Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сырæзтыл ацы аз сæххæст 25 азы.

Фæлæ йæ æххæстхъомысæй сæндидзын кæнын куыд æмбæлы, афтæ йæ ног æмвæзадмæ ракæнын, техникæ æмæ æндæр фæсауæрцтæй сифтонг кæныны фадат фæцис æрмæстдæр 2008 азæй фæстæмæ. Уæд лæбурæг знаг йе ‘фсадимæ сырд æмæ дæрæн æрцыд йæ лæгæты онг уæрæсейаг ирвæзынгæнæг салдат нæхи æфсад æмæ æппæт хæцæг лæппуты  руаджы.

Хуссарирыстойнаг æфсадæн йæ уæвынады азты дæргъы йæ архайд, йæ абоны уавæр æмæ йæ фидæны тыххæй нын йæ хъуыдытæ радзырдта хъахъхъæнынады йæ абоны министры хæстæ æххæстгæнæг, инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

«Хуссар Ирыстонæн бæрæг тæссагдзинæдтæ чи æвзарын кæны, уыцы Фæскавказы регионы ныртæккæйы геополитикон уавæр хынцгæйæ, бæрæг у уый, æмæ нæ бæстæйæн йæхи национ Гарзджын тыхтæ кæй хъуамæ уа. Уый бирæбæрц кæд нæ уа, уæддæр ифтонг хъуамæ уа техникæ æмæ æхсæнгæрзты фæстаг хуызтæй, цыфæнды зын хæстон хæстæ æххæстгæнгæйæ, æвиппайды æмæ адекватонæй дзуапп хъуамæ радта цыфæнды æддагон тæссагдзинæдтæн. Æрмæстдæр ахæмæй уынын æз хуссарирыстойнаг æфсады фидæн», – зæгъы Гассейы фырт.

Ацы хæстæ скъуыддзаг кæныны тыххæй, зæгъгæ, æппæтдæр арæзт цæуы бæстæйы Гарзджын тыхтæн Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли æмæ Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгады ‘рдыгæй.

Æфсæддон æмгуыстады фадыджы Хъахъхъæнынады министрад къорд сразыдзинадыл къухтæ æрфыстæуыд  Уæрæсейы Федерациимæ. Уыдонæй иу – Æфсæддон фадыджы æмгуыстады фæдыл сразыдзинад йæ тыхы бацыд 2011 азы 9 ноябрæй фæстæмæ. Ацы документы бындурыл æмгуыстады авналæнтæ æххæссынц бирæ ахсджиаг здæхтытæм – æууæнкдзинады мадзæлттæ æмæ æфсæддон æдасдзинад сфидар кæнын, уæлдæфон тыгъдадмæ хъус дарын æмæ æдасдзинад ифтонг кæнын, дыууæ бæстæйы æфсæддон-ахуырадон уагдæтты æфсæддон службæгæнджыты ахуыр кæнын, æфсæддон бастдзинад, развæдсгæрст æмæ æндæр фадгуыты æмархайд.

Уымæй дарддæр, министры хæстæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауадты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыд Æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл сразыдзинад, кæцыйæ рæстæгмæ пайда цæуы 2010 азæй фæстæмæ. Ацы документы бындурыл æфсæддон-техникон æмгуыстад цæуы ахæм здæхтыты, куыд: æфсæддон техникæ æмæ хæцæнгарзæй ифтонг кæнын, бæстæйы æдасдзинады нысанæн æмæ хъахъхъæнынады æндæр æфсæддон  нысаниуæджы хъæуæг продукци амал кæнын, æфсæддон техникæйы модернизаци   цалцæг кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахсджиагыл Гассеты Ибрагим банымадта 2017 азы 31 марты дыууæ бæстæйы Хъахъхъæнынады министрадты ‘хсæн цы Сразыдзинад арæхзт æрцыд, уый, кæцымæ гæсгæ  УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ баконд æрцыдысты РХИ-йы Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйттæ. Ацы  документмæ гæсгæ нæ æмбæс-тæгтæн фадат уыдзæнис, УФ-йы Гарзджын тыхты рæнхъыты службæ кæнын контракты  бындурыл. Сразыдзинадмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æркæсдзæн æмæ реформæ ауадздзæн йæ Гарзджын тыхты рæнхъыты. Къаддæр æрцæудзæн штатон нымæц – уæрæсейаг æфсæддон базæмæ æфсæддон службæмæ министрады дæлхæйттæ ракæнгæйæ. Уымæй бæстæйы Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджыты социалон фарстытæ æмæ куыстмыздтæ цадæггай фылдæр кæндзысты.

