Чырыстийы Райгуырды бæрæгбоны сæраппонд Хуссар Ирыстоны чырыстон диныл хæст адæм æрæмбырд сты Мады Майрæмы аргъуаны.

Бæрæгбонон службæйы хайад райстой иу мин адæймагмæ æввахс. Цхинвайлаг аргъуанты фæрнджын иерей Хетæгкаты Иаков раарфæ кодта уырнонтæн, Чырыстийы Райгуырды нысаниуæджы стырад банысан кæнгæйæ. «Уый у стыр сыгъдæг бæрæгбон. Уымæ гæсгæ, ардæм уыйбæрц адæм кæй æрбамбырд, уый бирæйыл дзурæг у»,- загъта Хетæгкаты Иаков.

Уый æрбацæуæг адæммæ æрсидт бакуывдмæ æмæ загъта, алкæцы адæймаджы царды уырнындзинад æмæ монон æргъадтæн дæр стыр нысаниуæг кæй ис.  Уый фæстæ нæ республикæйы чырыстон диныл хæст адæм сарæзтой дзуардзыд Мады Майрæмы аргъуаны алыварс.

Бæрæгбон адарддæр кодтой цыппурсы службæйæ. Ауагъта йæ цхинвайлаг аргъуанты фæрнджын иерей Хетæгкаты Иаков.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.