Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæ»-мæ бахæсгæ ивддзинæдтæм гæсгæ æфсæддон службæйы æмгъуыд æмæ æфсæддон службæйы уæвыны кары арæн фæкъаддæр уыдзæн. Ацы хъуыддаг ахъаз уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты реформацийæн.

Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы зонæнтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты стырдæр хай службæ кæны контрактон бындурыл, æмæ уымæ гæсгæ æнæмæнг нæу, цæмæй æрсиддонтæ службæ кæной афæдз æмæ æрдæг. 12 мæйы æмгъуыдмæ æрсиддонæн йæ бон суыдзæн, цæмæй æппæт зонындзинæдтæ æмæ арæхстыл дæр фæцайдагъ уа.

«Алыгъуызон æмвæзады æфсæддон службæгæнджыты æфсæддон службæйы кары арæн фæкъаддæр кæныны хъуыддаг дæр баст у æфсады разамынады системæ фæхуыздæр кæнынимæ. Раздæр закъонæй æвæрд цы стыр æмгъуыдтæ уыд æфсæддон службæйы уæвыны кары арæнæн, уыдон баст уыдысты профессионалон æгъдауæй цæттæ кадртæй цухдзинадимæ. Абон ацы проблемæ скъуыддзаггонд цæуы – фæстаг цалдæр азы æнæрлæугæйæ цæттæгонд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты офицертæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон ахуыргæнæндæтты», – дзырдæуы хъахъхъæнынадон ведомствойы хъусынгæнинаджы.

Цы зонæнтæ райстæуыд, уыдонмæ гæсгæ тагъд рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн къух æрфыстæуыдзæн УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты бацæуыны фæткы тыххæй Сразыдзинадыл. Ивддзинæдтæ бахæссын ма хъæуы уый тыххæй дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны æфсæддон закъондæттынад æмбæргонд кæй цæуы уæрæсейаг закъондæттынадимæ. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы æфсады рæнхъыты службæйы æмгъуыд у иу афæдз. Æфсæддон службæйы тыххæй контракт саразыны æмгъуыдмæ хауæг фæндæттæ дæр æмбæр сты уæрæсейаг нормæтимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон информацион портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.