Уымæй дарддæр ма 2017 азы 31 марты Мæскуыйы РХИ-йы Хицауад æмæ УФ-йы Хицауады ‘хсæн æфсæддон фельдъегерон-постон бастдзинады фадыджы дæр бафыст æрцыд сразыдзинад. Ацы документмæ гæсгæ та, иу фарсы паддзахадон æфсæддон корреспонденци, йæ æфсæддон баиугæндты интересæн æндæр фарсы паддзахады территорийыл чи сты, уырдæм хæццæ кæндзæн.

Ахсджиаг ма у, 2014 азы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æфсæддон службæгæнджытæ æмæ бинонты пенсион ифтонгады фæткы фæдыл сразыдзинад. Сразыдзинад  фадат дæтты, цæмæй не ‘фсæддон службæгæнджытæ уæрæсейаг æфсæддон пенситæ исой.

Уымæй дарддæр ма сразыдзинад у, æфсæддон службæгæнджытæн социалон æгъдауæй сæ фарс балæууыны нысанæн серьезон документ. Уымæй сын фадат ис Уæрæсейы æфсæддон медицинон уагдæтты медицинон æххуыс райсынæн.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ Абхазы Хъахъхъæнынады министрады ‘хсæн дæр бафыст æрцыд сразыдзинад. Документы пунктты реализацийы фæрцы нæ бæстæты æфсæддон æдасдзинад фидарæй фидардæр кæндзæн.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйттæ Уæрæсейы Федерацийы æфсадмæ бакæныны фæткы фæдыл сразыдзинад ратификаци æрцыд. Ацы сразыдзинады пункттæ реализаци кæныны фæдыл, министры хæстæ æххæстгæнæг загъта: «Уæрæсейаг фарсы æрдыгæй сразыдзинады ратификацийы фæстæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад æртæ мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ бакуса организацион штатон скондыл. Ууыл хъуамæ сразы уа уæрæсейаг фарс дæр. Дарддæр штатон структурæ сфидар кæндзæн РХИ-йы Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг Бибылты Анатоли. Æрмæстдæр уый фæстæ, æхсæз мæйы æмгъуыдмæ реализаци хъуамæ æрцæуа къорд мадзалы, министрады ног организацион-штатон скондмæ ракæныны нысанæн. Хуссар Ирыстон цæттæ у ацы  сразыдзинад реализаци кæныны фæдыл бакусынмæ».

Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады Уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты цы хуссарирыстойнаг курсанттæ сахуыр кодтой, уыдонæн 4-æм æфсæддон базæмæ рахизгæйæ хъахъхъæд цæуынц сæ цинтæ æмæ сæ службæйы азтæ. Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ цы хатыртæй пайда кæнынц, уыдон парахат цæудзысты уыдоныл дæр – куыстмыздтæ, цæрæнуатæй ифтонгад, социалон фадыджы æндæр фарстытæ. Уымæ гæсгæ, бæрæг фæбæрзонддæр уыдзысты æвзонг æфсæддон службæгæнджыты куыстмыздтæ. Иттæг хорз фадат сын уыдзæн серьезон карьерон рæзтæн дæр.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ РХИ æмæ УФ-йы æфсæддон уагдæтты сæргълæуджытæ кæнынц æнгом æмархайд. Уыцы æмархайд цахæм æмвæзадыл ис, уый фæдыл нын Ибрагим афтæ радзырдта, зæгъгæ, УФ-йы æфсады инæлар Сергей Шойгуимæ нын ис  хæларадон ахастытæ. Цыфæнды фарстмæ дæр ын ис æмбаргæ ахаст æмæ цæттæдзинад равдисы сæ аскъуыддзаг кæнынмæ.

Уый тыххæй бузныг загъта УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ Гарзджын тыхты Генералон штабæн, Хуссар Ирыстоны æдасдзинад æмæ сабырад ифтонг кæнынæн, национ Гарзджын тыхтæ сног кæнын æмæ аразыны æмархайдæн.

«Сыхаг Гуырдзыстон æдзух арæнтæм æввахс НАТО-йы фарсхæцынадæй  уадзы æфсæддон   ахуыртæ. Женевæйаг дискусситы боны фæткы дæр æдзух сæйраг фарст у Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фарст. Уымæй дарддæр Гуырдзыстон хъомысджын кæны йе ‘фсад фæсарæйнаг хæцæнгæрзтæй,. Раст ахæм архæйдтытæ æмæ ахуыртæ уагъд цыд ацы бæстæйы территорийыл 2008 азы августы агрессийы хæдразмæ дæр. Уымæ гæсгæ, æфсæддон уагдоны разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æфсæддон тæссагдзинад реалон у. Цæттæ хъуамæ уæм  цахæмфæнды цауты райрæзтмæ. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæ, Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнхъахъхъæнæг управлени æмæ хисæрмагонд тыхон структурæтимæ иумæ мах цæттæ стæм Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цахæмфæнды агрессийæн дæр аккаг ныхкъуырд радтынмæ.

