архайдта, уыдонæн. Уæд, зæгъгæ, уыдыстæм алыфарсон блокадæйы: экономикон, политикон, финансон, информацион. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, уагъд æрцыд референдум, кæцыйы сæйраг  хъуыды ис нæ æрвылбонон царды, нæ хъуыдыты æмæ йыл дарддæр куыст цæудзæн.

«Нæ адæм уæд стыр хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинад равдыстой. Уый хорз цæвитто-нæн баззайдзæн нæ кæстæр фæлтæрæн æмæ нымад æр-цæудзысты уыцы стыр хъарутæ æмæ тыхтæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Се стыр хъуыддæгты тыххæй уæды рæстæджы, кад æмæ цыт кæнынæн Тыбылты Леонид йæ Барамындмæ гæсгæ Республикæйыл «25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй схорзæхджын кодта къорд активисты.

1992 азы референдум ауадзыны фæдыл активон куыст кодта къамис, кæцы арæзт æрцыд 1991 азы 13 декабры.

 

Йæ сæргъ слæууыд Парламенты фыццаг сæвзæрсты депутат Дзиццойты Юри. Цытджын æмбырды йæ раныхасы Юри радзырдта къамисы уæззау, фæлæ нысаниуæгджын куысты фæдыл, хъуамæ, зæгъгæ, адæмæн сæ хъуыды зæгъыны фадат уа.

«Уæззау уыд æцæгæйдæр нæ уавæр, фæлæ нæхи нæ ауагътам, уый нæ, фæлæ нæ тых æмæ хъарутæй акодтам нæ фæнд. Бирæ цæлхдуртæ, бирæ ныхмæвæрд архæйдтытæ уыд референдум ауадзыны фæдыл, суанг бюллетентæ зыгъуыммæ ныммыхуыр кæныны онг, фæлæ нæ ницы басаста.

Æмæ ма иу ахсджиаг хъуыддаг – махæн 1992 азы референдум баст у 1991 азы референдумимæ. Уый фæстæ майы мæйы сессийы райстæуыд хæд-бар-дзинады Акт. Уыцы фæндоныл фæстæдæр сразы сты Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæтæ дæр», – дзырдта Дзиццойты Юри.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ мах хъæуы дарддæр дæр нæ фидæн фидар æмæ рæсугъд кæнын.

Ирыстоны уæды уæззау рæстæджы референдум ауадзыны фæдыл къамисы уæнг, фыццаг æрсидты депутат, журналист, дохтыр Гобозты Вячеслав цытджын æмбырды йæ ныхасы банысан кодта, нырыккон уавæрты ацы проблемæйы фæдыл ног референдум ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уы-мæн æмæ 1992 азы референдумы фæстиуджыты интерпретацийæн актуалон сты абоны бон дæр, уæлдайдæр Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл.

«1992 æмæ 2006 азты референдумты фæстиуджытæ зы-нæй ис банымайæн æмбæлон æмвæзады раст æмæ юридикон бындурыл. Нæ архайæг за-къондæттынад æмæ барадон паддзахады иумиаг принциптæм гæсгæ референдум ауадзыны фæстиуæгæн райсгæ уынаффæ гæнæн ис æмæ ивд æрцæуа æн-дæр референдум ауадзынæй, цыран цæхгæрмæ æвæрд хъуамæ уа фарст уыцы уынаффæ аивыны фæдыл. Æмæ 19 январы 1992 азы референдумы фæс-тиуджытæ аивын, ома, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерациимæ баиу уæвыны хъуыды аивын никуы уыд æмæ нæдæр уыдзæн», – дзырдта Вячеслав.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны уæды Уæлдæр Советы уынаффæ Уæрæсейы скондмæ бацæуын кæй у конкретон барадон акт, уый ничи аивта æмæ у нæ хæдбар паддзахады барадон системæйыл амад, йæ æнæаскъуыйгæ хай. Нæ бæстæйы къухдариуæгадæн кæдфæндыдæр ис æппæт юридикон бындуртæ, цæмæй бахата Уæрæсейы Федерацимæ баиу кæныны охыл.

25 азы размæ 19 январы референдум уагъд æрцыд чырыстон бæрæгбон Доныскъæфæны боны. Цытджын мадзалы ма раныхас кодта гимнази «Рухс»-ы директор, фыд Георги (Джиоты Уырызмæг). Уыцы рæстæджы уый уыд Хуссар Ирыстоны æддагон бастдзинæдты фыццаг министр. Уый банысан кодта, референдум æмæ хуыцауы аргъуыд скæныны бон уæд дæр æмæ абон дæр иу бон сты, уый, зæгъгæ, историон цауты мистикæ у. Дарддæр æрдзырдта Хуссар Ирыстон йæ алы архайд, райсгæ уынаффæтæ закъон æмæ фæткмæ гæсгæ кæй арæзта, ууыл. Дунейы иу эксперт дæр нæ зæгъдзæн афтæ, ома, искуы фæрæдыдыстæм.

«Мæн ныфс ис нæ адæмы куырыхондзинад æмæ хъомысæй. Мах иууылдæр Ирыстоны фидæныл хъуыды кæнæм, нæ тых иудзинады ис. Цы æфсæддон æмæ интеллектуалон хъомыс фенын кодтам, уый бирæмилуан адæмтæ нæ фенын кодтой», – банысан кодта уый.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн Германийæ видео-сидты руаджы нæ æмбæстæгтæн раарфæ кодта зынгæ ирон ахуыргонд æмæ æхсæнадон-политико архайæг Цоциты Алан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады барадон бындуртæ æнæфау æмæ æнæфæцудгæ сты, уымæн æмæ хæдбардзинады фæдыл референдум уагъд æрцыд раст уыцы рæстæг, Гуырдзыстонæн дунеон-барадон статус куы нæ уыд. «Æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци кæй банымадта, уый комкоммæ бындуриуæг кæны дыууæ референдумы фæстиуджытыл – æппæтцæдисон референдум 1991 азы 17 марты æмæ 1992 азы. Уымæ гæсгæ 1992 азы  31 июлы Гуырдзыстон ИНО-йы скондмæ ист куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ кæцыфæнды барадон æмæ æндæр мадзæлттæ, уынаффæтæ, референдумтæ, кæцы-тæ уагъд цæуынц нæ территорийыл, нымад цæуынц сепаратистон архайдтытыл æрмæст ныгуылæны нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр», – банысан кодта Алан.

Цытджын æмбырд адарддæр Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды ансамбль «Симд»-ы бæрæгбонон концертæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.