Централон æвзарæн къамисы пресс-центры ауагъдæуыд брифинг. Хайад дзы райстой æхсæнадæмон цæстдарджытæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думайы депутаттæ Тайсауты Хъазбег, Николай Говорин, Андрей Козенко æмæ Вера Ганзя.

Тайсауты Хъазбег куыд банысан кодта, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл, сæ делегацийы уæнгтæ уыдысты республикæйы районты æмæ бабæрæг кодтой 40 æвзарæн фадыгæй фылдæры.  Алы ран дæр уавæр уыд сабыр æмæ дзы нæ уыд фæткхалыны цаутæ.

Уый бузныг загъта РХИ-йы Централон æвзарæн къамисæн, хорз кæй бакуыстой, уый тыххæй. Уыдон бузныджы ныхæстæ загътой Мидхъуыд-дæгты министрады кусджытæн дæр, æмбæлон æмвæзадыл фæтк кæй хъахъхъæнынц, уый тыххæй.

«Республикæйы æвзæрстытæ ацыдысты тынг раст æмæ цæсгомджынæй», – банысан кодта Тайсауты Хъазбег.

Йæ рады Вера Ганзя банысан кодта, зæгъгæ, абоны æвзæрстыты нæй нæдæр махинацитæ æмæ нæдæр фальсификацитæ,  бæрæгæй зыны ЦÆК-ы легитимон куыст. Йæ ныхасы кæрон куыд загъта, афтæмæй «Хуссар Ирыстоны адæм сты рæсугъд фидæны аккаг. Æмæ мæ уырны, уыдон равзардзысты аккаг президенты».

Делегацийы иннæ уæнгтæ дæр банысан кодтой, æвзæрстытыл чи бандава, хъæлæсдæттыны системæйы кæй нæй ахæм цухдзинæдтæ.

Брифингы сæ хъуыды загътой Арцахы – Хæххон Хъарабахы Республикæйы делегацийы уæнгтæ дæр. Уыдон банысан кодтой æв-зæрстытæ раст, демократон æмæ бæрзонд æмвæзал кæй цæуынц, афтæ ма республикæйы цæрджытæ æвзæрстыты рæстæджы æмбæс-тагон активондзинад кæй равдыстой æмæ  активонæй хъæлæс дæттынмæ кæй цæуынц, уый.

Арцахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты аппараты къухдариуæггæнæг Семен Афиян раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, æвзæрстытæ æнтысгæйæ кæй цæуынц, уый сæраппонд.

«Æвзарæн фадгуыты мах аныхас кодтам кандидатты минæвæрттимæ. Уыдон райгонд уыдысты, æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæй. Мах æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: æвзæрстыты рæстæджы фæткхалыны цаутæ не ‘рцыд», – кæронбæттæны банысан кодта Семен Афиян.

Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисы уæнг Сиябшах Шапиев дæр банысан кодта æвзарджыты бæрзонд активондзинад.

«Нæ делегацийы уæнгтæ райсомæй уыдысты 20 æвзарæн фадыджы. Мах æвдисæн уыдыстæм, æвзарæн фадгуытæ рæстæгыл кæй байгом сты, уымæн. Æвзарджытæ активонæй цыдысты æмæ хъæлæс лæвæрдтой. Хъæлæсдæттыны рæстæджы ницы фæткхалынад фæхатыдыстæм», – загъта Шапиев æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, тынг райгондæй баззадысты республикæйы æвзæрстыты процессæй.

«Æвзарджыты активондзинад нæм сæвзæрын кодта тынг хорз тæлмæнтæ. Централон æвзарæн къамис дæр æвзарæн кампанимæ йæхи хорз кæй бацæттæ кодта, уый дæр бæрæг уыд. Мах æй фæхатыдыстæм, Хуссар Ирыстоны æвзарджытæ æвзæрстытæм сæхи кæй бацæттæ кодтой æмæ сын æвзæрстытæ бæрæгбоны хуызæн кæй уыдысты», – банысан кодта Шапиев.

Цæгат Ирыстон – Аланийы Парламенты минæвар, Æхсæнадæ-мон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты сæрдары хæдивæг Тотоонты Александр куыд банысан кодта, афтæмæй та радон хатт дæр æв-дисæн сты, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ æмбæлон æмвæ-задыл кæй ацыдысты, уымæн.

«Æз дарддæр дæр дзурдзы-нæн уый, æмæ иуæй-иу цухдзинæдтæй дарддæр, Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис цы фæлтæрддзинад райста, уый хъæуы сахуыр кæнын æмæ йæ аппарахат кæнын, би-рææнусон демократи кæм ис, æгæрыстæмæй, уыцы бæстæты дæр», – бахахх кодта Тотоонты Александр.

Республикæ Хъырымы закъондæттынадон органы минæвар, Æхсæндунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Сергей Цеков дæр банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыдысты. Уый куыд загъта, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты демократон стандарттæм гæсгæ.

Костромайы областы хицауиуæгады закъондæттынадон органы минæвар куыд загъта, афтæмæй æвзæрстыты процесс афтæ хорз арæзт æрцыд, æмæ дзы гæнæн нæй, æвзæрстыты фæстиуджыты фальсификацийæн.

Нижный Новгороды закъондæттынадон органы минæвар, Зонад, ахуырад æмæ культурæйы фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Александр Вайнберт дæр йæ рады банысан кодта æвзарæн процессы æмбæлон æмвæзад.

Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ æмæ референдум бæрзонд æмвæзадыл кæй ацыдысты, уый банысан кодтой, республикæмæ æрцæуæг æндæр делегациты уæнгтæ дæр.

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Сæйраг Советы депутат Витали Калин банысан кодта, «Паддзахад Аланийæн» историон бындур кæй ис, уый.

«Æз æй æмбарын, абон Хуссар Ирыстоны адæмæн хъыс-мæтскъуыддзаггæнæн кæй у. Абон сымах уæ историон хайбавæрд хæссут уæ паддзахады райрæзтмæ. Мæн уырны, абоны бонæй уæ паддзахад Паддзахад Алани кæй хуындзæн. Уыцы номæн ис историон бындур, уый фæстиуæгæн абон Хуссар Ирыстоны территорийыл цæуы историон цау. Махæн, приднестроваг адæмæн, æхсызгон у ахæм историон цауты хайад исын», – банысан кодта приднестроваг уазæг.

Куыд юрист, афтæ уый параллельтæ сарæзта Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдаваг республикæйы æвзæрстыты закъондæттынадты ‘хсæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ республикæйы закъондæттынадты ис æнгæсдзинад. “Куыд нæ за-къæттæ, афтæ уæ закъæттæ дæр, дзуапп дæттынц дунеон домæнтæ æмæ нормæтæн”.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.