Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды арфæ Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы боны цытæн

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын, куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр æрвылаз нысангонд чи цæуы, уыцы диссаджы бæрæгбон – Уæрæсейы боны цытæн.

Уæрæсейы Бон у стыр паддзахады националон бæрæгбон, уый иу кæны бирæнымæц адæмты, у æнгомдзинады, стыр адæмæн йæ бирææнусон цытджын истори бахъахъхъæныны сæраппонд стыр адæмы иудзинады, уникалон культурæйы, йе ‘мбæстæгты фидæны фæлтæртæ кæм хъуамæ цæрой, уыцы паддзахады хъомысдзинады дарддæры рæзты символ.

Бирææнусон бастдзинæдтæй, хæлардзинад æмæ æмцæдисдзинады ахастытæй баст уæвгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе æнтысгæйæ пайда  кæнынц, кæрæдзийыл æууæнчы æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны принциптыл чи æнцой кæны, уыцы æмгуыстады хъомысæй. Хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты дарддæры рæзтæн стыр ахъаз фæци, 2015 азы 18 марты Мæскуыйы къухфыст чи æрцыд æмæ йæ тыхы чи бацыд, æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы фæдыл уыцы Бадзырд.

Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе кæддæриддæр иннæ паддзахадты ‘хсæн уыдзæн сæрмагонд бынаты. Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр кæддæриддæр райгондæй йæ зæрдыл дардзæн, нæ Республикæйæн Стыр Уæрæсе цы æххуыс æмæ ахъаз кæны, уый. Ахæм æххуысæн аргъ скæнын дæр зын у.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсе у æнæаивгæ стратегион партнер; Иры дзыллæ стыр аргъ кæны, къухы чи бафтыд, кæрæдзимбарынад æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны ахастыты уыцы æмвæзадæн, уый  кæддæриддæр уыдзæн Уæрæсейы æнувыд æмæ æууæнкджын хæлар.

Ацы бæрæгбон уын, зынаргъ æмбæстæгтæ, мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фарн, уæ артдзæстыты хъармдзинад куыд уа, амонд æмæ хæрзиуджытæ.

Арфæ уын кæнын Уæрæсейы боны цытæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.