Ахæм ныфсы ныхæстæ фехъусгæйæ ма цымыдис сывзæрд, бæстæйы Хъахъхъæнынады министрадæн цахæм потенциал ис, уый тыххæй.

«Хæстон цæттæдзинад, тактикон æмæ тактикон-специалон ахуыртæ уадзыны фæдыл, уыцы нымæцы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы дæлхæйттимæ тактикон-æвдисæн ахуыртæ алыхатт дæр уагъд цæуынц бæрзонд æмвæзадыл. Уымæ гæсгæ, зæгъæн ис афтæ, æмæ нæ Гарзджын тыхты потенциал у бæрзонд. Не ‘фсад чысылнымæц у, фæлæ йæ бон у цыфæнды вазыгджын хæстæ дæр æххæст кæнын», – банысан кодта Ибрагим.

Хуссар Ирыстоны националон хъайтар, министрады бындурæвæрджытæй иу – Хуыбылты Валерийы номыл Хъахъхъæнынады министрад рауагъта майдан. Ацы майданæй цал адæймаджы æрцыд хорзæхджын æмæ цахæм принципмæ гæсгæ цæуынц хорзæхджын аккагдæртæ, уый тыххæй нын Гассеты фырт радзырдта, зæгъгæ, дзы майданы уагæвæрдмæ гæсгæ  хорзæхджын кæй цæуынц бæстæйы Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæ, хуымæтæг æмбæстæгтæ æмæ æндæр бæстæйы æмбæстæгтæ. Ацы майданæй хорзæхджын цæуынц, йæ уагæвæрды фыццаг пунктмæ гæсгæ  æхсардзинад, удуæлдайдзинад æмæ хъæбатырдзинад хæстон архæйдтыты чи равдыста, афтæ Фыдыбæстæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон интерестæ бахъахъхъæнын чи организаци кæны, ахæмтæ.

Уагæвæрды дыккаг пунктмæ гæсгæ майдан лæвæрд цæуы «хæстон хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст кæнынæн ахъазгæнæг ныфсджын, арæхстджын æмæ инициативон архайдтыты тыххæй. Уымæй дарддæр ма ацы майдан аккаг цæуы, æфсæддон цæттæдзинады хорз фæстиуджытæ кæмæн ис, хорз службæ чи кæны, Гарзджын тыхты æфсæддон дæлхæйттæ æмæ управленийы органты архайд организаци кæныны хорз фæстиуджытæ кæмæн ис, ахæмтæн. Уымæй дарддæр ма ацы хорзæххæссæг, гæнæн ис, æмæ суа интернационалон, æфсæддон æххуыс чи бакæны æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынхъомдзинад сфидар кæнынмæ йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдон».

Ацы бæрзонд хорзæхæй схорзæхджын кæнынмæ æркæсы министрады сæрмагонд къамис. Уый серьезон æмæ бæрнонæй скъуыддзаг кæ-ны фарст. Фыццаг майдан лæвæрд æрцыд Хуыбылты Валерийы бинонтæн. Хорзæхджын дзы æрцыдысты æфсæддон службæгæнджытæ, Гарзджын тыхты ветерантæ, æндæр бæстæты минæвæрттæ.

Хъахъхъæнынады министрады хаххыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвыст цæуынц нæ рауагъдонтæ. Мах бацымыдис кодтам уыдон нымæц цас у æмæ куыстæй ифтонг куыд цæуынц ахуыр каст фæуыны фæстæ.

Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, ацы процесс уагъд цæуы цалдæр азы. Ивгъуыд аз æфсæддон Уæлдæр ахуыргæнæдæттæм Хуссар Ирыстонæй æрвыст æрцыд 75 адæй-маджы, уыдон нымæцы, уæлæмхас профессионалон ахуырад райсыны нысанæн æрвыст чи æрцыд, уыдон дæр.

«Уæрæсейы Уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонты иу хай свæййынц РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ, иу хай та дзы уæрæсейаг æфсадмæ цæуынц службæ кæнынмæ. Къорд рауагъдоны министрадтæ æмæ уагдæтты домындзинадмæ гæсгæ куыстæй ифтонг цæуынц, зæгъæм, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады», – дзырдта Ибрагим.

Уæдæ Хуссар Ирыстоны æдасхъомдзинад баст у министрадыл. Уый дарддæр ноджыдæр хъомысджын кæндзæн æфсæддон техникæ æмæ æндæр фæрæзтæй. Хуссар Ирыстоны зæххыл та æфсæддон службæгæнæджы руаджы уыдзæн фидыдад æмæ сабырад, бæстæйы дæр æмæ алкæй фæрныг хæдзары дæр.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.