Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Петербурджы XXI дунеон экономикон форумы, кæцы уагъд цæуы 1 июнæй 3 июнмæ.

Делегацийы сæргъ лæууы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Йе сконды ма сты финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны чрезвычайон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Республикæйы сæргълæууæг хайад райста пленарон рабадты, афтæ ма фембæлдтытæ уадзы УФ-йы къорд субъектты сæргълæуджытимæ, политикон архайджытимæ, егъау куыстуæтты къухдариуæггæнджытимæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ инвестицитæ æрбакæныны нысанæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.