Цхинвалмæ æрцыдысты Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты æмæ Республикæ Абхазы хæстон архайдтыты хайадисджытæ республикæйы расидыныл 32 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

Информацион агентад «Рес»-æн 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæмæ æрцыдысты 15 лæппуйы, кæцытæ хайад райсдзысты æппæт бæрæгбонон мадзæлтты.

«Мах арвыстам хонæн гæххæттытæ Абхаз, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæм æмæ уыдон дæр æрцыдысты нæ циндзинад нын немæ адих кæнынмæ. Алкæмæндæр зындгонд у, Донбассы республикæты цахæм вазыгджын уавæр ис, уый тыххæй. Фæлæ, уымæ нæкæсгæйæ, уыдон хайад райсдзысты нæ мадзæлтты. Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ сын баххуыс кодта президент Гаглойты Алан. Мах дзы  райгонд стæм нæ фарстытæм нын ахæм лæмбынæг хъусдард кæй здахы, уый тыххæй», – загъта уый.

Плиты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, знон, 19 сентябры уазджытæ хайад райстой паддзахадон тырысайы боны цытæн бæрæгбонон мадзалы, æмæ абон, 20-æм сентябры та уыдон цытджын маршæй рацæудзысты Цхинвалы централон фæзуатыл. Делегацийы сконды кæцы лæппутæ сты, уыдон хæстон архайдтыты рæстæджы фесты уæззау цæфтæ æмæ систы инвалидтæ. Уыдон фыццаг хатт хайад исынц Хуссар Ирыстоны территорийыл бæрæгбонон мадзæлтты сæ республикæты тырысатимæ.

 

УАЗДЖЫТЫ ЙÆХИМÆ РАЙСТА ПРЕЗИДЕНТ ГАГЛОЙТЫ АЛАН

Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд Луганск æмæ Донецкы æмæ Абхазæй хæстон архайдтыты хайадисджытимæ, кæцытæ Цхинвалмæ æрцыдысты Паддзахадон тырысайы бон æмæ республикæ расидыны боны цытæн цытджын мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны адæмы къухты хæдбардзинад бафтыд бирæ уды зиæнтты аргъæй, фæлæ ныртæккæ мах нысан кæнæм республикæйы паддзахадон тырысайы бон æмæ уын дзурын арфæйы ныхæстæ абон махимæ нæ циндзинад кæй дих кæнут, уый тыххæй», – банысан кодта президент.

Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, уыдон алыхатт дæр Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ кæй сты, уый тыххæй.

«Тынг уæззау æмæ нын зын у, абон Луганск æмæ Донецкы хæстон архайдтытæ дарддæр кæй цæуынц, уый, фæлæ сымах уæддæр ссардтат фадат махмæ æрцæуынæн, махимæ нæ бæрæгбонон мадзæлттæ банысан кæнынмæ. Бузныг уын! Хуссар Ирыстоны адæмæн нысаниуæгджын бонтæ куы фæнысан кæнæм, уæд алыхатт дæр нæ хæлæрттæ, не фсымæртæ вæййынц нæ фарсмæ», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, æввахс рæстæджы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операци кæй фæуыдзæн, уымæй. Æмæ мах сымахимæ хайад исдзыстæм Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты цытджын мадзæлтты. Рæстдзинад не ‘рдыгæй ис æмæ мах хъуамæ уыцы рæстдзинад къухты бафтын кæнæм», – загъта Гаглойты Алан.

Йæ рады, Донецкы Адæмон Республикæйы минæвар Сергей Семерный фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны ветерантæ, хæстон архайдтыты хайадисджытæн æмæ æмбæстæгтæн фадат кæй ис, æнæаргъæй протезтæ аразынæн. «Уый тыххæй уæм æнæмæнгæй хъуамæ  уа УФ-йы æмбæстаджы паспорт, алкæцы фарстыты тыххæй дæр бахатæн ис Плиты Мадинæмæ», – бамбарын кодта уый.

Фембæлды кæролн Луганск, Донецк æмæ Абхазы хæстон архайдтыты хайадисджытæ бузныджы ныхæстæ загътой Гаглойты Аланæн йæ хъусдарды тыххæй.

Абон, 20-æм сентябры сæ республикæты триколортимæ  Цхинвалы централон фæзуаты цытджын маршæй рацæудзысты Луганск, Донецк æмæ Абхазæй хæстон архайдтыты хайадисджытæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.